Просмотры 605

Сараз мин хъуыддаг кæмæндæр хорзæй,
Арвæй-зæхмæ нæй дæуæй хуыздæр.
Зæгъгæ иу хъуыддаг фæкъахыр фондзæй,
Уæд уыдзынæ æвзæртæй куыдздæр.

Нырыккон царды цивилизацийы размæцыд фадат дæтты æхсæнадон фарстытæ алыварсонæй ахуыр кæнынæн. Фæлæ йын æрдзы æнæмбæрст сусæгдзинæдтæ нырма цæлхдуртæ æвæрынц дунейы бирæнымæц æхгæд фарстытæ раргом кæнынæн. Уыцы фарстытæй адæймагады уæвынадæй фæстæмæ ахуыргæндтæм стыр цымыдис æвзæрын кæны адæймаджы миддунейы сконд. Ахуырады фæлгъауæн куыстытæ зонадон æгъдауæй цы къуындæг зонæнтæ раиртæстой, уыдонæн сæ уæлæнгæйттæй иу у уый, æмæ адæймаджы хъуыдытæ æнгом баст куы вæййынц йæ архайдимæ. Уымæн æмæ æмбæлон æхсæнады æмбæстагæн цæрджытæ аргъ кæнынц йæ фæдыл уадзгæ архайдæн.

Уæдæ мæн арæхстгай æрныхас кæнын фæнды Джыгкайты Шамилы поэтикон курдиат æмæ æмбæстагон ахастыты æмиуадыл. Шамилы сфæлдыстад уæрæх æмæ хъæздыг у литературæйы жанырты æмæ йыл уæрæх афæлгæсын дзæвгар фыдæбон домы. Шамил поэзийы уадындзæй ныззарыд æрыгон азты æмæ суанг йæ амæлæты бонмæ йæ архайд æмæ йæ хъуыдытæ æмдзу кодтой адæмы хæрзæбонæн. Цæстуарзон æхсæнадон архайæг, ахуырад æмæ зонады фæдисон, бæлвырдæй æмбæрста æнæ хъомылад цы фæнды зонындзинæдтæ дæр фыдбылызы хос кæй сты. уымæ гæсгæ цы цардуагон фæндагыл рацыд, уым хъомыладон куыстмæ æнæбавнæлгæ никуы фæци. Ахуырадон уагдæтты, зонады къахвæндæгтыл æмæ æхсæнадон царды уаджы Шамилæн бæрæгæй зыны йæ удварны æрттиваг армæвæрд. Шамил дæр æндæртау царды иумиаг нывæзт фæндагыл рацыд. Сабидуджы æнæмæт зæрдæйы уаг æй цырын кодта цард алыварсонæй ахуыр кæнынмæ.

Хæххон зынвадат царды уавæртæ йын йæ уды æвзæрын кодтой хидвæллой куыстмæ уарзондзинад. Шамил йæ зæрдæйыл дардта, куыст цардæн-фæрæз кæй у æмæ уыцы æвидигæ фæрæзтæй йæхи ифтонг кодта цардбæллон лаппу. Царды æхсидæнты йæхи фæлтæрдта йе уоны кæсæгау развæлгъау æмæ æрзылд æппæт куыстытыл дæр. Уæдæ уæлыгæс, хъомгæс æмæ рæгъаугæс, хосгæрдæн, хъæддзау æмæ зæххы куыстæй Шамил кæд буары фæлладдзинад æййæфта, уæд уый хыгъд цард æндидзынгæнæн архайдæй та удæхцондзинад æнкъардта. Йæ зæрдæйы рæбын арф нывæрдта лаггад кæныны миниуæг æмæ-иу тыхст кæнæ цыбыркъух адæймаджы ныфсы таг бауагъта йæ иу рæвдауæн ныхасæй дæр. Æрыгон азты дæр хъæубæстæн, сыхæгтæн цумайы лæппу, лæмбынæг æмбæрста адæймагон миниуджыты суадонæн сæ ратæдзæн сывæллоны азтæ кæй сты. Шамилы фæндыд æцæг зæрдæхæлар, рæстаг æмæ æгъдауджын адæймаг суæвын æмæ йæ къухты бафтыд æнтыстджынæй. Шамил рауад стыр ахуыргонд æмæ нацийы аккаг минæвар, сæйраг æмбæстагон хæсыл нымадта адæмæн лæггад кæнын æмæ йæ царды уыцы принципæй никуы рахызт.

Шамил æрдзæй рахаста поэтикон курдиат æмæ йæ æдзухæй дæр баста æхсæнад æмæ цардуагон фарстытимæ, уымæ гæсгæ æнгом баст уыдысты йæ поэзийы арф уидаг æмæ æмбæстагон зондахаст. Ахæм курдиаты хицæу йæ фезмæлд, йæ архайд, йæ уæздандзинад æмæ йæ фæлмæн зæрдæйы уагæй Иры дзыллæйы йæхимæ æркæсын кодта. Шамил ссис ирон литературæйы активон фæдисон, зонадон фарстытæ иртасæг æмæ ирон литературæйы истори бæлвырдгæнæг, таурæгътæ æмæ Нарты кадджытæ анализгæнæг, фольклор фæлгъауæг æмæ аив тæлмацгæнæг. Æнæ фыдæбон царды нысанмæ нæ фæхæццæ уыдзынæ æмæ фыдæбон та хъуамæ уа сомбоны сæраппонд. Шамилæн йе ‘ппæт фыдæбæттæ иууылдæр æнцой кæнынц Ирыстоны хуыздæйраг фидæныл, фæсивæд æмæ царды размæцыдыл. Хуры фырты æнгæс фарны лæг царды фæндагмæ ныфсджын къахдзæфтæй бахызт æмæ-иу кæд йæ разы къуылымпыгæнæн цæлхдуртæ фæзынд, уæддæр-иу Шамил сæ сæрты ахызт удлæмарæн фыдæбæттимæ. Шамил алкæй рыст дæр æнкъардтæ хи рыстау, фæлæ йын Ирыстоны риссаг фарстытæ æнцой нæ лæвæрдтой. Советон Цæдисы хъомысджын фæткæвæрд раууатмæ кæй æрцыд, уыцы хабар Шамилы зæрдæйыл æнцой кодта уæззау дурау.

Кавказы адæмты арвистон заманы фыдæвзаджы ардыдæй Ирыстоны зæххыл Цæгатæй-Хуссармæ, Хуссарæй-Цæгатмæ æхсæнадон дæлдзиныггæнæн цалх атылд. Æфхæрд æййæфтой ирон адæм, æмткæй цард схъомпал æмæ Шамилы бахъуыд фыдæхдзинады ныхмæ æргом тох расидын. Йæ хъуыдытыл хæлуарæджы тынау стыхст æвæстиатæй амæлттæ райсыны къуыбылой. Ахуырад æмæ зонады бæрзæндæй тох расидт рæстдзинады сæраппонд æмæ райдыдта йæ царды иууыл уæззаудæр заман. Шамил йæ адæймагдзинады миниуджытæй бындур цы цардæн скодта, уый бæстонæй æрбынат кодта йæ миддунейы æрфæны. Йæ сæйраг домæнтæ уыдысты адæмæн аргъ кæнын æмæ лæгуарзондзинад парахат кæнын. Хъæрæй æмæ æргомæй дзурын райдыдта адæмы сæрыл, фыдæлтыккон уæздан æгъдæуттæ хъахъхъæнын, мадæлон æвзаг æмæ национ традицитæ парахат кæнын, гоймагон æмæ æмбæстагон хæстæй дзыллæйы хотыхджын кæнын. Шамил лæмбынæг æмбæрста æнæ хъомылад ацы фарстытæ æвæстиуæг кæй уыдзысты æмæ йæ тых, йæ хъару лæвæрдта ахуырады къæпхæнтыл лæуд фæлтæры хом миддуне, хъомылад æмæ фæлтæрддзинадæй рахсидынæн. Вазыгджын фарстытæн æнæ ахуырады фадыг аскъуыддзаггæнæн нæй æмæ уый бындурыл Шамил цæттæ кодта, ахуырдзауты, студенттæ æмæ аспирантты. Цыфæнды фыдбылыз дæр адæм амзонд æмæ æмвæндæй, æмдых æмæ æмхъуыдыйæ æнцондæрæй аиуварс кæнынц, фæлæ Шамил уыдта, хицæуттæй дæр æмæ интеллигенцийы минæвæрттæй дæр бирæтæ сæ худтæ иннæрдæм кæй фæфæлдæхтой.

Худдарджытæ иууылдæр лæгау-лæгтыл нымад куы уыдаиккой, уæд Шамилæн дæр æнцондæр уыдаид æгъатыр фыдæхы ныхмæ тох кæнын. Фæлæ лæгау-лæг худ намыс æмæ лæджы ном хæссынæн дары æмæ йæ гæлхæрд лæг та дары йæ ницæйаг сæр хъарм кæнынæн. Рæстылдзурæг лæг цыфæнды политикон-æхсæнадон системæйы дæр раппæлинаг цардæй никуы рацæры æмæ Шамил дæр кæд цалдæр дуджы системæ æрыййæфта, уæддæр дзы æнæфхæрд никуы баззад.

Æфхæрд та æййæфта иумиаг-адæмон æмæ æхсæнадон-цардуагон фæрстытæ рæгъмæ хæссыны фæстиуæгæн. Уыдоныл куынæ дзырдтаид, уæд йæхицæн удæнцойæ цардаид æндæртау, фæлæ разагътайы лæг йхицæн бар нæ радта иумиг рыстмæ куырмæджы бадæгау кæсын. Уымæ гæсгæ Шамилы æппæт зындзинæдтæ, рыстытæ, фыдæвзарæнтæ æмæ æвирхъау мæлæт дæр баййæфта адæмы рыстытыл дзургæйæ. Уыцы уæззау рæстæг, фæлывд æмæ гадзрахат дугты Ирыстоны зæхх тугхъулон адардта. Шамил фæдисы хъæр кодта сæхи æнувыд æмæ адæмы сæрхъызойтæ чи хуыдта, уыдонмæ, фæлæ йæ нæ фехъуыстой, нæ сæм бахъардта адæмы рыст зæрдæйы уаг æмæ адæмы цæсты сыг. Шамил лæгæй-лæгмæ баззад тохы быдыры фыдæхдзинады фарсхæцонтимæ.

Иу хæстхъом æфсады ныхмæ басæтты йæ хъару,
Карды хъæдыл фидар хæцын саг-лæгæн йæ бар у.
Тохвæлладæй Иры хæстон хъахъхъæны йæ зæнæг,
Иу хæстонæн тохы быдыр-ингæнмæ йæ кæнæг.
 
Фарсмæлæууæг ничи вæййы растдзурæны тохы,
Хицæутты дæлбын бырджытæй баззайай кæд рохы.
Уæд æскув Бæрзонд Хуыцаумæ, рарвитæд дæм зæдты,
Фенæд, ам Шамилы тох-  фыдæхæн бар нæ дæтты.
 
Шамил тох кæнын райдыдта мыхуыры фæрстыл, сæйраг хæцæнгарз æмæ хотыхæн та равзæрста фыссæн сис. Уыцы сисы бырынкъæй дæрæн кодта æддагон знæгтæ æмæ мидæггагон уæйгæнджыты рæнхъытæ. Поэзийы авналæнтæй куынæг кодта сырдон зондахастыл хæст адæм æмæ хицæутты дæлбын бырджыты. Адæмы дудгæ катай, фыдæбон, удхар æмæ хъизæмар Шамилæн йæ зæрдæ рæхуыста карды комæй. Курдиатджын поэты фæдисы дзæнгæрæг зæлланг кодта Ирыстоны къуымты æнæрынцойæ. Шамил уæлахизыл кады зарджытæ нывæзта, фыдбылызыл та-уынгæг зæрдæйы  уагæй хъарджытæ.
Шамилы Ирыстоны зæххыл стырæй-чысылæй, ахуырдзауæй-зæхкусæгæй иууылдæр зыдтой æмæ уарзтæй, лæгæй-лæгмæ зонгæ кæмæн нæ уыд, уый дæр ын табугæнгæ йæ лæгуарзондзинадæн егъау аргъ кодта. Зонад æмæ ахуырады хъуыддаджы тæ йæ ном уыдис уæзгæ æмæ нымад. Профессоры зонадон къæпхæн дæр æнæфыдæбон никæмæн дæттынц æмæ Шамилы сфæлдыстадæн Уæрæсейы зонады тыгъдады дæр аккаг аргъ кæй уыдис, уымæн æвдисæн сты йæ бирæнымæц хорзæхтæ. Шамилæн йæ алы уацмысы дæр, йæ алы раныхасы дæр сæйраг бынат ахста ныййарæг адæмы мадæлон æвзагыл фылдæр дзурджытæ хъомыл кæнын.

Бæлвырдæй уыдта æмæ зыдта иу хабар фидарæй, дæхионы дæхицæй куынæ хонай, уæд дын искæмæ нымады дæр никуы уыдзæн. Хатыд æндæр æвзæгты æндæвдады уавæр æмæ удуæлдайæ архайдта мадæлон æвзаг райрæзыны гуырахстджын программæтыл. Хуыцауы сконд куырыхон æмбæрста мæнгарддзинады улæн æгæр кæй раивылд. Уыдта иумиаг царды куыройы дон алчи йæхи нукмæ кæй аздæхта æмæ зæрдæйæ хатыд иумиаг куыройы æрривад царды æдзæллаг уавæры нысан кæй у, уый. Саразынæй фехалын æнцондæр кæй у, уыцы хъуыды дæр æй дызæрдыг кæнын кодта æмæ æппæт тыхтæй архайдта цы сырæзт, уый халын ма бауадзыныл. Мæсыг иу дур хъуагæй дæр къахыр у æмæ цæсты гагуыйау хъахъхъæдта национ сфæлдыстады фидарамад мæсыг.

Иунæг хуыры мур дæр дзы ма хъуамæ фæцух уыдаид уыцы фыдæлтыккон фарн æмæ æгъдауы мæсыгæй, фæлæ мæсыг хи дурæй кæй сæтты, уыцы хабар абон махæн дæр дызæрдыггаг нæу. Æддагон фыдгæнджытæ кæдæм нæ баххæссыдысты, уым нын нæхи уæтты къухæй æппæтдæр гæныстон фестын кодтой. Царды уæззау уавæр фыддæр кодта æмæ йæ цæстыты раз лæзæрдис хъомысджын барадон уагæвæрд. Паддзахадон исад, æхсæнадон фæллой æмæ мулк æнæауæрдонæй паплой кодтой æнæфсис адæймæгтæ, нæ фыдæлты зæххытæ æмæ историон цыртдзæвæнтæ уæйгонд æмæ дæрæнгонд цыдысты. Гæлхæрдуд, дæлæсин æмæ æнæхъола фыдгæнджытæн фадат фæцис Ирыстоны удварны хъæздыгад æд уидæгтæ скъахынæн.

Ахæм æлгъаг уавæрмæ кæсынæй Шамилæн уæддæр йæ ныфс нæ саст, йæ архайд ноджы тыхджынæй-тыхджындæр кодта. Къæвдайы фæстæ хурæн æнæракæсгæ куыд нæ вæййы, афтæ фыдбон æмæ фыдрæстæг дæр бирæ нæ хæссынц æмæ ацы хъуыды Шамилы ноджы тынгдæр разæнгард кодта. Шамилæн абонæй фидæнмæ йæ сфæлдыстадон куыстытæ Иры дзыллæйæн табуйаг уыдзысты, уæзгæ бынат бацахстой ирон зонад æмæ литературæйы хæзнадоны. Уæрдонваг сфæлдыстадон æргъæмттæ бахаста уацмысты къæбицмæ, фæлæ йæм уæддæр афтæ каст, цыма адæмы хæрзæбонæн мур дæр ницы сарæзта æмæ йæхи дардта æдзухон лæггадгæнæджы бынаты.

Шамилы мæлæт фæцудын кодта æгас Ирыстоны, ирон интеллигенцийы минæвæрттæ фесæфтой зонады æрттиваг стъалы, сыгъдæгуд лæгдзуары. Фыдохы хабар фехъусгæйæ Иры дзыллæйы зæрдæ фæрыст æмæ æрхæндæджы малы аныгъуылд. Шамил йæ рагуалдзæгæй абонмæ цы Ирыстоныл, цы поэтикон æвзагæй зарыд, цы уарзон адæмы цинæй радис, уыдонæн фемæхст сæ цæссыг зæрдæхалæн хъарæгимæ. Мæнгарддзинадæн бантыст йæ кæнон бакæнын, æлгъаг лæджы къухæй Шамилы туг Ирыстоны зæххыл азæй кодта. Фыццаг йæ уæлхъус чи баллæууыд, уыдон ныхæстæм гæсгæ дам, Шамилæй цы туг фæлæдæрст, уымæн зæххыл йæ формæ уыдис Ирыстоны картæйы халдихы æнгæс. Ахæм цауæн дæр йæ фæзынд хуымæтæджы нæ уыдаид, æнæмæнгæй йын исты нысаниуæг уыдзæн нырма махæн æнæмбæрст чи у уыцы бæлвырдгæнинаг æмбарынады. Шамил æдзухæй дæр тыхст лæджы уæлхъус лæууыд æмæ чизоны йæхæдæг куы фæтыхст, уæд æнхъæлмæ каст æххуысмæ, фæлæ знæгтимæ баззад иунæгæй…ам дæр та йыл амонд рахæтыд. Хъысмæты тугмондаг дзæмбытæ нын Шамилы не ‘хсæнæй арæдывдтой. Рæстдзинад йæхи равдыста æбар æмæ æдыхæй, арвы цæфæй хъæнтæ фæхауæд Шамилы марæг. Лæгмары баййафæд ирон адæмы фыдæлгъыст.
 
Зыд арты æсфыцæд дæ буары  уæнгтæ,
Сыгъдарыдæй баруай, цæнкуылæй.
Фæрчытæ фæхауæд дæ удхæссæг цæнгтæ,
Шамилы фæрыстæй, мæгуырæй.
 
Цъæх калмы фæхæстæй ныддымсай, ныддæнгæл,
Къуымых кардæй баййаф кæрдæнтæ.
Ныррæси мæрдты дæр, фæхæссæд дæ уæнгæл,
Мæрдтæм дæр дæ фæндаг-сæрдæнтæ…
 
Рæдыд æруагътам, нæ бахъахъхъæдтам аив дзырды дæсны, зæрингуырд æмæ уаз хъуыдытæ фæлдисæг- Джыгкайты Шамилы. Шамил буарæй не ‘хсæн нал ис, фæлæ Иры кæстæртæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ ахуыр кæндзысты Шамилы сфæлдыстад æмæ йын цæудзысты йæ амынд фæндæгтыл. Ирон адæм цалынмæ Ирыстоны уæлдæф улæфой, цалынмæ сæ уды лæгуарзондзинады миниуджытæ змæлой, уæдмæ сын Шамил уыдзæн цæвиттойнаг, разагътайы лæг æмæ национ сæрхъызой. Цалынмæ Иры зæххыл хъуысой Шамилы поэтикон зарджытæ, цалынмæ Шамилы поэзийы зæлтæй Ирыстоны цæугæдæттæ сæ зарæг амоной денджызмæ, уæдмæ Шамилæн рохгæнæн нæй. Ирон адæм цæудзысты Шамилы амынд къахвæндагыл æмæ йæ мæрдты бæстæм дæр уарздзысты æгæрон уарзтæй.
 
Номдзыд лæгæн баззадтæ нæ Ирæн,
Дæу нæ уадзы тас сырды æртхъирæн.
Сонт уарзтæй дæ адæм уарзынц Иры,
Урс бæхыл дæ зарæг немæ сиры.
 
Суыдзæнис дæ кады ном æнусон,
Фæлтæртæ дын уадз дæ зарæг хъусой.
Ды æрвон зæдты къордмæ фæтахтæ,
Зон, кæмфæнды уай, уæддæр ды мах дæ!
 


Плиты Сергей,
ХИПУ-ы ирон литературæйы хисдæр ахуыргæнæг

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *