Просмотры 876
Дзугаты Георгийæн
Дзæвгар фæллой фæкодтай Ирæн,
Уыдтай нæ кæстæртæн сæ фидæн.
Гæрзифтонгæй лæгау хæцыдтæ,
Ам, Ирæй рохуаты нæ уыдтæ.
Тæхуды дæм кæнынц нæ фæлтæр,
Ыслæууы дын ныллæг нæ кæстæр.
Гæрæнтæ арæзтай фыдæхæн,
Ехх, Георги, нал дын ис ыздæхæн.
О, мах дæ фыст зарджытæ зарæм,
Рæдау поэтты ‘хсæн дæ дарæм.
Гуырвидыцæй лæууыс нæ зæрдыл,
Ирон кæстæр цæудзæн дæ фæдыл.
15.05.2020 аз. Цхинвал