Просмотры 897
Дзугаев З. Х. Гоби. Цхинвал, 2005.

ГОБИ

Стыр кадæг Дзугаты намысджын мыггагыл

V æнусы райдианæй, Абелæй райдайгæйæ

абонмæ авд фæлтæры  диссаджы цардыл.

 Лæвар æй кæнын нæ Иры дзыллæйæн.

БАЦÆУÆН

Цымыдисæй адæм рагæй фæстæмæ фæфæрсынц,

Кæд фæзындысты Кавказы урс боцъоджын хæхтæ,

Йæ рæсугъд къуылдымтæ, йæ дæргъвæтин кæмттæ,

Йæ ихджын цъититæ, йæ цъæх-цъæхид хъæдтæ,

Йæ рæсугъд суадæттæ, йæ арф кæмтты дæттæ…

Стыр ахуыртæ зæгъынц, зæгъгæ,

Зæххы къори куыд фæзындис, уæд.

Ууыл та  цæуы дæс миллиард азæй фылдæр;

Зæгъынц, зæгъгæ, зынг хурæн йе ‘мбæлццæттæ –

Уран, Сатурн, Юпитер, Марс, Венерæ

Æмæ нæхи зæххы къори –

Фæзындысты нæ Галактикайы

Мигътæй, фæныкæй, дуртæй, æфсæйнæгтæй,

Ызды, æрхуы, сыджыт æмæ æндæр буæрттæй.

Миллуан азы хурæн йæ алыварс

Стыр тагъдæй фæдисы згъорд кæнынц

Ныр дæр æз фæраздæронæй.

…Зæххы къори нырма дæр уыд зынджы хуызæн.

Уымæ гæсгæ йæ буарыл лæсæнтæ

Кодтой стыр хæхтæ Кавказ, Памир,

Эверест æмæ æндæр бирæ рæсугъд хæхтæ

Кавказæн йæ астæу дæргъæй-дæргъмæ,

Бæрзонд ссыд, сины стæгау,

Йæ цæгат фарс – Цæгат Кавказ

Æмæ йæ хуссарварс – Хуссар Кавказ;

Гъе уыцы ран, йæ Хуссар фарс,

Йæ рæбыны фæзындысты рæсугъд кæмтттæ,

Дзомагъгом, Рукъгом, Згъуыбиргом æмæ Урс Туалтæ.

Дзомагъгомæн йæ бацæуæн уынгæг ком у,

Фæлæ дзы ис фæлмæн рæгътæ,

Рæсугъд фæзтæ, цъæх къуылдымтæ.

Уым сау хохæй рæсугъд къуылдым

Дæргъæй-дæргъмæ æппæт комы ныйивæзтис.

Уым йæ астæу Олимпау уæд

Рæсугъд фæзы фыдæй-фыртмæ

Фæзындис хъæу, йæ ном та хуынд

Дзугаты хъæу (Уæллаг хъæу).

Æнусты дæргы уым адджынæй

Æрвыстой сæ цард Дзугатæ.

Сæ алыварс дæлдæр – кæмттæ, цæгаты ‘рдыгæй,

Уым иу фæзы, хох рæбыны ис Дзомагъы хъæу,

Цардысты дзы Джыгкайтæ, фыды номæй хуындысты

Цопантæ, Андитæ, Какайтæ, Дауыттæ æмæ Гиготæ.

Дæлдæр та уым Хъугомы бын

Æрцардысты Хуыбетæ,

Фалдæр-та, Фæхсрæбыны,

Æрцардысты Магъ.

Цардысты дзы Уалытæ, Касатæ æмæ Джыгкайтæ.

Дзугаты та фалейæ сæ хуссарварс.

Иунæг хæдзар фахсрæбын,

Хуыдтой та йæ Къæбертæ,

Сæ дæлбыны Дзугатæн бынат скодтой Плитæ,

Фыды номæй та хуындысты Бедзетæ, Цаитæ,

Хадзатæ, Гæуитæ æмæ Быдутæ.

Уым фалдæр та иу къуырфы

Скодтой сæхицæн бынат

Саджджын къуырф,

Мыггагæй та уыдысты Плитæй,

Фыды номæй та Бебетæ, Гарсотæ æмæ Баттатæ.

Зæгъынц, зæгъгæ дзы цуанон

Уым амардта стыр саг,

Æмæ йæ уымæ гæсгæ схуыдтой Сагджын Къуырф.

АБЕЛ

Чи ‘рывæрдта фыццаг нæ къуылдымыл бындурæн дур?

Сæдæаздзыд зæрæдты цымыдисæй фæфæрсынц,

Нымадмæ гæсгæ ныртæккæ авд фæлтæры куы систæм,

Фондз æнусæй фылдæр цæуы нæ мыггаджы райдианыл.

Нæ мыггаджы зæрæдтæ лæмбынæгæй радзырдтой:

Нæ къуылдымыл нæ хъæуæн фыццагдæр,

Хæдзары бындур, рæхыс æмæ къона

Æрæвæрдта бæрзонд лæг, йæ ном та хуындис Абел.

Зæгъынц, зæгъгæ Абел йæ сонт бонтæ

Арвыста Цæгат Иры Урс Доны

Йæ фыд хуындис Дзуга, йæ мад та уыдис Ногъеан.

Сæ мæсгуытæ Урс Доны фæцыдысты уæларвмæ,

Йæ лæппутæ Дзугайæн Абел, Болат æмæ Тæтæрхъан, –

Фыры хъултау богалтæ,

Сæ кад хъуыст уыдис дардмæ –

Куывды хъазты, йе та фæдисы

Æмбал нæ уыдис сæ тыхæн, –

Фат, топп æмæ кардæй рæвдз уыдысты кæддæрид,

Куыстæй та иу сæ ныхмæ нæ лæууыд уым лæджы фырт.

Дзуга буц уыд йæ фырттæй, –

Фæллой скодтой æгæрон:

Сæ рæгъæуттæ сæдæгай цъæх кæрдæгыл хызтысты,

Мингай фыстæ хæхтæн сæ алыварс зылдысты,

Бæрæгбон-иу сæ кусарт галæй къаддæр нæ уыдис.

Йæ цард уыдис Дзугайæн адджын æмæ намысджын,

Дзырдтой-иу, зæгъгæ, Дзугайæ арв нæрын дæр нæ уæндыд,

Стыр ныхасы Дзугайæн йæ дзырд уыдис сæйрагдæр.

Сæумæурайсом рæсугъд сæрдыгон бон

Зæрин хурæн йæ тынтæ узæлыдысты Урс Доныл,

Уæд райхъуыстис Сырх мæсыгæй Дзугайæн

Йæ тарст цъæгъахст æвиппайд:

«Фæдис! Фæдис! Нæ богалтæ, кæм ыстут!

Æрбабырстой нын нæ зæххмæ цæцæн, мæхъæл,

Æмæ нын, зыд бирæгътау, нæ фос, нæ мулк

Сæ бæхты разæй фæтæрынц!..»

Æвиппайды фат, топп æмæ кардимæ

Абел, Болат æмæ Тæтæрхъан

Сæ цъæх бæхтыл, цæргæсау,

Уым даргъ комы, топпы нæмыгау, фæтæхынц.

Абел, Болат æмæ Тæтæрхъан сæ цъæх бæхты

Уым стыр тулдз бæласы бын æрбастой,

Сæхæдæг уым æртæ фисыны комы нарæджы æрцахстой,

Кæсынц æмæ дыууадæсæй, æртæ рæгъæй

Цæцæн, мæхъæл сæ хъал бæхтыл

Рæгъау фосы фæтæрынц.

Æртæйы дзы Абел, Болат æмæ Тæтæрхъан

Топпы милмæ цæсты ныкъуылдмæ куы систой,

Æртæ гæрахы айзæлыдис,

Бæрзонд хæхтæ ныррызтысты,

Æртæйæ дзы тыхгæнджытæ

Сæ сау бæхтæй фæтахтысты.

Сæ риутæ сын ызды нæмыг

Лæмбынæгæй ныххуынкъ кодта.

Цæстыныкъуылдмæ Абел, Болат æмæ Тæтæрхъан

Топпы милмæ ‘систой

Сау бирæгътæй æртæйы,

Сæ бæхтæй та, хоры куыристау, зæбулгæнгæ æрхаудтой.

Æхсæз фыдгæнæг арф комы

Ныр уым ингæнтæ ссардтой.

Иннæ ‘хсæз фыдгæнæджы, тарст бирæгътау,

Сæ бæхтыл фæзылдысты фæстæмæ.

Минутмæ та æфсымæртæ æд гæрзтæ

Фæзындысты, бæрзонд хохау, сæ разы,

Æртæ æфсымæры сæ Абел Болат æмæ Тæтæрхъан

Ыскодтой сæ, æрра куыйтау, сæ астæу.

Тох бацыдис лæгæй-лæгмæ йæ тыхы,

Цæхæр калынц æхсаргæрдтæн сæ кæмттæ,

Фæтахтысты уым арф коммæ

Цæцæйнæгтæн, мæхъæлæттæн сæ сæртæ.

Иннæтæн та, хус къалиуау, æрхаудтой уым сæ цæнгтæ…

Абел, Болат æмæ Тæтæрхъан сæ хъуыддаг бакодтой цытимæ,

Фæстæмæ раскъæрдтой сæ рæгъау,

Фыдгæнджытæн дыууадæсæй сæ сæртæ

Стыхтой уым цъæх нымæты бæстонæй,

Æмæ сæ схастой сæрыстырæй сæ фыдмæ

Æмæ йын сæ йæ разы туг калгæйæ æркалдтой.

«Мæ сæр нывонд фæуæд сымахæн æнусмæ,

Уæ хъару равдыстат, мæ хуртæ.

Ныр та сæ батухут фæстæмæ нымæты,

Цъаммар æрра бирæгътæн сæ сæртæ,

Æмæ сæ ахæссут рæвдзæй Уыналмæ,

Æмæ сæ нысхойут арф доны уылæнты –

Стыр Донбеттырæн нывондæн».

Абел, Болат æмæ Тæтæрхъан абадтысты сæ бæхтыл,

Æмæ сæ Уыналы арф доны уылæнты

Ныффæлдыстой Донбеттырæн æнусмæ,

Фæстæмæ уарийау сæ бæхтыл

Цæстныкъуылдмæ æрбамидæг сты сæ кæрты.

Урсзачъе Дзуга ныр рахызти сæ размæ:

«Уæ рынтæ бахæрæд мæ урс сæр,

Уæ сæргътæ уал сисут æмæ фæцæут

Æппæт хъæутæм хохæй быдырмæ,

Æрхонут дзыллæты нæ куывдмæ!»

Рæсугъд хæххон райсом хæхтыл

Хур йæ зæрин тынтæ нывæзта,

Дзугайы стыр кæртæн й‘ астæу –

Уым куывдæн сырх нард галы æрбаргæвстой.

Æхсарджын кæстæр фæсивæд

Уым даргъ фынгтæ дæргъæй-дæргъмæ æвæрдтой,

Зæрин хур уæдмæ арвыл суадис бæрзонд,

Æмæ йæ рухс тынтæ хæларæй

Дзугайы кæртмæ æрвыста.

Цæттæ сты нæртон фынгтæ æппæтæй дæр:

Бур физонæг цъыс-цъысгæнгæ,

Сау бæгæны стыр гарзы сыр-сыргæнгæ,

Дзадджын уæливых царвы хуызæн бур фыхæй,

Карз арахъхъ та бур дурыны – куывды фидыц.

Цæуынц, цæуынц æппæт хъæутæй

Ныр Дзугатæм стыр къордтæй,

Æрбадтысты нæртон фынгтыл куыд хистæрæй,

Æллæууыдысты сагсур фæсивæд уырдыглæууæг.

Стыр куывды фынгы сæрмæ уым хистæрæй

Сæдæ аздзыд лæг Бора бады.

Стыр галуан дæргъæй-дæргъмæ ныссабыр ис,

Æппæт адæм цымыдисæй уым хистæрмæ

Фынджы сæрмæ сæ цæстытæ ныццавтой.

Зæдгъуыз Бора уым цадæггай йæ боцъотæ æрсæрфта,

Йæ бандонæй уый сабыргай бæрзонд хохау ыслæууыд,

Йæ иу къухы ыстыр куысси,

Иннæ къухы та рæсугъд сыкъа æмæ базыг.

Бæзджын хъæлæсæй райдыдта кувын:

«О, хорз адæм, фæрнæй цæут кæддæрид

Нæртон куывдтæм, чындзæхсæвтæм æмæ хъазтмæ,

Кадджын мыггаг Дзугатæ абон Хуыцаумæ кувынц

Сæ сахъ фырттæ Абел, Болат æмæ Тæтæрхъан

Тыхгæнджытæн, зыд бирæгътæн, дыууадæсæй

Уыналы доны уылæнты

Фыдгæнджытæн сæ сау сæртæ

Ныффæлдыстой Донбеттырæн.

О, сахъгуырдтæ, уæ кады ном ныр айхъуысæд æгас хæхтыл,

Айсут гъеныр буц нуазæнтæ дзыллæйы номæй!»

Абел, Болат æмæ Тæтæрхъан лæууыдысты, стыр хохтау, сæрбæрзондæй,

Галы базыг, куысси æмæ сыкъа авæрдтой сæ къухмæ,

Абел бæрзонд сдардта нуазæн

Æмæ уым адæмыл йæ цæстытæ ахаста кæронмæ,

Ыстæй йæ мæлгъæвзагæй загъта:

«О, хорз адæм, уæ ныфс бирæ уæд æнусмæ!

Кæстæр фидар æмæ хистæр зæнджынæй фæцæрут!

Мах фидарæй сæххæст кодтам уæ фæдзæхст, –

Тыхгæнæгæн, фыдгæнæгæн ныллыг кодтам йæ сау сæр.

Кæд-ма исчи нæ рухс зæххмæ тыхмимæ

Æрбахæсса йæ ныфс æмæ йæ хъару,

Уæд ссардзæнис худинагæй нæ рæсугъд зæххыл йæ мæлæт!»

Куывд бацыдис йæ тæмæны, йæ бæрцы,

Зард, хъазт æмæ кафтæн дыууæ боны нæ уыдис уым кæрон дæр.

Зæронд Дзуга сыстадис фынгыл,

Æмæ сын ракодта арфæ, бафæдзæхста сæ фæндагыл.

Æппæт адæм, зæрдæрухсæй, цытимæ

Фæцыдысты ныр къордгæйттæй сæхимæ.

Дзуга йæ кадджын сахъ фырттимæ иумæ

Æрвыста адджынæй йæ бонтæ.

Фæлæ зæххон цард æнусмæ

Кæм цæры лæг йæ бинонты фæндиаг…

Æррынчын ныр зæронд, Дзуга æрхаудта,

Фæдзырдта йæ сахъ фырттæм фæстаг хатт:

«Абел, Болат, Тæтæрхъан, мæ зæрдæйы дæгъæлтæ,

Зын цæрæн у нæ рухс хæхты мыггагмæ,

Æмæ мæнæн мæ фæстаг дзырд сымахмæ:

Мæ хистæр фырт, Абел, мæ хур! –

Фæлидз ды Хуссармæ,

Болат æмæ Тæтæрхъан,

Сымах та-иу Цæгат Иры быдырмæ алидзут.

Уадз, нæ мыггаг ныппырх уа

Хуссар, Цæгат Кавказыл, алантау!» –

Зæронд Дзуга æрæхгæдта йæ цæстытæ æнусмæ.

Йæ фырттæ йæ ыстыр кадимæ бавæрдтой

Бæрзонд къуылдымыл Урс Доны,

Цыртæн та йын йæ ингæныл ныссагътой

Бæрзонд къæйдур цытимæ.

Фыццаг сæр

Æрллæууыд та уалдзæг Урс Доны,

Цъæх адардтой йæ къуылдымтæ, йæ хъæдтæ.

Абел дæр уым райсомæй

Хохы бынæй йæ цъæх бæхы нылласта,

Æмæ йæ сыгъдæг сæууон доны, сывæллонау, ныннадта.

Æвзист саргъ, уидон йæ уацайраг бæхыл сæвæрдта,

Цухъхъа, хъама, уæйлаг нымæт æмæ хъримаг

Йæ богал, фæтæн уæхсджытыл скодта.

Йæ мад ын рахаста рифтæгты фæндаггаг:

«Фæу фæндараст, мæ хъæбул,

Ссар-иу уым Хуссары æнусмæ дæ рæсугъд цард,

Кæрон сын ма уæд дæ кæстæртæн, алантау».

Абел ныр йæ мадыл атыхстис фæстаг хатт,

Æмæ рæвдзæй йæ бæхыл абадтис, цæргæсау,

Тæхы Къасарайæн йæ арф кæмтты, сæгуытау,

Æмæ изæрмилтæм ысхæццæ ис сæгъвæндагæн йæ сæрмæ,

Æрбаста уым цъæх кæрдæгыл йæ бæхы,

Йæхиуыл бафтыдта дзуæрттæ,

Æмæ ныккаст хуссарварс рæсугъд коммæ æдзынæг,

Кæм хуыздæр уа æнусы бонмæ ‘рцæрын, уыд йæ катай

Йæ цæсты раз, цъæх гауызау, рæсугъд фæзтæ, къуылдымтæ.

Уыны æмæ уым сау хохæй рæсугъд къуылдым ныддаргъ ис,

Абелæн уæд фырцинæй йæ мыдгъуыз цæсгом ныррухс ис,

Йæхинымæр загъта, зæгъгæ, ссардтон ныр цæрынæн

Æз æнусы бонмæ рæсугъд бынат.

Йæ бæхыл абадт, йæ нымæт баппæрста йæ уæлæ,

Æмæ бæхвæндагыл уырдыгмæ,

Нæмыгау, ратахтис йæ бæхыл.

Схæццæ рæсугъд къуылдымæн йæ сæрмæ,

Æмæ цъæхгауыз фæзы ‘рхызтис йæ бæхæй.

Æрталынг, æмæ йæ бæхы

Къудзийыл бабаста бæстонæй,

Йæхицæн залгъæдæй цырын арт скодта,

Стæй уæд систа рифтæгтæй

Йæ мады конд кæрдзынтæ,

Æмæ дзаджджын æртæ уæливыхæй Хуыцаумæ скуывта:

«О, Стыр Хуыцау, мæ бынат ам уыдзæнис æнусмæ,

Рауадз мын бирæ хорз кæстæртæ,

Цæмæй уа мæ мыггаг къабазджын!»

Адджынæн бахордта йæ мады конд кæрдзынтæ,

Йæхиуыл бафтыдта дзуæрттæ,

Йæ саргъ йæ сæры бын бакодта базæн,

Йæ нымæт, хъарм хъæццулау, æркодта йæхиуыл,

Æмæ афтæмæй фыццаг æхсæв йæхицæн

Йæ ног артдзæсты адджын фынæй бацис.

Хæххон æхсæв боны ‘рдæм фæкъул ис,

Бæрзонд хæхтæн сæ цъуппытыл хуры тынтæ фæзындис,

Абел дæр уæнгрогæй йæ хуыссæнæй фестадис,

Рæсугъд суадоны йæ цæсгом ахсадта,

Æмæ слæууыдис къуылдымыл,

Дзæбидырау, сæрыстырæй,

Цымыдисæй йæ алыварс уый арф кæмттæм фæлгæсыд,

Йæ алыварс хохрæбынты

Рæсугъд хæхтæ, цъæх гауызау, зындысты,

Йæ зæрдæ, хуры тынау, ныррухс ис,

Никуы ис цæрынæн амæй хуыздæр бынат.

Фæзылд цæхгæр æмæ йæ хъама фелвæста кæрддзæмæй,

Æмæ йын йæ бырынкъæй рæсугъд фæзы

Хæдзарбынат æрзылдта.

Уый фæстæ йæ хъамаимæ хъæды къохмæ фæраст ис,

Æмæ цæгъдын райдыдта йæ хъамайæ

Бæрзы уистæ ‘мæ михтæ.

Æмбис бонмæ сæ сарæзта стыр къона,

Стæй уæд бæрзы къалиутæй скодта уæрдæхтæ

Æмæ сæ йæ уацайраг цъæх бæхыл

Рæсугъд фæзмæ изæрмæ фæласта

Изæры фæлладæй уазал суадонæн йæ фарсмæ.

Адджынæн бахордта æхсæвæр,

Стæй бацыдис бæрæггонд хæдзары бынатмæ,

Йæхиуыл бафтыдта дзуæрттæ,

Æрхуыссыд нымæтыл фæлладæй,

Æмæ та бафынæй мæйрухс æхсæв адджынæн.

Æхсæв та боны ‘рдæм фæзылдис,

Хæхтыл та хурзæрин фæзындис,

Абел дæр уæд йæ хуыссæнæй фестадис

Æмæ сыгъдæг суадоны йæ цæстытæ ахсадта,

Стæй йæ хæдзары бынаты алфæмбылай

Михтæ рæвдзæй садзын райдыдта,

Стæй сыл рæхсæг бæрзуисæй кау бийын райдыдта.

Йæ хæдзары алварс рæсугъд кау изæрмæ быд фæцис.

Йæ астæу ын ныууагъта уым уæрæх дур

Стæй тыххæй-фыдæй батылдта йæ хæдзары астæумæ

Тымбыл стыр дойнаг дур æмæ йыл æрбадтис,

Сдардта арвмæ йæ домбай къухтæ æмæ загъта:

«Стыр Хуыцау, ныр ам уыдзæнис æнусы бонтæм

Мæ хæдзарæн йæ рæхыс æмæ къона!»

*      *

     *

Цыдысты бонтæ, азты фæстæ азтæ,

Абел дæр бонæй-бонмæ царды бæндæн нывæзта,

Фæлæ æдых у иунæг лæг кæмдæрид:

Йæхицæн загъта, скæнон ныр бинонтæ,

Сæумæрайсом йæ цъæх бæхыл ысбадтис

Æмæ, цæргæсау, Джыгкайты хъæумæ ныттахтис.

Уым йæ хæлар Цопанимæ

Фæсхохы Захъхъагоммæ фæраст ис,

Кæддæр уый уым Абайты хъæуы

Рæсугъд чызгимæ кæсгон кафт æркодта.

Абел æмæ Цопан ныр Абайты хъæумæ

Уаритау Захъхъагоммæ фæтæхынц,

Æмбисбонмæ Абайты хъæуы Созырыхъойы кæрты æрлæууынц.

Сæ размæ уым уæладзыгæй Созырыхъо

Йæ лæдзæгимæ ‘рхызтис:

«Æгас цæут, нæртон лæгтæ,

Уæлæмæ нæм ысхизут.

Сымах та сын, нæ кæстæртæ,

Сæ хъал бæхтæм æркæсут».

Цопан цъусгай уæладзыгмæ фæраст ис,

Абел та кæрты уæйлаг нымæттæ бæхтæй исы.

Уæд уыцы рæстæджы кæрты дуарæй

Гæны бæласау рæсугъд сылгоймаг

Фæлмæн къахдзæфтæй донхæссæн æрбахаста,

Абел ын æфсæрмдзæстæй радта салам

Æмæ загъта: «Бахатыр кæн, нæртон сылгоймаг,

Фæлæ кæд гæнæн ис, уæд мын хæххон суадоны донæй авæр».

Залихан ын хъæдын куыссийæ къæзгæйæ авæрдта суадоны дон,

Абел æй уæззаугай банызта кæронмæ,

Æмæ загъта: «Залихан, бузныг,

Дæ къухæй дон дæр кæны мыды ад».

Кæстæртæ рæвдзæй бакодтой сæ хæстæ,

Нæртон фынг ныр уазджытæн цæттæ у,

Сæр, бæрзæй æмæ базыг –

Хисдæртæн сæ разы.

Созырыхъо фынгы сæр уæлейæ

Йæ къæлæтджыныл бады,

Йæ дæлыйæ та рахисæрдыгæй бады буц уазæг Цопан.

Дæлдæр та фынгы цур бадынц

Сыхæгтæ, уæйгуытау.

Нæртон фынгы кæронæй

Абел дæр бацахста йæ бынат.

Созырыхъо сыстадис уæззаугай,

Йæ къухы физонæг, базыг æмæ цъæх арахъхъ,

Æмæ загъта:

«Фыццаг куывд махæн у Хуыцаумæ,

Хæлар ын уæд нæ хойраг,

Æмæ иу кæддæрид æххуыс кæнæд нæ уазджытæн фæндагыл!»

Кувæггаг, базыг æмæ сыкъа

Кæстæртæм ралæвæрдтой дæлæмæ,

Цалдæр ма рауагътой рæгъытæ,

Стæй Цопан сыстадис æмæ ракуывта.

Абел дæр сыстадис фынгæн йæ кæрон, къæдзæхау,

Цопанæн ис сыкъа йæ къухы

Æмæ бæзджын хъæлæсæй дзуры:

«Ирон адæмы мыггæгты ‘хсæн Абайтæ

Рагæй дæр кадджын мыггаг уыдысты.

Æмæ абон Дзугаты мыггаджы бафæндыд

Абайтимæ  хæстæгдзинад саразын.

Дзугаты мыггаг Абелæй буц ысты,

Йа хъару та равдыста цæцæн æмæ мæхъæлы тыхгæнджыты ныхмæ.

Куысты, гъе, кафты æмæ хъазты

Никæмæй фæлæудзæн фæстæдæр,

Фæнды йæ æнустæм бабæтта йæ амонд

Уæ рæсугъд намысджын чызг Залиханимæ.

Уæдæ, Созырыхъо, æнусмæ

Дзæбæхæй фæцæрæнт ацы дыууæ дидинæджы».

Цопан уæд акастис фæйнæрдæм,

Æмæ йæ сыкъа анызта кæронмæ.

Созырыхъо сыстадис йæ къæлæтджынæй æмæ загъта:

«О, Цопан, зонæм æй, Дзугатæ кадджын æмæ уæздан мыггаг кæй сты.

Аипп не ‘вæрæм  нæ кæстæр Абелыл,

Райсом бафæрсæм нæ чызг Залиханы».

Райсомæй та дзаджджын фынг ысног и,

Созырыхъо сыстадис æмæ загъта:

«Цопан, Дзугаты минæвар,

Фарн дæм бадзурæд, фæлæ бафарстам нæ чызджы.

Разы у Залихан, бабæтта Абелимæ йæ амонд!

Стыр Хуыцау æмæ сын Уастырджи

Срухс кæнæнт сæ амонд!

Амондджын уæд æнусмæ

Абайты æмæ Дзугаты хæстæгдзинад!»

Цопан систа йæ дзыппæй зæлдаджы тыхтæй

Æртæ сыгъзæрин сомы,

Æмæ сæ сыкъаимæ балæвæрдта Созырыхъомæ,

Æмæ загъта:

«Дзугаты фæнды афтæ,

Чындзæхсæв скæнæм Дауджыты къуырийы».

Цопан æмæ ма Абел фæйнæ сыкъайы банызтой,

Созырыхъо сын акуывта фæндараст æмæ загъта:

«Уастырджи уæд уе ‘мбал фæндагыл, бынаты».

Цопан æмæ Абел сæ бæхтыл сбадтысты

Æмæ зæрдæрухсæй, цæргæстау,

Захъхъагомы тахтысты.

Изæрмилтæм Дзомагъмæ æрхæццæ сты Джыгкайтæм.

Цопантæм та ногæй тымбыл фынгы фарсмæ æрбадтысты.

Цопан систа нæртон сыкъа йæ къухмæ æмæ Абелмæ бадзырдта:

«О, ме ‘нусон хæлар Абел! Уæд амондджын уæ хъуыддаг,

Залиханы æрцыдмæ сымахæн рæсугъд хæдзар саразæм,

Цæмæй-иу уый сæумæрайсомæй

Чъырыны сæрæй рæсугъд коммæ ракæса!

Сабат боны æппæт хъæутæй

Фæсивæды зиу кæнынмæ рахонæм».

«Стыр бузныг, ме ‘фсымæр,

Дæ лæггæдтæ ыстыр ысты,

Ныр уал цæуон нæ къуылдыммæ,

Мæ кауæй быд хæдзармæ».

Абел абадт йæ бæхыл æмæ Дзугаты хъæумæ фæраст ис.

Сабат боны æппæт хъæутæй Дзугаты хъæумæ

Зиуы куывдмæ гуыппыр фæсивæд

Æз лæгдæрæй цыдысты.

Сабат боны куыст бацыдис йæ тæмæны,

Хъæдырмæг æмæ дойнаг дуртæ

Тыхджын галтæ æнæзивæгæй ласынц,

Дыууæ бонмæ стыр галуан æмæ бæрзонд чъырын

Уæиг фæсивæд зæрин кухæй сарæзтой.

Стыр галуанæн хуыцаубоны изæрмилты

Дæргъæй-дæргъмæ йæ астæуы хъæдын фынгыл

Зиугæнджытæ æрбадтысты,

Цопан уыдис уым фынгы сæрæн хистæрæй.

Уый сыстадис фынгæн йæ сæрæй,

Йæ къухы уыд нæртон базыг æмæ сыкъа

Æмæ загъта: «О, кæстæртæ!

Уæ тых æмæ уæ хъару уæд бирæ!

Уæ кæнон бакодтат кæронмæ,

Ныр та мæнæ айсут æрхуыйæ аразтгонд рæхысы

Æмæ йæ сауындзут Абелæн йæ амондджын къонайы».

Кæстæртæ буцæй райстой уым базыг, сыкъа æмæ рæхыс,

Æмæ йæ, заргæйæ, хæдзарæн йæ къонайыл æрцауыгътой.

Зиугæнджытæ бадынц æмæ зарынц æз хуыздæрæй.

Æхсæв дæр боны ‘рдæм райдыдта къул кæнын,

Мæй дæр æхсæвы зиугæнджытæн, цырагъау, фæсыгъдис,

Абел уæд къæдзæхау сыстадис

Кæстæртæн сæ дæлийæ æмæ загъта:

«О, кæстæртæ, уæ ныфс æмæ уæ хъару

Æнустæм уæд фидар!

Уæ рæсугъд къухтæй арæзт галуан æмæ чъырыны

Сымахæн алы хатт дæр ныртон фынг æвæрд уыдзæнис мыдимæ».

Бон æхсæвæй райста ныр йæ бартæ

Æмæ зиугæнæг фæсивæд заргæ æмæ буцæй

Къордгæйттæй фæцыдысты сæ хъæутæм.

Абел тулдзæй ног дзывыр скодта,

Æмæ сæумæрайсомæй сивтыгъта йæ бæхы,

Æмæ дзы хъугомы сæр афæлдæхта хуымтæ.

Цалдæр хуымы дзы арæхстгай

Байтыдта хъæбæрхор,

Иннæ хуымты та байтыдта картофтæ.

Хохы куыстытæн куы нæ вæййы кæрон дæр,

Æрлæууыд ныр суг цæттæгæнæн рæстæг дæр.

Абел та райста ныр цыргъ фæрæт йæ къухмæ

Æмæ сæумæрайсом фæраст ис бæрзонд хъæдæн йæ къохмæ,

Æмæ дзы изæрмæ ракодта сугтæ.

Æрцыдис ныр мæнæ Дауджыты бæрæгбон,

Сæумæрайсом Абелы хæдзары дыууадæсæй

Чындзхæсджытæ карз арахъхъæй ракуывтой Хуыцаумæ,

Абелы æрдхорд уыдис хистæр уазæг,

Къухыл хæцæгæй та æвзæрст æрцыдис

Базыг лæппу Мысырби.

Чындзхæсджытæ сбадтысты сæ хъал бæхтыл, –

Се ‘уæхсджытыл уæйлаг нымæттæ, –

Æмæ фæраст сты Захъхъагоммæ.

Абайты хъæуы Созырыхъо цæттæ у,

Хъæуы фæсивæд лæппудæрæй нæртон фынгтæ æвæрдтой.

Лæгæй-лæгмæ лæггад кæнынц,

Сау бæгæны стыр гæрзты ныффæрсыгътой,

Æмбисбонтæм дыууадæсæй чындзхæсджытæ сæ хъал бæхтыл,

Кафгæ-заргæйæ, фæзындысты.

Кæстæр фæсивæд сын лæппудæрæй

Сæ бæхты ‘взист сæргътæ бафснайдтой.

Залиханы фыд Созырыхъо

Сæ размæ уынгмæ рахызтис,

Сæ къухтæ сын райста æмæ загъта:

«Æгас нæм цæут, чындзхæсджытæ, кадджын адæм,

Рахизут ныр нæртон фынгмæ, цæттæ стæм.

Захъхъагомы хъæуы адæм нæм стырæй-чæсылæй æрæмбырд сты».

Чындзæхсæв йæ тæмæны бацыдис,

Зард æмæ кафты хъæр æгас хъæутыл айхъуыстис.

Хистæртæ сæ нуазæн – сау бæгæны æмæ галы базыг –

Кæстæртæм сæрбуцæй ралæвæрдтой.

Гуыппыр лæппутæ лæгæй-лæгмæ

Галы базыг асæттыныл фæархайдтой,

Къухылхæцæг базыхъ Мысырби

Уæд сыстадис æмæ радзырдта кæстæртæм:

«Æриут-ма, уæ хорзæхæй, базыджы ардæм,

Уæхи тухийæ ма марут».

Мысырби йыл йæ уæрагмæ мæцъисы хæст æрбакодта

Æмæ йæ, хус къæцæлау, дыууæ дихæй кæстæртæм раппæрста.

Нымдзæгъд кодтой бадты адæм,

Æмæ Мысырбийæн кады нуазæн авæрдтой.

Сыстадис фынджы сæрæй хистæр уазæг Цопан æмæ загъта:

«Æгъгъæд фæуæд дыууæ æхсæвы æмæ дыууæ боны

Сымах махæн цы лæггад бакодтат,

Бар радтут, уæ хорзæхæй,

Къухыл хæцæг Мысырбийæн, –

Ракæна нæ чындз Залиханы, уæ рæсугъды».

Созырыхъо уæззаугай сыстадис фынджы сæрæй

Æмæ загъта: «Фæндараст ут,

Уастырджи уæ уым бакæнæт йæ базыры бын,

Залихан та, – нæ бæлон, – Дзугаты мыггагмæ хæрзамондæн

Зæрин къахæй бахизæд».

Дыууадæс бæхы кæрты астæу

Хуыррытт кæнынц, кæсынц æнхъæлмæ сæ барджытæм.

Мысырби, Залиханы къухыл хæцгæйæ,

Заргæ, сындæггай рахызтис уынгмæ.

Хистæр уазæг Цопан æмæ чындзхæсджытæ

Чындзы разæй, заргæ-кафгæ, фæраст сты.

Комы нарæджы чындзхæсджытæ сæ хъал бæхтыл сбадтысты,

Къухылхæцæг Мысырби æмæ Залихан та

Дыууæ бæхыл фæрсæй-фæрсмæ сбадтысты,

Æмæ Захъхъагомы заргæ-заргæ фæраст сты.

Цæттæ у ныр Дзугаты хъæу чындзæхсæвмæ,

Уым фæсивæд нæртон фынгтæ æрæвæрдтой,

Хъусынц – æмæ чæндзхæсджытæн сæ зарæджы хъæр æрбайхъуысти:

«Ой, фæхæссæм æй, фæхæссæм, – рæсугъд чындзы Дзугатæм!»

Æмæ къухылхæцæг Мысырби арæхстгай

Залиханы Абелæн йæ къонайы рæхысыл æртæ зылды æркодта.

Æппæт хъæутæй лæгæй-усæй,

Цингæнгæйæ, чындзæхсæвмæ æрцыдысты.

Æрбадтысты нæртон фынгыл дæргъæй-дæргъмæ,

Абелы ‘рдхорд Цопан та уыд

Хистæр лæгæн кадджынæй.

Цопан сыстад, бæрзонд хохау, фынгы сæрæй

(Йæ къухы уыд карз арахъхъ, бур бæгæны

Дзæбидыр сыкъайы) æмæ загъта:

«О, хорз адæм, уæ лæггæдтæ уæд бирæ,

Æрцыдыстут Абелмæ,

Амондджын къах æрбавæрæд Залихан Дзугатæм,

Абелимæ æнусы бонтæм баиу кодтой сæ амонд,

Æмæ сын Стыр Хуыцау æмæ Уастырджи,

Сæ цардвæндаг ныррухс кæнæд æнусмæ!»

Дыууæ бон æмæ дыууæ ‘хсæвы

Æппæт адæм чындзæхсæвы фæбадтысты.

Сæ зард, сæ хъазт, сæ кафтæн ма кæм уыди кæрон,

Стæй уæд æппæт адæм зæрдæрухсæй

Къордгæйттæй фæцыдысты сæ хæдзæрттæм

*       *

     *

Цыдысты бонтæ æмæ азтæ фæд-фæдыл,

Абел æмæ Залихан дæр, дыууæ галау, æмдзæдисæй,

Сæхицæн ныр зын уавæрты фæллой кæнынц,

Уый зонынц, æмæ нæй кад мæгуыр лæгæн кæмдæрид.

Уалдзæг хъæуы хуым кæнын æмæ суг цæттæ кæнын,

Стæй та уæд хæххон зæххыл

Сæйрагдæр æмæ уæззаудæр куыст – хосгæрдæнтæ,

Уый фæстæ та фæззæджы куыст – хуымгæнæнтæ,

Найгæнæнтæ æмæ хосласæнтæ.

Æнæхъæн афæдз Абел æмæ Залихан

Уæхскуæзæй сæ куыстытæ фæкодтой

Æмæ цалдæр азмæ бæркадджын фæллой скодтой.

Абелæн дæр иунæгæй куыд нæ уыдис зын,

Нæ уыдис йæ галтæн сæ разæй сæрбосыл хæцæг,

Къоста-иу куыд фыста: «Цæй мæгуыр дæ, иунæг, дæ мад амæла»…

Абел æмæ Залихан фæллойæ нæ уыдысты цух,

Фæлæ уыд сæ бæллиц, сæ куывд уыд Хуыцаумæ,

Цæмæй сын лæппу райгуыра, уый алфæн,

Æмæ уæд фехъуыстис Хуыцаумæ сæ бæллиц, сæ куывд,

Залиханæн райгуырдис фыры хъулы хуызæн хъæбул,

Йæ цæсгом уыд хуры хуызæн,

Цъæх цæстытæ æмæ уæйыг къабæзтæ.

Абел æмæ Залихан фырцинæй

Цæттæ кæнынц лæппуйы куывд.

Арвыстой æппæт хъæутæм хонджытæ.

Æрæвæрдтой нæртон фынгтæ дæргъæй-дæргъмæ,

Карз арахъхъ – дурынты æмæ бур бæгæны, сæр-сæргæнгæ,

Уæлибыхтæ ныр цæттæ сты Хуыцаумæ кувынæн.

Æрцыдысты æппæт хъæутæй

Лæгæй-лæгдæр, усæй-усдæр, хъал фæсивæд, заргæйæ,

Рабадтысты нæртон фынгыл куыд хистæрæй,

Абелы æрдхорд Цопан та уыд цытджын фынгæн йæ хисдæр.

Цопан сыстад сабыргай, бæрзонд хохау,

Йæ къухы уыд рæсугъд сыкъа, галы базыг æмæ загъта:

«О, хорз адæм,

Абел æмæ Залиханæн се стыр куывд фехъуыст Хуыцаумæ,

Æмæ йын барст уæд Дзугаты нæртон хойраг æнусмæ,

Ныр-ма та рахæссут Залиханы

Хурзæрин лæппуйы къонамæ,

Æмæ йыл бафтауæм дзуæрттæ,

Сæвæрæм ыл нæртон ном!

Залихан, арæхстгай, йæ фæлмæн хъæбысы

Сабыргай рахаста хурæнгæс лæппуйы къонамæ,

Цопан уæд, хъавгæ, æвзистæй арæзт дзуар

Сывæллонæн сабыргай йæ ирд хъуырыл æрцауыгъта

Æмæ загъта:

«Нæртон Батрадзы халдих разынд,

Стыр Хуыцау æмæ зæдтæ дæ фарсмæ уæнт æнусмæ,

Дæ фыд æмæ дæ мадæн

Ды дæ сæ ныфс, сæ цин æмæ сæ хъару,

Дæ ном та ныр уыдзæнис Гоби!

Æнусмæ уæд нæртон ном».

Адæм сыстадысты иууылдæр,

Æмæ хъæрæй загътой:

«Гобийы цæрæнбон бирæ, Гоби нын æнус фæцæрæд!»

ГОБИЙЫ СЫВÆЛЛОНЫ БОНТÆ.

Цыдысты азтæ æмæ бонтæ фæд-фæдыл

Рæсугъд хæххон Дзугайы хъæуы.

Цытджын Абелы хæдзары Гоби

Æхсæвæй-бонæй тыхджынæй-тыхджындæр кодта.

Йæ авдæн Гобийæн ссис уынгæг,

Æмæ-иу ныр стыр цъæх нымæтыл хуыссыдис.

Абел æмæ Залихан сæ фыртæй

Тынг сæрыстыр уыдысты.

Гоби сын цумахъом ссис,

Йæ мад ын бахуыдта рæсугъд сæгъдзармæй хызын,

Æмæ Гоби рæвдзæй райдыдта уæлыгæсæй цæуын,

Йæ хызыны-иу ын райсомæй нывæрдтой

Сихорæн фæлмæн дзултæ æмæ бур цыхт,

Сæумæрайсом-иу фестад, сæгуытау,

Æмæ-иу йæ разæй раскъæрдта

Уæрыкк æмæ сæныччы дзугтæ уым фæхсмæ.

Гоби-иу сихор хæрыныл куы ‘рбадтис,

Уæд-иу йæ дыууæ фарс мыдгъуыз

Уæрыкк æмæ сæныкк æрбалæууыдысты,

Гоби уарзта уыдон иннæтæй фылдæр,

Æмæ-иу сын йæ сихорæй рахицæн кодта сæ хай.

Изæр-иу æрыскъæрдта йæ дзугты æфсæстæй фæстæмæ

Æмæ-иу æхсæвæр цæттæ уыдис:

Дзыкка æмæ уæливых.

Абел æмæ Залихан стыр буц уыдысты сæ фыртæй,

Йæ мад ын бахуыдта тинтычъийæ

Рæсугъд цухъхъа æмæ басылыхъ.

Йæ фыд та йын скодта галдзармæй фæлмæн æрчъитæ.

Гоби йы ‘взонджы азтæ æрвыста рæсугъдæй,

Сывæллонæй бавзæрста

Хæххон куыстæн йæ ад æмæ йæ цин.

ГОБИЙЫ ÆВЗОНДЖЫ ÆМÆ ХЪОМЫЛЫ БОНТÆ

Мæнæ Гобийыл сæххæст æхсæрдæс азы,

Къоста куыд загъта, афтæ – лæджы бындзæфхад,

Йæ бакаст уыд, хæххон хуры тынау, рæсугъд,

Нæртон лæгау бæрзонд, фæтæн, мыдгъуыз цæсгом,

Цъæх цæстытæ, йæ цæнгтæ æмæ

Йæ уæрджытæ, мæцъисау, хъæддых,

Йæ зард, ныхас æмæ йæ хъæлæс, æхсæрдзæнау, зæлыдысты,

Бæхыл бадын, фат æмæ æрдынæй æхсынæй йын

Æгас комы æмбал нæ уыдис,

Ныхасы-иу дурисæн æмæ дурæхсынæй

Йæ ныхмæ лæг нæ лæууыд.

Куывды, галы базыг, хус къæцæлау, уый йеддæмæ ничи саста,

Чындзæхсæвы-иу йæ рæсугъд кафтыл

Æппæт адæм æрæвæрдтой сæ цæстытæ.

Абелæн уыд йæ хæдзары рахиз цæджындз, –

Зымæг, уалдзæг , сæрд æмæ фæззæг куысты,

Домбай тыхæй, хæххон уæззау куыстæй йæхи нæ сайдта.

Се стыр дзугты фысæй-стурæй

Уым хъугæмтты æмæ фæтæнты

Сойджын хæххон лыстæг кæрдæгыл нард кодта.

Уæд иу хатт та сæумæрайсом

Гоби кæсы сæ чъырынæй Сомихгоммæ,

Уым фæтæнты сæ угæрдæнты

Фос сойджын кæрдæгыл хизынц

Æмæ йæ сæ сæфтæджытæй ыссæндынц.

Гобийæн фырмæстæй йæ маст йæ хъуырмæ ссыдис,

Æмæ йæ цъæх бæхыл, цæргæсау, Сомихгомы амидæг ис.

Йæ разæй ракодта фосæй стыр дзуг,

Кæсы – æмæ йæ разы дæс фийауæй

Æд лæдзджытæ æрлæууыдысты хæцынмæ.

Гоби æргæпп кодта йæ бæхæй

Æмæ сын загъта дзæбæхæй:

«Уæхи айсут, лæппутæ, фæсвæндаг

Фесæфтат нын нæ уыгæрдæнтæ, бакодтат нын фыдзиан».

Фыйæуттæ кæм байхъуыстой Гобимæ,

Æмæ йæ алыварс алæууыдысты, зыд бирæгътау.

«Уæдæ уæхи аххос у, къæбæда лæппутæ!» –

Æмæ сæ Гоби уым æрхы фахсы дæлæмæ,

Иугæйттæй хоры куыристау, æппары.

Дæс фыйауы, уым, æрхы, æрбатар сты.

Гоби ма сæм бæзджын хъæлæсæй æрхмæ ныдздзырдта:

«Цæут, ныр уæхимæ додойгæнгæ, кæугæ, æмæ зæгъут:

«Нæ дзуг нын байста Дзугаты Гоби, æмæ сæ ратдзæнис йеуæд,

Æмæ кæд сæ ног чындзытæ Джыгкайтæм ссæуой

Сæргуыбырæй, сау кæлмæрзæнтимæ, сæ фосмæ, курæг».

Гоби сæрыстырæй стыр фосы дзуг æртардта,

Æмæ сыл сæ райдзаст кæрты дуæрттæ ныхгæдта.

Дыккаг бон, сæумæрайсом, сомихæгтæн

Сæ чындзытæ, сау халæттау, сæргуыбырæй,

Кæрæдзи фæстæ къæзгæ-къæзгæ Дзугаты хъæумæ ссыдысты.

Гоби сæ размæ сæрыстырæй ахызтис æмæ сын загъта:

«Хатыр уын курын, сылгоймæгтæ, уæ разы,

Сæхи аххос уыд уæ лæппутæн – мæ ныхмæ тох самадтой.

Кæд нын стыр зиан бакодтой уæ дзугтæ,

Уæддæр, сылгоймæгтæ, æфсæрмæй, аскъæрут уæ фос».

Йæхæдæг бакодта ыстыр кæртæн йæ дуар

Æмæ æххормаг фос кæрты дуарæй ракалдысты.

Кæм уыд Гобийæн йæ тых æмæ йæ хъаруйæн кæрон, –

Æгас Дзомагъгомы баззадис диссагæн…

Иу ахæмы  лæгæй-лæгмæ Гоби тох кодта арсимæ

Рæсугъд хæххон мæйрухс æхсæв,

Стыр кæрты чъырыны цур,

Лыстæг æфсæст фосы дзуг адджынæн сынæр цагътой,

Мæй арвæн йæ астæумæ куы стылдис,

Уæд стыр арс фосмæ йæхи æрбахъуызыд,

Стыр фосы дзуг ныггуыргуыр кодтой, лæсæнау,

Сæхи уым, знæтæй, чъырыны къултыл хойынц…

Уæд Гоби уыд тарф фынæй, æмæ фехъал ис,

Йæ хъама кæрддзæмæй фелвæста

Æмæ кæртмæ агæпп кодта, сæгуытау,

Кæсы – æмæ стыр арс егъау бур фыркъйы

Тагъд-тагъд адагмæ фæхæссы,

Гоби йæ, стайау, басырдта фæстыйæ

Æмæ фыркъайы ратыдта арсæн йæ дзæмбытæй.

Арс уæд фæстæмæ цæхгæр фæзылдис

Æмæ Гобийæн ацахста йæ астæу,

Æмæ кæрæдзиимæ райдыдтой хъæбысæй

Мæйрухс æхсæвы хæцын.

Мæлæты тох бацыдис йæ тыхы –

Куы Гоби арсы аууæрды йæ быны,

Куы та арс Гобийы, пуртийау, уæлæмæ схойы.

Фæстагмæ Гоби фелвæста йæ хъама æмæ бæзджын хъæлæсæй загъта:

«Уæдæ дæ тæригъæд дæхи, мæнæ арс,

Нывондгонд у æнустæм урс хæхты дзуæрттæн!»

Æмæ Гоби арсæн йæ хуылфыдзаумæттæ,

Хæххон пысырайау, мæйрухсмæ скарста.

Арс ахаудта уæлгоммæ æмæ йæ алыварс

Стыр туджы култæ скодта æмæ 

Уым мæйрухсмæ æрттывтой.

Гоби ныр йæ хæдоны скъуыдтæй

Йæ хид цæсгом æрсæрфта

Æмæ стыр карз тохы фæстæ

Сæ хæдзармæ фæраст ис.

Æрбабон ис,

Æмæ сæумæрайсомæй адæм

Фæдисы цыдæй цымыдисæй  Абелмæ цыдысты

Æмæ Гобийæн, цингæнгæ, арфæтæ кодтой.

Гобийæн йæ кады ном æппæт хъæутыл хъуыст у,

Куывд уа, йе та чындзæхсæв, –

Лæггад кодта кæстæрæн.

Бæрæгбон-иу тæлтæг бæхты дугъы

Фæсивæды фæстыйæ ныууагъта.

Уалдзæджы – хуымгæнæны

Æмæ сæрды та – хосгæрдæны

Йæ домбай куыстæн æмбал нæ уыдис,

Йæ ккой-иу стыр цъери иу къуылдымæй иннæмæ

Бумбулийау аппæрста,

Хуымгæнæнты та-иу йæ дзывыр стыр дуры бын куы фæцис,

Уæд-иу æй Гоби хъазгæйæ феппæрста.

Хосгæрдæны-иу нæртон фæсивæдæн дыууæ дыууадæсæй

Йæ цыргъ цæвæгимæ зад кæрдæджы сæ хæд фæстæ æрлæууыдис

Æмæ-иу сыл бæзджын хъæлæсæй ныхъхъæр кодта:

«Епо, епо, уæйыг лæппутæ,

Уæхи иуварс айсут»,

Æмæ иу сæ, хоры куыристау, фæсфæдмæ иугай акалдта.

Буц уыдысты Гобийæ Абел æмæ Залихан,

Хуры тынау, рухс уыдис йæ хъаруйæ сæ зæрдæ.

Фæлæ Абел æмæ Залиханæн сæ бæллиц уыд,

Цæмæй сæ къæсæрæй фæрнæй æрбахиза рæсугъд чындз.

Гоби уыдис дзуарау рæсугъд лæппу,

Бæрзонд æмæ фæтæн уæхсджытæ, стыр цъæх цæстытæ

Æмæ бæзджын сау къæлæт æрфгуытæ,

Мæцъисау тыхджын цæнгтæ ‘мæ зæнгтæ.

Йæ дарæс та уыдис: хъама, куырæт, басылыхъ æмæ цухъхъа.

Æрцыдис та Стыр Атынæджы бæрæгбон,

Цæуынц æппæт хъæутæй Атынæджы къуыппмæ.

Уым цъæх фæзы фæсивæд

Æз хуыздæрæй кафынц,

Кæсынц адæм цымыдисæй дыууæ удмæ:

Хъазты астæу рæсугъд Гоби куы æрзилы, цæргæсау,

Йæ разæй та, бæлонау, рæсугъд бæрзонд сылгоймаг,

Тасгæ-уасгæ, цыбыр къахдзæфтæй, уæзданæй, кафы, –

Йæ мыггаг у Джыгкайтæй,

Йæ ном та – Ибырхан.

Фæсивæды рæсугъд хъазтæн æмæ кафтæн кæм уыди кæрон,

Фæлæ хур арвæн йæ астæумæ схæццæ ис бæрзонд, –

Ныр афон у æрбадынæн нæртон фынгыл дзуары бын, –

Дæргъæй-дæргъмæ рæсугъд фынгыл.

Уым рабадтысты æппæт хъæутæй куыд хистæрæй.

Фынджы хистæр урс боцъоджын зæды хуызæн Дауыт

Сыстадис уым, уæззаугай,

Йæ иу къухы – базыг, иннæйы та – бæгæныйы къус,

Æмæ райдыдта кувын Стыр Атынæджы бонæн:

«О, рухс Атынæджы дзуæрттæ, бафæдзæхсут нæ

Стырæй-чысылæй!

Æнустæм дын дæ быны кусæрттæ кæндзыстæм,

Гъеныр та фарны бæрæчет фæхæццæ уæд Хыцаумæ!»

«Оммен, оммен, нæ буц хистæр!» – æрбадзырдтой кæстæртæ.

Дауыт галы базыг æмæ бур бæгæныйы куысси

Ралæвæрдта кæстæртæм.

Фынджы кæстæр Гоби рæвдзæй райста базыг æмæ куысси

Æмæ загъта: «Фæрнæй бадут уæлийæ, нæ хистæртæ,

Уæ кæстæртæ кæддæриддæр дарддæр кæндзысты уæ кувдтæ».

Кæсдæртæ та фæстæмæ хистæртæм авæрдтой сыкъатæ

Æмæ радгай архайдтой уæрагæй асæттыныл галы базыг.

Нæ бацис йæ асæттын никæмæн.

Фæстаг хатт æрхаудта Гобимæ.

Се ‘ппæт дæр æм ныккастысты.

Гоби уæд базыг атыхта нымæт худы

Æмæ йæ авæрдта йæ уæрагыл

Æмæ йæ фæсаста, къæцæлау.

«Дæ тых бирæ, уæйыг Гоби!», – ныхъхъæр кодтой фæсивæд,

Гобимæ та хистæртæ ралæвæрдтой хай æмæ дзæбидыр,

Фæкуывтой адæм æппæт зæдтæм, Хуыцаумæ.

Сæрдыгон бон фæкъул ис ныр изæрмæ,

Уæд радзырдтой хистæртæ кæстæртæм:

«Цæй, равдисут уæ хъару дугъы,

Кæсынц уæм уæ хъал бæхтæ æнхъæлмæ».

Дыууадæсæй фæгæпп кодтой сæ бынæттæй

Æмæ фæтæхынц уаритау сæ бæхтæм.

Стыр фæзæн лæууынц адæм йæ кæрон

Цымыдисæй кæсынц, æмæ уæлæ Сау хохрæбын фæрсæй-фæрсмæ –

Барджытæ бадынц сæ бæхтыл.

Куыддæриддæр ныннæрыдис топпы хъæр,

Гъе, афтæ дыууадæс барæджы феггуырстысты сæ бынæттæй,

Тæхынц, тæхынц, раст цæргæстау,

Не ‘взарынц – къуыпп у, дзыхъ у, адаг у.

Тæлтæг бæхтæ сæ цæфхæдтæй зæххæн йæ цъар ыстъигъынц,

Адæм кæсынц цымыдисæй, æмæ уæртæ –

Фæразæй сты Гоби æмæ Цæразонты Иналыхъ,

Тæхынц, фаттау, фæрсæй-фæрсмæ.

Æмæ уæд Гоби ныхъхъæр кодта:

«Хæрзбон, Инал, кæсдзынæн дæм фæзы æнхъæлмæ».

Йæхæдæг уым бæхы тæнтæ æрбалхъывта йæ къæхтæй,

Æмæ, уарийау, фæцис Иналæн йæ разæй.

Адæм уæд ныхъæр кодтой: «Гоби, Гоби фæразæй!

Йæ бæх, фатау, уæлдæфы æртæхы!»

Стыр фæзы адæм фæйнæрдæм фæпырх ысты.

Уысммæ стыр фæзæн йæ астæуты

Гобийы бæх мыр-мыргæнгæ, топпы нæмыгау, æрбатахтис,

Фæзы кæрон Гоби бæхы рохтæ тыхджын къухæй æрбалхъывта,

Егъау сырх бæх йæ фæстæгтыл, бæрзонд хохау, слæууыдис,

Уæд фæсивæд æз раздæрæй уым Гобийы сæ къухтыл

Хæрдмæ, бумбулийау, æппæрстой,

Чызджытæ та Гобийæн зæрин сыкъайæ ныуазæнтæ лæвæрдтой.

Фæцис  Стыр Атынæджы бæрæгбон,

Зæрин хур дæр фæаууон ис фæсхохæй,

Æмæ адæм къордгай, кафгæ-хъазгæ, сæ хæдзæрттæм цыдысты,

Æрмæст ма уым дзуары бын цъæх нæуыл

Гоби æмæ Ибырхан лæууыдысты.

Гоби дзуры, æфсæрмгæнгæ, Ибырханмæ:

«Рæсугъд чызгай, хатыр бакæн,

Æз – де ‘мбæлццон дæ хæдзармæ, Цопантæм».

Ибырхан уæд, къæзгæйæ, загъта, Гобимæ кæсгæйæ:

«О, сахъ лæппу, ныр изæрмил у,

Зын дын уыдзæн фæстæмæ цæуын».

«Цæуæм, цæуæм, рæсугъд бæлон, дæу тыххæй æз

Мæрдты бæстæй дæр раздæхдзынæн».

Фæраст сты дæлæмæ, къæдзæхы бынты, Дзомагъмæ,

Ныххæццæ сты фæскъæдзæхмæ талынджы.

Кæсынц – æмæ хъæуы къохæй бал бирæгътæ фондзæй,

Ниугæ-ниугæ æртыхстысты сæ алыварс, къæлæтау.

Гоби уайтагъд Ибырханы йæ сырх бæхыл авæрдта æмæ йын загъта:

«Тæрсгæ ма кæн, рæсугъд чызгай,

Фидарæй хæц тæлтæг бæхæн йæ идоны рохтыл».

Фыдбирæгътæн сæ цæстытæ æмæ дæндæгтæ

Талынг æхсæвы цæхæр калдтой.

Зыд бирæгътæ Гоби æмæ йæ сырх бæхы алыварс

Зилахар систой, тымыгъау.

Гоби уал дзы иу бирæгъæн цыргъ хъамайæ

Йæ тъæнгтæ фæндаджы хъæбæрмæ ракалдта.

Иннæ бирæгъæн та Гобийы бæх

Фæстаг къахæй йæ сæры магъз акалдта.

Æртыккаг бирæгъы та Гоби йæ фæстаг къахæй ацахста

Æмæ йын йæ нымæт худ йæ сæт дзыхы атъыста.

Иннæ дыууæ бирæгъ та мард бирæгътæн

Сæ туджы култы, хæлæфгæнгæ, нуæзтой.

Гоби уæд йæ сырх бæхæн йæ рус асæрфта æмæ загъта:

«Бузныг, бузныг мæ хайуан,

Лæджы хъару равдыстай!»

Йæхæдæг райста йæ бæхы рохтæ,

Ибырханы не ‘руагъта бæхæй æрхизын,

Æмæ уæлахизæй тохы фæстæ æрцыдысты Джыгкайтæм, Цопантæм.

Цопантæ стыр катайы бахаудтой,

Кæм ис, зæгъгæ, ахæм талынджы нæ чызг Ибырхан…

Уæд уыцы сахат Гоби Цопанты кæртмæ бахызтис

Æмæ  бæзджын хъæлæсæй бадзырдта:

«Уе ‘зæр хорз уæд, Цопантæ! Уæ рæсугъд чызгæн ма тæрсут!»

Цопантæн сæ цинæн нæ уыдис кæрон дæр

Ибырхан цингæнгæ атыхсти фыд, мад æмæ йæ хотыл;

Ныр бахордтой адджынæн уым æхсæвæр.

Гобийы мæйдар æхсæвы н‘ ауагътой цæуын фæстæмæ.

Гоби æмæ ма Ибырхан рæсугъд хатæны фæбадтысты бирæ,

Æмæ Ибырханæн Гоби, æфсæрмгæнгæ, загъта:

«Рæсугъд чызгай, Ибырхан, цæй баиу кæнæм нæ амонд æнусмæ, –

Ды дæ мæнæн сæууон стъалы уæларвыл,

Рæхджы уæм Дзугаты фидауджытæ фæзындзысты хæларæй».

Гобийæн рæсугъд хатæны бакодтой фæлмæн уат,

Æмæ дзы бафынæй райсоммæ адджынæн.

Стæй уæд боны цъæхыл абадтис, цæргæсау, йæ бæхыл

Æмæ, цæстфæныкъуылдмæ, зæрдæрухсæй, балæууыд сæ кæрты.

Къуырийы фæстæ Дзугаты цытджын усгуртæ

Цыппарæй балæууыдысты Джыгкайтæм, Цопанæн йæ кæрты.

Цопан рахызт сæ размæ, æмæ сын кæсдæртæ бафснайдтой сæ бæхтæ.

Стыр райдзаст хатæнæн йæ астæу

Цæттæ у дзаджджын фынг.

Цопанимæ хистæр уазæг Афæхъо æрбадтысты уæлейæ,

Гоби та сын дæлийæ æрлæууыдис кæстæрæй.

Фынджы фарсмæ рæгъ-рæгъæй æрбадтысты Джыгкайтæ,

Фынджы хистæр Цопан сыстадис æмæ загъта:

«О, стыр нæртон мыггаг! Дзугатæ

Абон махмæ рарвыстой усгуртæ.

Абелы ном хъуыстгонд у, хæлар ыстæм рагæй дæр.

Фæнды йæ уый, цæмæй йæ фырт Гоби

Æмæ мæ чызг Ибырхан баиу кæной сæ амонд.

Хистæр уазæг Афæхъо, ис дын гъеныр дзырды бар».

Уæд сыстадис Афæхъо, бæзæрхыг лæг, æмæ загъта:

«Уæ амонд хорз уæд, цытджын мыггаг Джыгкайтæ,

Нæ цард, нæ куыст, нæ бæрæгбон у иумæ,

Абел æмæ Цопан рагæй фæстæмæ дæр сты лымæнтæ,

Æмæ Абелы фæнды, цæмæй Гоби æмæ Ибырхан

Рæсугъдæй баиу кæной сæ амонд».

Афæхъо уæд систа йæ дзыппæй

Зæлдаджы тыхтæй æрттиваг сыгъзæрин дæс сомы

Æмæ сæ, сабыргай, сыкъаимæ, балæвæрдта Цопанмæ.

Цопан сыстадис фынджы уæлейæ æмæ загъта:

«О, Джыгкайтæ, сыстут иууылдæр уæлæмæ

Æмæ райсут дзæбидыры сыкъатæ уæ къухмæ!

Гоби æмæ Ибырханæн æнустæм баиу уæд сæ амонд!»

Уæд адæм фынгыл загътой:

«Баиу уæд сæ амонд, баиу уæд сæ амонд!»

…Бон дæр акъул ис изæрмæ,

Джыгкайты кæстæртæ та рæвдзæй цытджын уазджытæн сæ бæхты

Цопаны стыр кæрты бамидæг кодтой ифтонгæй.

Дзугаты уазджытæн семæ фæндаггаг нывæрдтой рифтæгты

Бæрзæй, базыг æмæ цъæх арахъхъ.

Æмæ ныр уым сæ хъал бæхтыл, цæргæсау,

Рæвдзæй абадтысты æмæ заргæйæ фæраст ысты сæхимæ,

Дзугаты Абелы кæрты æрхызтысты сæ бæхтæй.

Стæй уæд æрлæууыдысты стыр хатæны

Абелæн йæ разы æмæ загътой:

«О, Абел, Джыгкайтæ Дзугатимæ разы сты суой хæстæджытæ,

Ныр та мах хъуамæ нæ фидыц Гобийæн

Скæнæм нæртон чындзæхсæв».

Абæл адаудта йæ боцъо æмæ загъта:

«Уæ рынтæ бахæрæд мæ урс сæр,

Уæ хъуыддаг саразут дзæбæхæй,

Гъеныр та чындзæхсæвæн рæгъауæй равзарут сырх галтæ,

Æмæ стыр цæдджинæгты та бахсидут бæгæны,

Цæмæй æрхонæм мах æгас дзыллæйы нæ цинмæ,

Рæхджы æрлæудзæнис Дауджыты бæрæгбон

Æмæ уæдмæ хъуамæ æппæт дæр уа цæттæгонд,

Цæмæй Джыгкайтимæ кадджынæй бакæнæм нæ хъуыддаг!»

Мæйы фæстæ æрлæууыд Дауджыты бæрæгбон,

Дзугаты усгуртæ дыууадæсæй Абелæн йæ кæрты

Тæлтæг бæхтыл æвзист сæргътæ æвæрдтой

Лæгæвзæрстæй. Хистæрæй уыд Афæхъо,

Къухылхæцæгæй та уыдис Гобийæн йæ хæлар Цæразон,

Фæндырдзæгъдæгæй та уыдис рæсугъд чызг Мæдинæт.

Абел райста рæсугъд дзæбидыры сыкъа йæ къухмæ æмæ загъта:

«Абон у Дауджыты бæрæгбон, æмæ Уастырджи уе ‘мбал уæд фæндагыл,

Махæн та нæ къæсæрæй æрбахизæд Гобийæн йæ амонд».

Чындзхæсджытæ абадтысты сæ бæхтыл

Æмæ, кафгæ-заргæ араст ысты Джыгкайтæм.

Цопаны стыр кæрты Джыгкайты фæсивæд

Сарæзтой нæртон хъазт,

Дзугаты цытджын усгуртæ æрлæууыдысты хъазтæн йæ астæу,

Хазт ноджыдæр сытынг ис.

Мæдинæт йæ фæндыр ивазы уæларвмæ,

Уым хæхтæ ‘мæ кæмттæ ныннæрынц,

Бæзæрхыг бæрзонд лæг Иналыхъ

Æрлæууыд уым кафтæн йæ астæу,

Ныззилы, цæргæсау, йæ разæй рæсугъд чызг Агуындæ, –

Бæлонау, сиргæ кафы.

Фæцис ныр тымбыл кафт кæронмæ,

Фæлæ Иналыхъ хъазтæн йæ астæу

Фелвæста йæ хъама æмæ йæ æрсагъта цъæх нæууыл,

Йæхæдæг йæ хъамайы алыварс ныззилы къахфындзтыл, цъилау,

Стæй та ногæй цъæх нæууыл йæ зонгуытыл кафы,

Ныр хур дæр уым арвыл йæ астæумæ сфардæг,

Стыр уынджы фынгтæ дæргъæй-дæргъмæ цæттæ уыдысты

Æппæтæй дæр – физонæгæй, уæлибыхæй, бæгæныйæ æмæ арахъхъæй,

Рабадтысты чындзæхсæвы æппæт адæм куыд хистæрæй,

Фынджы хистæр зæды хуызæн – урс боцъоджын Джыгкай,

Йæ рахис фарсмæ бады хистæр уазæг Афæхъо,

Йæ галиу фарсмæ та – нæртон фысым Цопан.

Джыгкай сыстадис цадæг йæ къæлæтджынæй,

Йæ къухы дзæбидыры сыкъа æмæ базыг, афтæмæй, æмæ загъта:

«О, хорз адæм, абон Джыгкайты Цопанмæ

Æрцыдысты гас кæмттæй дзыллæ йæ цины хъуыддагмæ,

Фæндараст кæны йæ рæсугъд чызг Ибырханы цæрынмæ

Номдзыд нæртон лæг Дзугаты Абелы хæдзармæ,

Гоби æмæ Ибырхан фæндараст æрбауæнт æмæ ‘нусмæ фæцæрæнт».

Уæд адæм дæр, лæугæйæ, æмхъæлæсæй загътой:

«Гоби æмæ Ибырхан фæндараст æрбауæнт æмæ æнусмæ фæцæрæнт!»

Чындзæхсæв бацыдис йæ тæмæны,

Рæсугъд зардæй кæмттæ ныннæрынц,

Уæдмæ бон дæр фæкъул ис изæрмæ,

Уæд сыстадис хистæр уазæг Афæхъо æмæ загъта:

«О, кадджын Джыгкайтæ, уæ лæггæдтæ бирæ уæнт æнусмæ,

Мах та Уастырджи фæкæнæт фæндараст,

Уæздан Цопаны номджын æмæ кадджын хæдзарæй!»

Къухылхæцæг бæзæрхыг лæг Иналыхъ

Кæстæртимæ сабыргай бахызтис уатмæ,

Æмæ Ибырханæн йæ къухыл ныххæцыдис

Æмæ, заргæ, йемæ фæраст ис.

Хъал бæхтæ уыдысты цæттæ Цопанæн йæ кæрты,

Фæндаггæгтæ – гуыдын, бæрзæй æвæрд ысты бæхтыл,

Æмæ фæраст ысты, заргæ æмæ кафгæ, коммæ.

Чындзæмбæлттæ Тæтæрхъан æмæ Цæразон

Сæрыстырæй лæууыдысты Ибырханæн йæ фарсмæ.

Чындзхæсджытæ схæццæ сты Дзугаты  кæртмæ,

Сæ размæ  Дзугаты хъал фæсивæд рацыдысты кафгæ,

Чындзхæсджытæ  æрхызтысты сæ бæхтæй

Æмæ кæртæн йæ астæу цъæх нæуыл

Йæ тæмæны бацыдис фæсивæды кафт.

Æз хистæрæй лæгæй лæгмæ фæсивæд

Ныззилынц уым цæргæсау сæ къахфындзтыл, —

Къухылхæцæг Иналыхъ, чындзæмбæлттæ Цæразон æмæ Тæтæрхъан.

Хистæр усгур Афæхъо уæд бадзырдта Иналыхъмæ:

«Цæй, ракæнут Ибырханы йæ бынатмæ!»

Къухылхæцæг Иналыхъ Ибырханæн йæ къухыл хæцгæйæ

Заргæ-заргæ фæраст ис:

«Ой, фæхæссæм æй, фæхæссæм

Абелы нæртон хæдзармæ!»

Рæсугъд уат йæ рæбынмæ, къонамæ

Иналыхъ æмæ Ибырхан бацыдысты сабыргай

Æмæ къонайæн æрзылдысты йæ алыварс.

Уæрæх фынгтæ дæргъæй-дæргъмæ

Æвæрд ысты Абелæн йæ кæрты.

Æппæт кæмттæй æрцыдысты Абелæн йæ цинмæ.

Дыууадæсæй богал фæсивæд сæ бæхтимæ цæттæ сты дугъмæ,

Куыд бадзырдтой, афтæмæй дугъы райдайой хъуамæ Дзаугомæй.

Цæрдæгæй ныр фæсивæд абадтысты сæ бæхтыл

Æмæ фæраст ысты Дзаугоммæ –

Адæм та чындзæхсæвы рабадтысты нæртон фынгыл,

Фынджы хистæр сæдæаздзыд Борыхъо,

Йæ фарсмæ та рахизæй зæды хуызæн Абел.

Цадæггай сыстадис Борыхъо,

Йæ иу къухы дзæбидыры сыкъа, иннæйы базыг, æмæ загъта:

«О, хорз адæм, æппæт дзыллæ цæут иу цинмæ алы хатт

Абелы нæртон хæдзары абон ис циндзинад,-

Æнусмæ Гоби æмæ Ибырхан баиу кодтой сæ амонд,

Стыр Хуыцау æмæ сын Уастырджи ныррухс кæнæнт сæ фæндаг!»

Уæд адæм сыстадысты æмæ æмхъæлæсæй загътой:

«Стыр Хуыцау æмæ сын Уастырджи ныррухс кæнæнт сæ фæндаг!»

«О, хорз адæм, дугъгæнджытæ комрæбын уаритау æрбатæхынц!»

Кæстæртæ уæд фестадысты æмæ къуылдымæй цымыдисæй кæсынц,

Дугъы бæхтæ цады фæзы хæрдмæ тæхынц,

Кæсынц, æмæ Маирбег йæ цъæх бæхыл

Се ппæтæй дæр фæразæй ис,

Стыр базыг æмæ йын дзæбидыры сыкъа

Уым хистæртæ авæрдтой…

Изæрмæ чындзæхсæвы фæбадтысты адæм,

Стæй уæд кафгæ-заргæ къордгæйттæй

Сæ хæдзæрттæм зæрдæрухсæй фæцыдысты,

Фæндагмæ та сын семæ стыр хуынтæ

Уæлибыхæй, дзидзайæ æмæ бæгæныйæ нывæрдтой.

Мæйрухс æхсæв та рæсугъд хатæнæн йæ фæрсагæй

Йæ урс тынтæй Гоби æмæ Ибырханы рæвдыдта.      

Цыдысты азтæ æмæ бонтæ фæд-фæдыл,

Рæсугъд у хохы æрдз кæддæрид,

Зымæг уа, уалдзæг уа, сæрд кæнæ фæззæг,

Гоби æмæ Ибырханæн кæм уыдис æрулæфт —

Абелы намысджын нæртон хæдзары

Сæ фосы дзугтæ нæ цыдысты фæтæнты,

Сæ хъомрæгъау та иу æгас кæмтты æмбæрзтой.

Абел уыдис стыр буц Гоби æмæ Ибырханæй:

Куыст, æгъдау æмæ сыл хъаруйæ

Комбæсты ничи кодта уæлахиз.

Абел куывта Хуыцаумæ, цæмæй сын уа кæстæртæ,

Æмæ йæ куывд Абелæн æцæгдæр  фехъуыстис:

Гобийæн райгуырдис хуры тынау рæсугъд фырт,

Сæ цинæн кæм ма уыдис кæрон дæр.

Æрцыдысты та лæппуйы куывдмæ æппæт адæм зæрдæрухсæй.

Фыццаг дæр уым Ибырханы фыд Цопан

Æрбалæууыд йæ хъал бæхыл.

Цопан Ибырханæн йæ къухтæй райста сывæллоны,

Систа йæ бæрзонд æмæ загъта:

«Мæ хуры тын, асты хистæр фæу, дæ ном хуындзæнис Таймураз,

Æмæ Хуыцау æмæ Уастырджийæ фæдзæхст фæу æнусты!»

Абелы ус Залихан Таймуразыл хуры тынау узæлыд,

Абелæн иу йæ фæстæ уæрыккау згъордта Таймураз,

Йе та иу Абел куы лæууыд, уæд иу ын ивæзта йæ фæдджи.

Азæй азмæ егъау кодта Таймураз,

Ыссис ныр уый йæ мад æмæ йæ фыдæн уæлыгæсхъом.

Уый фæстæ та сæумæрайсом рæвдзæй цыдис фийауæй —

Буц дзы уыдысты йæ фыд æмæ йæ мад, Гоби æмæ Ибырхан.

Зымæг, уалдзæг, сæрд уа, йе та фæззæг,

Йæ мад йæ фыдимæ куыста Таймураз лæгдыхæй.

Фæдис йе та зиугæнæны — разæй уыдис Таймураз

Асæй уыдис кæйæмбис, бæзæрхыг, сау цæстытæ,

Йæ къухтæ та мæцъисау уыдысты тыхджын,

Йæ хъаруйæ `гас хъæубæстæ буц уыдысты иууылдæр,

Таймураз ныр æхсæрдæсаздыд, лæджы бындзæфхад.

Абелыл та нæуæгæй æрцыдис стыр циндзинад,

Гоби æмæ Ибырханæн райгуырдис хуры хуызæн лæппу,

Адæм та  сæм худгæйæ арфæтимæ цæуынц,

Гобийæн йæ хæлар Иналыхъ уым заргæйæ

Ибырханæн йæ къухтæй сывæллон райста æмæ загъта:

«Абонæй фæстæмæ дæ ном хуындзæнис Геогий,

Æмæ у æнустæм Стыр Хуыцау æмæ Уастырджийæ фæдзæхст».

Гоби æмæ Ибырханæн кæрон нæ уыд сæ цинæн.

Сæ сывæллон Георгий бонæй бонмæ рæзтис уæйыгау,

Цæрдæг уыд æппæтмæ дæр Георгий,

Сæххæст ыл бæрцæй дæр дæс азы,

Уæлыгæсæй иу уый сæумæрайсом,

Æнæзивæгæй кæртæй рауагъта æрдузмæ уæрыччыты дзуг,

Æмæ иу сæ алыварс æрзылдис цæргæсау йæ гыццыл къæбысимæ,

Куы та иу уым Гобийæн хуымгæнæны галты сæрбосыл хæцыдис.

Кæннод та иу сæумæрайсом йе `фсымæр Таймуразимæ

Сæ дзугтæн фиййауæй фæцыдис.

Стыр уыд ныр Георгий, æхсæрдæсаздзыд,

Фæтæнриу бæзæрхыг бæрзонд лæг,

Цъæх цæстытæ, саудзалыг бæзджын рихитæ,

Æппæтмæ дæр арæхстис — цæвæгæй кæрдынмæ

Йæ ныхмæ комбæсты нæ лæууыдис ничи.

Гоби æмæ Ибырхан буц уыдысты сæ фырттæй, —

Уæйгуытау иу Гобийæн кустмæ фæраст сты йæ разæй.

Ныр азтæ куыд цыдысты фæд фæдыл, йæ афтæ,

Гоби æмæ Ибырханæн Мад Майрæм

Фæд фæдыл ноджыдæр лæвæрдта хъæбултæ.

Нырма уал фыры хъулы хуызæн лæппутæ,

Сæ нæмттæ хуындысты: Батрадз, Бега,

Дохцыхъо æмæ кæстæр та Хосыро.

Ибырханæн та йæ бæллиц уым фехъуыстис хуыцаумæ,

Æмæ та йын Мад Майрæм радта

Дыууæ рæсугъд чызджы: Зекал æмæ Лело, æфсымæрты хотæ.

Гоби æмæ Ибырханыл æрцыдис ныр уым адæмы арфæ:

Аст хъæбулы йеныр кæй сты сæ амонд æмæ сæ хъару.

Абел æмæ Залиханæн цы нæ бантыстис царды,

Уый ныр сæ иунæг фырт Гоби сæххæст кодта буцæй.

Абелы хæдзары ныр стыр нæртон бинонтæ —

Сывæллæттæ дзы рæзынц бонæй-бонмæ цадæг.

Райдайæм Батрадзæй — Георгийæн йæ кæстæр,

Рæвдз лæппу уыдис Батрадз чысылæй,

Уæлыгæсæй бирæ фæцыдис æрдузты.

Ныр та фиййауы лæдзæг уый райста йæ къухмæ,

Æмæ стыр фæтæнтæм рæвдзæй скъæрдта йæ дзугтæ.

Æхсæв дæр йæ фосы дзуг нæ уагъта дзæгъæлæй.

Арс, кæннод та-иу зыд бирæгътæ лæбурдтой фосмæ арæх.

Батрадз дзы дыууæ бирæгъæн сæ тъæнгтæ цæхæрайау скарста.

Йе `фсымæртæ Таймураз æмæ Георгийимæ алы куыст дæр кодта.

Асæй та уыд Батрадз каннæг æмæ бæзæрхыг,

Бакастæй та уыдис сау хил, уыдис ын сау цæстытæ.

Лæппутимæ-иу хъæбысæй хæсты уæлахиз уыд алы хатт.

Буц уыдысты Батрадзæн йæ хъаруйæ Гоби æмæ Ибырхан.

Батрадзæн дæр йæ ном йе `фсымæртау

Æгас комыл хъуыстгонд уыд.

Цыппæрæм фырт Бега,

Йæ куыст райдыдта уæлыгæсæй,

Батрадз йе `фсымæр Бегайæн

Балæвар кодта сæгъы цармæй уæлыгæсы хызын.

Бега дæр уыд цæрдæг æмæ рæвдз йе `фсымæртау,

Цалдæр азы æнæзивæгæй фæцыдис уæлыгæс,

Стæй йе `фсымæртау йæ къухмæ райста фиййауы лæдзæг.

Бега арæхстис алы куыстмæ дæр —

Хоскæрдынмæ, хосласынмæ,хуымкæнынмæ, суг кæнынмæ.

Асæй уыдис астæуккаг, бæзæрхыг лæг,

Бурхил, уыдис ын стыр бур цæстытæ.

Зарынмæ дæр æмæ кафынмæ дæр

Комы фæсивæды æхсæн дæсны уыдис.

Гоби æмæ Ибырханæн та ногæй

Райгуырдис хуры тынау рæсугъд фырт,

Йæ ном та йын схуыдтой Дохцыхъо.

Дохцыхъо уыд нымæцæй æфсымæртæн сæ фæндзæм,

Йæ хистæр æфсымæр та Бега йын

Балæвар кодта буцæй,

Сæгъы цармæй уæлыгæсы хызын.

Дохцыхъо-иу æнæзивæгæй сæумæрайсом

Урс уæрыччыты дзуг миты зæйау йæ разæй ыскъæрдта.

Хызта-иу сæ цæгæтты æмæ æрдузты сойджын кæрдæгыл изæрмæ,

Уæд иу хатт изæры уæрыччытæн сæ иу къорд

Уæлвæндаджы тар хъæды ныдздзæгъæл ис.

Дохцыхъо ныр хæдзармæ дæр нал уæндис,

Æмæ сæ æхсæв бонмæ уым тархъæды агуры.

Æгас хъæуæй сыстадысты æмæ Дохцыхъойы агурынц,

Бонырдæм æй уым стыр хъæды йæ уæрыччытимæ ссардтой.

Фæцыд уæлыгæс Дохцыхъо цалдæр азы.

Æмæ та уый дæр ныр, йе `фсымæртау,

Райста  æнæзивæгæй фийауы лæдзæг æмæ æрчъитæ.

Йæ фосы дзуг стыр фæтæнтæ æмбæрзтой.

Дохцыхъо уыд бакастæй рæсугъд лæг,

Цъæх цæстытæ æмæ бæзæрхыг,

Дæсны уыдис æфсымæртау куыстмæ дæр,

Арæзта-иу дзоныгъ, æфсондз æмæ дзыбыр æнæзивæгæй.

Абел, Залихан, Гоби æмæ Ибырхан дзы буц уыдысты.

Гоби æмæ Ибырханæн ныр сæ бæллиц уыдис,

Цæмæй сын Хуыцау æмæ Мад Майрæм радта чызджытæ, —

Æмæ цыбыр рæстæгмæ сыххæст ис сæ бæллиц:

Фæд фæдыл сын райгуырдис дыууæ чызджы,

Сæ нæмттæ та сын схуыдтой: Лело æмæ Зекал.

Æфсымæртæн кæрон нæ уыд сæ цинæн,

Кæй сын ис ныр, урс бæлонау, рæсугъд хотæ.

Лело уыдис йæ мадæн цæрдæг чызг,

Сæумæрайсом иу æнæзивæгæй фестадис

Æмæ-иу йæ кæрчытæн, йæ цъиутæн мæнæуы нæмгуытæ авæрдта,

Изæры та-иу фæраст ис дон хæссынмæ суадонмæ.

Хур боны та-иу Къæберты йæ æфсымæртæн

Сæ нымæт худтæ æхсадта.

Бакастæй та уыд бæрзонд æмæ рæсугъд чызг.

Хъазты-иу хъал лæппутæ йæ алы фарс æрзылдысты.

Йæ хо Зекал дæр нæ лæууыдис Лелойæ фæстæдæр,

Арæхстджын уыд æмæ хъаруджын Зекал дæр æппæт куыстытæм.

Фæраст-иу ис йæ мады фæстæ уæлвæндагмæ суг хæссынмæ,

Йæ мады бæсты иу фæраст ис куыроймæ Комрæбынмæ.

Хуызæй та уыдис бакастджын:

Уыдис ын стыр сау цæстытæ æмæ бæзджын æрфгуытæ.

Хъазты-иу урс бæлонау асирдта.

Абел, Гоби, Залихан, Ибырхан æмæ æфсымæртæ

Буц уыдысты Лело æмæ Зекалæн сæ хъаруйæ.

Хуым рувæнты, кæннод та иу ссивæнты

Лело æмæ Зекал фæстæ нæ уыдысты.

Бурбын уæлибыхтæ иу æнæзивæгæй хоскæрдджытæн

Аходæны бæрзонд фæтæнмæ рæвдзæй сдавтой.

Сæрдыгон иу тæвды тæмæны фос æлвынæны,

Лело æмæ Зекал сæдæгай фыстæ æрбалвыдтой.

Æгас комбæстыл хъуыстгонд уыди сæ кад æмæ сæ хъару.

Лело æмæ Зекалæн сæ цинæн нал уыдис кæрон дæр —

Сæ мадæн та, Ибырханæн, райгуырдис хуры хуызæн лæппу.

Лело æмæ йæ Зекал схуыдтой Хосро.

Уыдис ныр уым Хосро нымæцæй та æстæм — кæстæр.

Цæрдæг уыдис æмæ арæхстджын æппæтмæ дæр,

Уæлыгæсæй дæр æмæ фиййауæй дæр бирæ фæцыдис,

Асæй та уыд Хосро астæуккаг лæг,

Цæсгомæй та мыдгъуыз, йæ сау цæстытæ цæхæр калдтой.

Цæргæсау-иу бæрзонд хæхтыл æрзылдис цуангæнгæ,

Нæ-иу ын аирвæзт хохы цъуппыл сычъи, дзæбидыр,

Куы-иу ацыдис сæумæрайсом цуаны Хосро,

Уæд-иу йе `рцыдмæ бинонтæ сцæттæ кодтой стыр агтæ.

Фæсивæды милы ахсты ерысы фыццаг бынат уый ахста.

Уæд иу ахæмы стыр куывды Хосро хæснаг рамбылдта,

Рæвдуан йе `фсымæр Дохцыхъойæн йæ сæрыл сывæрдта

Æмæ йæ дардæй йæ хъримагæй акъуырдта.

Хистæртæ йæм стыр буцæн ралæвæрдтой галы базыг æмæ нуазæн.

Хосройæн, куыд цуанон, йæ ном æппæт комыл хъуыст уыдис.

Абел, Зæлихан, Гоби æмæ Ибырхан буц уыдысты Хосройæ.

Тыхджын уыдис Абелæн ныр йæ хæдзар,

Æхсæз уæйыг æфсымæры æмæ дыууæ рæсугъд хойы:

Таймураз, Георгий, Батрадз, Бега, Дохцыхъо æмæ Хосро,

Æфсымæртæн сæ хотæн, Лело æмæ Зекалæн,

Сæ ном хъуыст уыд дардыл.

Суггæнæнты, хуымгæнæнты, хосгæрдæнты æмæ хосласæнты

Гобийæн-иу йæ цæуæт æнæзивæгæй æххæст кодтой йæ ныхас.

Æхсæзæй-иу æфсымæртæ цоппай гæнгæ

Фæтæн угæрдæнты тагъд ракарстой.

Лело æмæ Зекал та-иу цæстыныкъуылдмæ

Рассывтой фæтæны фарс.

Ибырхан та-иу сын изæрмæ се `рцыдмæ

Бурбын уæлибых æмæ цæрвджын дзыкка æхсæвæрмæ скодта.

Абелы стыр рæсугъд хæдзары-иу,

Бинонтæ рабадтысты куыд хистæрæй,

Æмæ-иу адджынæн нæртон фынгыл

Сæрыстырæй фæбадтысты кувгæ æмæ заргæйæ.

Бирæ азты зæрдæрухсæй

Æфсымæртæ æмæ дыууæ хойы иумæ фæцардысты,

Фæлæ уæд иуахæмы Гоби фынгыл сыстад æмæ загъта:

«О, мæ цæуæт, уæ рынтæ бахæрæд мæ урс сæр,

Фæлæ ныр афон у, куыд хистæрæй, уæ амонд ссарат:

Таймуразæн уал рæсугъд бинонтæ скæнæм,

О, не `фсин Ибырхан, ды та мæнæ

Фæззæгмæ арахъхъытæ бантау,

Æмæ хъæбæрхорæй та зад».

Æрлæууыд ныр мæнæ бæркадджын фæззæг,

Æмæ Таймуразæн æрхастой рæсугъд чызг, Абиан, Абайты хъæуæй.

Таймураз æрцардис йæ райдианы хъæуæн, чъырыны фарсмæ,

Æмæ райдыдта кусын уæхскуæзæй Абианимæ,

Скодтой фæллæйттæ, лыстæг фосы дзугтæ æмæ рæгъæуттæ.

Стæй уæд сæ бæллиц дæр сæххæст ис уайтагъд —

Таймураз æмæ Абианæн райгуырдис

Сахъ фырт æмæ йын йæ ном схуыдтой Ростом.

Ростом уайтагъд ссис æххуысхъом йæ мад æмæ йæ фыдæн

Æнæзивæгæй цæрдæгæй фæцыдис уæлыгæсæй, фийауæй,

Стæй уæд хуымгæнæнты æмæ хосгæрдæнты

Куыста иу нæзивæгæй Таймуразæн йæ фарсмæ.

Ростом уыдис цæрдæг æмæ бæрзонд лæг,

Бакастæй та уыдис саухил æмæ дæргъдзæсгом.

Ростом ныр ссис Таймуразæн усгур лæг,

Æмæ йын бинойнагæн æрхастой найраг чызг Хадтиноны.

Ростомы фыд Таймураз фæзæронд ис азтæй,

Æмæ ныр уалдзæджы хуымгæнæн, сæрды хосгæрдæны,

Æмæ фæззæджы æнæкæрон бирæ куыстытæ

Ростом æмæ Хадтион æнæзивæгæй кодтой.

Нымад уыд Таймураз æмæ Ростомæн сæ хæдзар хъæубæсты,

Нæ лæууыдысты фæстæдæр никæмæй фæллойæ,

Бæрæгбоны-иу æрхуыдтой куывдмæ хъæубæсты,

Æмæ-иу фæкуывтой Ростомæн, цæмæй йын уа бирæ кæстæртæ,

Æмæ æцæгдæр фехъуыстис сæ куывд хуыцаумæ —

Ростом æмæ Хадтионæн рацыдис бирæ кæстæртæ.

Хуындысты сæ нæмттæ: Иликъо, Уасикъо, Габо,

Верæ, Сахар æмæ Тамарæ.

Иликъо уыдис асæй астæуккаг, тæлтæг лæг,

Æппæт куыстытæм уыдис уый арæхстджын.

Уалдзæджы хуымгæнæны, сæрды та-иу хосгæрдæны,

Æмæ фæззæджы та-иу хосласæнты бæстонæй фæкуыстой.

Йе `фсымæртæ Уасикъо æмæ Габоимæ-иу галтау фæкуыстой

Æмæ скодтой сæхицæн фæллæйттæ.

Ссис ныр Иликъо усгур лæг Ростомæн

Æмæ йын æрхастой бинойнаг саулагъз чызг Хæмсиат Джыгкианы.

Иликъо æмæ Джыгкиан адджынæй æрвыстой сæ бонтæ,

Комбæсты, хъæубæсты сæ кæрдзын лæвæрдтой хæларæй,

Се `нусон бæллиц дæр сыххæст ис ныр кæронмæ —

Мад Майрæм сын радта бирæ амондджын хъæбултæ,

Сæ нæмттæ хуындысты: Чермен, Шамил, Заре,

Хазби, Тауырзæт, Зоя æмæ Ленæ.

Чермен уыдис цæрдæг, æлвæст хъоппæгцæст лæппу

Чысылæй цыдис уæлыгæс,

Стæй та фийауæй, хызта иу сæ дзугты.

Иликъо æмæ Хæмсиат буц уыдысты сæ фыртæй —

Дæсны уыдис кустытæм,

Арæхстис фæрæтæй, цæвæгæй,

Стæй уæд кафынмæ, зарынмæ,

Æмбал ын кæм уыдис хъæубæсты.

Чермен ссис ныр усгур лæг йæ мад æмæ йæ фыдæн,

Æмæ йын æрхастой бинойнаг —

Рæсугъд чызг, Къæззаты хъæуæй Плион Зояйы.

Æмæ сын райгуырдис уæйыг лæппу Эльбрус,

Фæлæ уый нæ фæцард, уайтагъд фæзиан.

Чермен дæр, йæ мад æмæ йæ фыдимæ

Хъæубæсты Дзугаты хъæуы фæкуыста уæхскуæзæй.

Стæй уæд бинонтæ иууылдæр

Фæлыгъдысты Цæгат Ирмæ цæрынмæ.

Фæлæ уым Чермены уæззау низ йæ быны скодта,

Æмæ уым Сæлхийы йæ мæлæт ссардта.

Йæ кæстæр æфсымæр Черменæн

Йæ ном хуындис Шамил,

Уый дæр, йе `фсымæрау, чысылæй,

Фæхæтыд уæлыгæсæй, стæй та фийауæй,

Куыстмæ дæр уалдзæджы, сæрды

Æмæ фæззæджы рæвдз уыдис.

Æрхаста бинонтæ, æмæ сын

Мад Майрæм радта бирæ сывæллæттæ.

Иликъойæн йæ кæстæр фырт,

Ном та йыл сæвæрдтой Хазби,

Куыстуарзон лæппу уыдис, алцæмæ дæр арæхстис.

Æфсадмæ дæр ацыдис æмæ уым дæр

Рæвдзæй бафыста йæ хæс.

Рæсугъдæй скодта бинонтæ йæхицæн…

Иликъойæн йæ чызджытæ: Заре,

Тауырзæт Зоя æмæ Ленæ,

Сæ æфсымæртау, уыдысты хъаруджын,

Фæцыдысты моймæ, скодтой бинонтæ.

Иликъойæн йе `фсымæр Уасикъо

Фæцыдис фыццаг дунеон хæстмæ,

Хъæбатырæй хъахъхъæдта йæ райгуырæн бæстæ,

Æмæ фæмард ис.

Иликъойы æфсымæр, Ростомы кæстæр фырт Габо

Уыдис рæсугъд лæппу, бæзæрхыг,

Йæ царды бонтæ арвыста Дзугаты хъæуы къуылдымыл,

Куысты ад базыдта уæлыгæсæй, стæй та фийауæй.

Йæ фыд Ростом æмæ йæ мад Хадтион,

Буц уыдысты сæ фырт Габойæн йæ хъару, йе `гъдауæй:

Хæххон уæззау куысты Габо æххуыс кодта йæ фыдæн.

Йæ тых æмæ йæ хъару

Хъæубæсты æмæ комбæсты хъуыст уыдис,

Зиуы æмæ иу фæдисы

Фыццаг бынат бацахста.

Иу рæстæджы карз зымæджы бæрзонд хохыл

Стыр миты бын æмбæлттимæ баззадис цалдæр æхсæвы,

Стæй уæд Габо йе мбæлтты сæумæрайсомæй

Арæхстджынæй цыргъ къуылдымтыл

Зæй ласынæй тæрсгæйæ,фæзы Дзомагъмæ æркодта.

Зарынмæ æмæ кафынмæ фæсивæды хсæн

Æмбал иу ын нæ уыдис.

Ныр афон у Габойæн дæр скæна бинонтæ.

Æмæ йын æрхастой Захъхъайæ

Саулагъз рæсугъд чызг Сасæйы.

Габо æмæ йе `фсин Сасæ уæхскуæзæй фæкуыстой хохбæсты.

Сæ бæллиц сæххæст ис цинимæ —

Райгуырдис сын дыууæ фырты, Аслæмбег æмæ Таймураз.

Габо æмæ Сасæ адджынæй æрвыстой

Сæ бонтæ сывæллæтты цинæй,

Фæлæ сæ цард æмæ сæ цин аскъуыдис æрдæгыл —

Мæнгард знаг æрбабырста нæ бæстæм,

Æмæ райдыдта карзæй Стыр Фыдыбæстæйон хæст.

Габо дæр нал фæлæууыд фæстæмæ,

Æмæ рæвдзæй афардæг стыр хæстæн йæ карзмæ.

Хæххон хъайтар лæппу Габо дæр Цæгат Иры Мæздæджы,

Стыр тохы немыцæгты сæнкау карста йæ кардæй.

Стæй уæд немыцæн сæ разы, уым къуылдымыл æрхуыссыд.

Æмæ сæ йæ хъримагæй иугай-дыгай хоры куыристау фæлдæхта.

Дыууадæсæй фыдызнæгтæ Габойы къухæй уым ссардтой сæ мæлæт,

Фæлæ сын нæй кæрон, бырсынц немыцаг фашисттæ,

Габойæн фесты йæ топпы нæмгуытæ,

Æмæ дзы цалдæры бæрзæйсаст фæкодта,

Йæхиуыл ма бафтыдта дзуæрттæ,

Фæлæ уым бахуыссыд йæ сау зынг æнусмæ.

Йæ фырттæ Габойæн Аслæмбег æмæ Таймураз

Рацыдысты, сæ фыдау, хъаруджын æмæ æгъдауджын,

Фæлæ Аслæмбег мæрдтæм æвзонгæй айæфта йæ фыды.

Ростомæн йе `ртæ чызджы Верæ, Сахар æмæ Тамарæ

Уыдысты се `фсымæртау æгъдауджын æмæ хъаруджын,

Рæсугъд уыдис сæ бакаст, рæвдз уыдысты куыстмæ,

Стæй уæд сæ амонд ссардтой æртæйæ;

Верæ ацыдис моймæ Къусджытæм Гаглойтæм,

Æмæ йын райгуырдис рæсугъд чызг Шурæ, лæппу та Ванна.

Сахар та ссардта йæ амонд Челиаты хъæуы,

Æмæ йын райгуырдис æртæ сахъ лæппуйы:

Сардо, Аким æмæ Тасолтан.

Тамарайы та ахастой Сырхаутæ Плитæм Рукъмæ,

Æмæ йын райгуырдис цыппар хъæбулы:

Ладе, Сафрон, Миша æмæ Лизæ.

Йæ дыккаг фырт Гобийæн Георгий

Фæтæн риу, бæзæрхыг бæрзонд лæг,

Ныр афон у уымæн дæр, æркæна бинонтæ.

Гоби æмæ Ибырхан цæттæ кæнынц Георгийæн чындзæхсæв,

Бантыдтой стыр агты бæгæны,

Рæгъауæй æркодтой кусæрттагæн нард галтæ,

Æмæ фæраст сты цытджын лæгтæ Дзауы коммæ чындзхæссæг,

Æмæ Георгийæн рæсугъд чызг Гассионы æрбахастой бинойнагæн.

Тыхджын уыдис Георгий, хæххон лæг куыстуарзаг,

Хæххон уæззау куыстытæ —

Хуымгæрдæн, хосгæрдæн-иу бакодта бæстонæй.

Йæ бинойнаг Гассионимæ скодтой уым фæллæйттæ.

Фæлæ-иу алы хатт сæ куывд уыдис Хуыцаумæ,                                                                                                                                                                                      

Цæмæй сын радтаид рæхджы бонмæ

Кæстæртæ æмæ рæсугъд хъæбултæ.

Æмæ сæ куывд фехъуыстис стыр хуыцаумæ:

Георгий æмæ Гассионæн райгуырдис

Аст рæсугъд хъæбулы: Никъо, Хасæхъо, Борсæ, Гри,

Лиса, Сахти, Сона æмæ Катерно.

Сывæллæттæ уайтагъд дæр,

Куыд хистæрæй, кусынхъом баисты.

Георгий æмæ Гассионæн барæуæг кодтой сæ къухтæ.

Сывæллæттæн сæ хистæр Никъо ссис усгур лæг,

Бакастæй уæнгджын, саухил æмæ бæрзонд лæг,

Куыстытæм рæвдз уыдис,

Цъери-иу æнцонæй дзоныгъмæ сæппæрста.

Бирæ хатт иу Никъо фæсонт ис, æмæ иу хыл кæнын райдыдта.

Иу ахæмы йæ хо Лисамæ Урсдзуармæ уазæгуаты ныдздзыдис,

Æмæ та Джиджджойтæм стыр куывды фæсонт ис,

Æмæ сæ райдыдта йæ хъамайæ цæфтæ кæнын…

Уæд æй ацахстой фæсивæд æмæ йæ райдыдтой нæмын.

Лиса уайтагъд йæ кæлмæрзæн фелвæста

Æмæ йæ фæсивæдæн авæрдта сæ разы,

Æмæ сын кæугæйæ балæгъстæ кодта:

«Курын уæ сымахæй, ме `фсымæры мын ма амарут!»

Иу рæстæджы та Саджджын Къуырфæй, йæ фыды хо Лелойæ

Рараст ис нозтджынæй сæхимæ Дзугатæм,

Æмæ уым арф комы куыройы сылгоймæгты æрæййæфта,

Бабырста сæм, йæ уæлныхты сæ систа,

Æмæ йын уæд сылгоймæгтæ йæ фæрстæ

Ссад мæрзæн фийагæй фæхостой.

Стæй та ноджы йæ разы Плитæ бабадтысты

Æмæ йæ сау сæпъæн ныккодтой.

Уый фæстæ йæ фыд æмæ йæ мад загътой:

«Хъæуы нæ фыртæн Никъойæн

Йæ рæстæгыл бинонтæ æркæнын», —

Æмæ йын æрхастой бинойнаг Плиты Косеры.

Никъо æмæ Косер хæхбæсты,

Сæхицæн уæхскуæзæй фæкуыстой,

Скодтой цæрынæн бæркадджын фæллæйттæ.

Æмæ та сæ бæллиц уыдонæн дæр сæххæст ис —

Райгуырдис сын æхсæз хъæбулы:

Исакъо, Алеко, Раичкъа, Надя, Нашка æмæ Салфетка.

Цардысты бинонтæ адджынæй хъæубæсты,

Никъо æмæ Косерæн сæ цæуæт уыдысты стыр ныфс.

никъойæн йæ хистæр фырт Исакъо цæрдæг уыд,

Нæ кодта зивæг хæххон куыстытæм,

Асæй та уыдис астæуккаг лæг, рæсугъд æмæ саухил.

Исакъо ссис усгур лæг, йæ лæджы бынаты сбадтис.

Йæ кæстæр æфсымæр дæр Алекъо,

Онгджын æмæ бæзæрхыг мыдгъуыз лæг,

Бахызтис йæ лæджы бынатмæ.

Алеко дæр куыстытæм рæвдз уыдис

Нæ уагъта йæ разæй сыхаджы,

Цуан кæнынмæ дæр арæхстджын уыд Алеко,

Сычъи-иу ын нæ ирвæзтис хæхбæсты.

Никъойæн уыдысты йæ фырттæ стыр ныфс,

Фæлæ Никъо æррынчын, æрхаудта,

Бамыр ис йæ зæрдæ æнусмæ,

Йæ хъæбултæ йæ баныгæдтой цытимæ Дзугаты къуылдымыл.

Косер ныр баззадис йæ хъæбултимæ иунæгæй,

Æмæ ралыгъдысты Цæгат Ирмæ Ногирмæ.

Косер æрхаста Исакъойæн бинонтæ,

Рæсугъд чызг Аминæты.

Исакъо æмæ йæ къайæн райгуырдис хъæбултæ,

Сæ нæмттæ хуындысты Хазби æмæ Зинæ.

Алеко та Ногирæй Хъобанмæ фæлыгъдис,

Æркодта йæхицæн бинойнаг —

Саулагъз чызг, рæсугъд чызг Гæдиаты Оляйы.

Никъойæн та йæ чызджытæ цыппарæй

Æгъдау æмæ хъаруйæ нæ уыдысты цух,

Фæцыдысты моймæ фæйнæрдæм.

Алеко йæ усимæ Хъобаны хæхты

Уæхскуæзæй скодта бæркадджын фæллæйттæ,

Æмæ сын Мад Майрæм радта цыппар хъæбулы,

Сæ нæмттæ — Тамерлан, Таймураз, Зоя æмæ Лидæ.

Тамерлан, сæ хистæр, асæй уыд

Бæрзонд, рæсугъд лæппу, саухил,

Тыхджын уыд, арæхстис æппæты уæззаудæр куыстытæм.

Йæ фыдæн Алекойæн æххуыс кодта йæ куысты.

Тамерлан канд кусгæ нæ, фæлæ ма кодта ахуыр дæр,

Чысылæй фæстæмæ уый уарзта хæдтулгæтæ,

Æмæ ссис хорз шофыр,

Скъæрдта иу егъау автобусты дардмæ.

Йæ фыд Алеко йын загъта:

«Мæ лæппу, афон дын у йеныр

Дæхицæн бинойнаг ссарын».

Тамерланæн уыд йæ уарзон

Сауцæст рæсугъд чызг Аллæ.

Йæ фыд æмæ йæ мад ын скодтой чындзæхсæв,

Æрхуыдтой адæмы æппæт хъæутæй хистæрæй кæстæрмæ,

Æмæ уым дыууæ боны сæ зард æмæ сæ кафтæн нæ уыдис кæрон.

Тамерлан æмæ Аллæйæн рацыдис рæсугъд кæстæртæ:

Алан, Сослан æмæ Русик, адæмы æхсæн – æгъдауджын.

Тамерланæн йæ кæстæр æфсымæр Таймураз —

Бакастæй онгджын æмæ бæзæрхыг мыдгъуыз лæг,

Хъæбысæй хæцынмæ йæ ныхмæ нæ лæууы лæджы фырт, —

Таймураз дæр-иу йæ фыдæн æххуыс кодта зæрдиагæй,

Тыхджын уыд æппæтмæ дæр, уæззау дæр куыстытæм,

Йæ фыд æмæ йæ мад дзы уыдысты стыр буц,

Лæггад æмæ æгъдаумæ рæвдз уыдис хъæубæсты,

Ахуыр кæнынмæ дæр йе `мбæлттæй нæ лæууыдис фæстæдæр.

Таймураз дæр, æфсымæрау, бауарзта машинатæ скъæрын,

Æмæ йын радтой, куыд дæсны скъæрæг,

Республикæйы егъаудæр «Икъарус», —

Таймураз-иу дардмæ уым адæмы дзæбæхæй нылласта.

Уæд иу ахæмы та адæмы ласта Ростовмæ,

Æмæ йæ уæд фæндагыл баурæддой дыууæ лæджы,

Æмæ йын загътой: «Кæм сты дæ гæххæттытæ?»

Стæй дзы иу æвиппайды Таймуразæн

Йæ сæрмæ ныддардта наган!

Таймураз ын æвиппайды акъуырдта йæ наган,

Йæ быны йæ акодта æмæ йын сбаста йæ къухтæ,

Иннæ фæцæйлыгъд, фæлæ йæ Таймураз басырдта,

Æмæ уымæн дæр йæ къухтæ сбаста,

Сæ дыууæйы дæр Ростовмæ нылласта

Æмæ уым фыдгæнджыты милицимæ радта.

Таймураз дæр бацыдис усгур лæджы кары,

Æмæ йын æрхастой рæсугъд чызг –

Дыгурон Бичегкуты Валяйы.

Куыстой иумæ сæхицæн æмдыхæй, хæларæй,

Æмæ сын Мад Майрæм радта хъæбултæ,

Хуындысты сæ нæмттæ: Аслан, Батрадз, Тимур æмæ Оксанæ,

Сты арæхстджын ахуырмæ, куыстмæ,

Батрадзыл армæй нæ тых кодта ничи,

Æмæ ссис ерысы уæлахиздзау.

Таймураз та ноджы дыккаг ус æркодта,

Æмæ йын райгуырдис уымæй дæр

Дыууæ сывæллоны Виолæ æмæ Сæрмæт.

Исакъойы фырт Хазбийæн сывæллæттæ нæ уыди,

Йæ царды зынг ахуыссыд Ногиры æвзонгæй.

Йæ хо Зинæ ссардта йæ амонд Плиты мыггагмæ,

Райгуырдис ын æртæ сывæллоны: Мурат, Борис æмæ Ленæ.

Никъойæн цыппарæй йæ чызджытæ фæцыдысты моймæ,

Надя фæцыдис Бæтæхъойы хъæумæ чындзы,

Æмæ йын райгуырдис æхсæз рæсугъд хъæбулы.

Раичкæ баззадис иунæгæй, нæ йын уыдис сывæллон.

Наташкæ дæр йæ амонд ссардта Захъхъайы хъæуы,

Райгуырдис ын авд чызджы.

Салфетка дæр сбаста йæ цард

Захъхъайы Бехъанты Закроимæ.

Георгийæн йæ дыккаг фырт, Никъойы кæстæр Хасæхъо,

Бакастæй  бæзæрхыг цыбыр лæг, йæ цæсгом та саулагъз,

Чысыл рæсугъд боцъо æмæ йын цъæх цæстытæ

Фидыцгъуыз лæвæрдтой.

Чысылæй уый базыдта куысты ад,

Нырма уал уæлыгæсæй, стæй та фийауæй,

Æхсæрдæсæм аздзыд ссис ныр лæджы бындзæфхад.

Хуымгæнæн, хосгæрдæны нæ задис фæстыйæ.

Йæ фыд æмæ йæ мадæн дæллаг галы куыст кодта,

Зымæг иу йæ фосæн хос хаста тæсчъыты,

Зыдтой йæ хъæубæстæ раст лæг кæй уыдис,

Куыд фæзæгъынц, афтæ

Фысы комæй хал дæр нæ райстаид,

Дæсны уыдис зарынмæ, æмбал ын нæ уыдис,

Æмæ-иу æм комбæстæ цыдысты хатæг,

Цæмæй сын уа Хасæхъо чындзхæссæг, къухылхæцæг, уазæг.

Мыггаг уыдысты стыр буц йæ зардæй,

Чындзхæсгæ-иу æй сæ хъæуы

Хæдзарæй-хæдзармæ фæхуыдтой,

Æмæ иу дзы алы хæдзары дæр

Хасæхъо рæсугъд хъæлæсæй фæзарыд.

Йæ цуры-иу фæсивæд хъырныдтой йæ зардæн,

Се `мцахъхъæнтæ Иликъо, Гæбила, Хъæрæсе,

Борса, Габо æмæ Федыр,

Æмæ сæ Хасæхъо ахуыр кодта зарын.

Хъуыст уыдис Хасæхъойæн йæ зараг ном дардыл,

Ленинградæй йæм æрцыдысты Пушкины музейæ,

Æмæ сын грамафоныл цытимæ ныффыста йæ диссаджы зарджытæ.

Хæлар уыд зæрдæйæ Хасæхъо комбæсты, хъæубæсты,

Æмæ иу ын чындзæхсæв уа, гъе та куывды

Æппæт адæм уымæн стыр кад скодтой.

Мад, фыд, æфсымæртæ æмæ хотæ

Уыдысты стыр буц Хасæхъойы кадæй.

Ссис Хасæхъо усгур лæг, рæсугъд уыд йæ бакаст,

Æмæ йын æркодтой æмкъайæн рæсугъд чызг Плитæй Гыгыйы.

Гыгы уыдис Рукъаг кадджын Пъаулейы чызг.

Хасæхъо æмæ Гыгы уæхскуæзæй хæхбæсты

Райдыдтой кусын, скодтой фæллæйттæ,

Хуымгæнæны, хосгæрдæны, фæззæджы куыстыты

Нæ  сын уыд бынтон дæр æрулæфт.

Хасæхъо æмæ Гыгыйæн дыууæйæ

Кусын зын уыдис хæхбæсты,

Æмæ сын Майрæм Мад балæвар кодта

Авд хъæбулы, хуындысты:

Георги, Дзино, Зæрæда, Хаджумар,

Сæрæби, Ханифа æмæ Елиоз.

Хасæхъо æмæ Гыгы стыр тых равдыстой:

Æнæнизæй схъомыл кодтой авд сывæллоны

Сæ фыд сын Хасæхъо сын Цæгаты быдырæй

Йе `ккой дзæкъулы бæрзонд хæхты сæрты

Нартхор иу йæ сабитæн йæ рæстæгыл æрхаста,

Сæ мад та-иу сын райсомæй

Алкæмæн дæр йе скъуыд дзабыртæ

Стыр судзинæй, цæссыгкалгæ, бæстонæй бахуыдта…

Стæй иу уæд куыроймæ арф коммæ

Йæ къæссайы йе `ккой ссынмæ нартхор ахаста.

Уый фæстæ-иу йæ синтыл стыр донхæссæн абаста,

Æмæ-иу дæлвæзы суадонмæ донхæссынмæ азгъордта.

Хосгæрдæнтæ, кæнæ та хуымгæнæнты удисæн хуыдтой,

Æмæ-иу Гыгы дæр гыццыл сывæллоны куыстмæ

Хосгæрдæны æмæ хуымгæнæны йемæ авдæны хаста.

Æмæ сывæллæттæ куыд хистæрæй уым цумахъом фесты:

Сæ хистæр Георги уæлыгæсы хызын райста

Æмæ иу йæ уæрыччыты дзуг

Цъæх æрдузмæ хизынмæ тардта,

Стæй уæд йæ къухмæ фийауы лæдзæг райста,

Æмæ-иу йæ фосы дзуг хуыздæр хизæнтæм скъæрдта,

Йæ кæрцы къæритимæ дæр зынцъары

Зымæджы хъызты дæр фæцыдис.

Ссис ныр Георги йæ фыдæн гутондар,

Уалдзæджы, сæрды æмæ фæззæджы куыстыты

Йæ фыдимæ иу æмдыхæй уæхскуæзæй иумæ фæкуыста.

Бакастæй Геоги рæсугъд уыд,

Бæзæрхыг æмæ саухил, рæсугъд сау цæстытæ,

Йæ фыдау зарынмæ дæсны уыд, нæ йын уыд æмбал,

Йæ фыд Хасæхъо бæстонæй уæд загъта:

«Æз баззадтæн æнæахуырæй, мæ лæппу,

Фæлæ ды ацу ахуырмæ дæлæ горæтмæ».

Георги уæд загъта йæ фыдæн къæзгæйæ:

«Æмæ уæд сымахæн та, мæ фыд æмæ мæ мадæн,

Чи æрлæудзæн уæ фарсмæ уæззау хæххон куыстыты?»

Йæ фыд ын уæд загъта: «О, мæ фырт , ма нын тæрс,

Дæ кæстæртæ Дзино, Зæрæда, æмæ Хаджумар,

Дæ мад æмæ дæ фыдæн сты ныр æххуысхъом».

Георги ныр сразы йæ фыды ныхасыл,

Йæ мад ын тинтычъийæ бауафта хæдойнаг,

Йæ фыд та йын галы цармæй скодта æрчъитæ,

Æмæ йæ скодта фæндараст ахуырмæ.

Æрцыдис Чъребайы горæтмæ хæхбæстæй,

Æмæ уым бацыдис рабфачы къурсытæм,

Стæй уæд уый фæстæ фæцис уым техникум дæр,

Дарддæр институты акодта йæ ахуыр кæронмæ.

Газет «Хурзæрин»-ы газеты куыста редакторæй.

Георги зæрдиагæй каст зынгæ фысджыты уацмыстæ,

Уæлдайдæр та номджын поэтты,

Се`мдзæвгæтæ сын кастис цымыдисæй.

Йæхæдæг дæр чысылæй райдыдта æмдзæвгæтæ фыссын,

Æмæ йын бантыстис рауадзын фыццаг чиныг «Хурзæрин».

Фæлæ Георгийы бахъуыдис рæстæгмæ йæ фыссын ныууадзын,-

Æрсидтысты йæм æфсадмæ, цæмæй бахъахъхъæна нæ бæстæ,

Æмæ йæ арвыстой ныгуылæн арæнмæ,

Фæлæ нæм фыдызнаг æрбабырста нæ зæххмæ,

Æмæ райдыдта Стыр Фыдыбæстыйон хæст.

Георги уыдис йæ къордæн хистæрæй ныгуылæны арæнты,

Æмæ хъæбатырæй тох кодтой знаджы ныхмæ,

Фæлæ немыцаг æфсадæн уæд йæ тыхтæ фылдæр уыдысты,

Æмæ Георги йе `мбæлттимæ бахаудта уацары.

Цалдæр хатты ралыгъдис уацарæй,

Фæлæ та иу æй немыцæгтæ уайтагъд æрцахстой…

Фæстаг хатт ын бантыстис раирвæзын знаджы дзæмбытæй,

Æмæ та райдыдта знагæн йæ ныхмæ хъæбатырæй тох.

Немыцаг фашисттæ кæронмæ æрцыдысты пырх,

Цинимæ здæхтысты сæ хæдзæрттæм æфсаддонтæ.

Георги дæр æрыздæхтис йæ уарзон Ирыстонмæ

Æмæ райдыдта кусын фысджыты цæдисы,

Стæй та уыдис журнал «Фидиуæджы» редактор.

Георги фыста цымыдисон æмдзæвгæтæ, поэмæтæ,

Æмæ Ирыстоны цытджын фысджыты рæнхъыты

Бацахста кадджын бынат.

Йæ мæлгъæвзаг фæндыры зæлтæ

Кавказыл айхъуыстысты дардыл,

Радзырдтæ, романтæ, поэмæтæ æмæ лирикон æмдзæвгæтæ

Æртæ томæй йæ адæмæн кадимæ радта.

Адæм ын цымыдисæй йæ уацмыстæ кастысты,

Æмæ йын радтой кадджын ном — адæмон фыссæг.

Георгийæн афон уыд бинойнаг æркæнын,

Æмæ йын æрхастой рæсугъд чызг Калоны,

Хуыдтой йæ Фатимæ, йæ асæй бæрзонд уыд, йæ астæу та нарæг.

Георги æмæ Фатимæ æмзæрдæйæ иумæ хæларæй фæцардысты,

Фатимæ скъолайы куыста, стæй та техникумы

Фæкуста цæсгомджынæй бирæ рæстæджы.

Сæхицæн чысылгай скодтой фæллæйттæ,

Фæлæ уыд сæ бæллиц цæмæй сын уыдаид хъæбултæ,

Æмæ сын Стыр Хуыцау радта дыууæ хъæбулы —

Хистæр у Дзерассæ, кæстæр та Къоста.

Мад æмæ фыдæн ницы уыд зынаргъдæр

Сæ фидæны рухсытæ, сæ чысыл хъæбултæй.

Дзерассæ бæрзонд æмæ сауцæст рæсугъд чызг,

Ахуырмæ рæвдз уыдис, йæ мад æмæ йæ фыды фæндиаг,

Тынг хорз нысæнттимæ фæцис каст дохтырты институт,

Стæй райдыдта кусын дохтырæй.

Дзерассæ ссис чындзцон чызг,

Куырдтой йæ рæсугъд æмæ хъаруджын лæппутæ,

Стæй уæд йæ амонд ссардта Катайты мыггагмæ,

Хъаруджын лæппуимæ, Катайты Ростикимæ

Сæ цард сиу кодтой.

Райгуырдис сын рæсугъд чызг Маринæ,

Æмæ ныр сæ цинæн нал уыдис кæрон.

Маринæ байрæзтис æмæ уый дæр

Йæ мадау райста дохтыры кадджын ном.

Дзерассæйæн йæ кæстæр, Георгийы фырт

Бæрзонд æмæ рæсугъд, сауцæст

Æмæ саулагъз лæппу, йæ ном та Къоста.

Гыццылæй фæстæмæ рæвдз уыдис æппæтмæ дæр,

Уæлдайдæр та ахуырмæ, нæ йын уыдис æмбал,

Йæ фыд æмæ йæ мады фæндиаг,

Къоста фæцис кадимæ Цхинвалы институт,

Стæй йæ акодтой æфсадмæ

Æмæ йæ хæс бафыста цытимæ.

Фæлæ уæддæр Къостайæн æхсайдта йæ зæрдæ ахуырмæ

Æмæ та райдыдта ахуыр кæнын Киевы университеты,

Æмæ йæ фæцис кадимæ, радтой йын

Философийы зонады ахуыргонды кадджын ном.

Стæй уый фæстæ Къоста райдыдта кусын,

Æвзæрст æрцыдис Хуссар Ирыстоны Парламенты хистæрæй,

Æхсæвæй-бонæй, архайдта ууыл

Цæмæй Ирыстоны адæм æппæтæй дæр рацæуой размæ.

Къоста бацыдис усгур лæджы кары.

Йæ фыд Георги-иу ын арæх дзырдта:

«Мæ лæппу, дæ амонд ссарыны афон у!» —

Æмæ йын бинойнаг æрхастой Пæррæстаты рæсугъды.

Къоста æмæ Пæррæстонæн сæ бæллиц уыдысты хъæбултæ,

Æмæ сын райгуырдис дыууæ сывæллоны: Дзерасса æмæ Батрадз.

Ирыстоны стыр адæмон фыссæг Георги

Раздæр ацыд йе `мкъайæ мæрдты бæстæм дзæнæтмæ;

Ирыстоны адæмыл уæззау зиан æрцыдис,

Георгийæн йæ табæт сæвæрдтой Цхинвалы театры

Æмæ йæм уырдæм цыдысты адæм

Фæстаг хæрзбон зæгъынмæ,

Мæрдты бæстæм æй цæссыг калгæ æрвыстой.

Хасæхъойæн йæ хисдæр чызг, Георгийы кæстæр хо,

Йæ ном та хуындис Дзино, бакастæй уыд рæсугъд чызг,

Уайтагъддæр байрæзтис йæ мад æмæ йæ фыдæн.

Æппæтмæ дæр арæхстис, хъугдуцынмæ, æссивынмæ,

Йæ мады разæй иу æнæзивæгæй фæраст ис

Сугхæссынмæ, рувынмæ, хуым кæрдынмæ, хъугоммæ,

Хъæубæсты та-иу бæрæгбонты йæ зæлланг хъæлæс райхъуыстис.

Дзино чындзцон чызджы кары бацыдис,

Цыдысты йæм хатджытæ хуыздæр мыггæгтæй,

Æмæ Дзино бабаста йæ амонд Джыгкайты мыггагимæ,

Фыды номæй хуындысты Цопантæ, сæ лæппу та Хъæлци.

Хъæлци уыдис рæсугъд цъæхдзæст лæппу,

Дзиноимæ кæрæдзи бауарзтой æнусмæ,

Фæлæ сын нæ бантыст иумæ бирæ ацæрын,-

Хъæлцийы æвзонгæй сау мæлæт баййæфта.

Дзино та ныр дыккаг амонд Нары Дзапартæм ссардта,

Фæлæ та уым дæр Дзинойæн йæ цардвæндаг фæцыбыр, —

Быдыры уæззау куыстытæй Дзино æвиппайды æррынчын

Æмæ ма йæ кæстæр хо Зæрæда кæугæйæ Цхинвалмæ æрласта,

Цхинвалы Дзинойæн йе `взонг зæрдæ банцадис æнустмæ.

Йæ кæстæр хо Дзинойæн Зæрæда

Цæрдæг уыдис куыстытæм гыццылæй,

Суадонмæ-иу дон хæссынмæ сæумæрайсом атахтис,

Стæй-иу уый фæстæ йæ мады бæсты кæрдзынтæ дæр скодта,

Зæрæда иу уый фæстæ йæ мад æмæ йæ хоимæ

Æнæзивæгæй фæраст ис сугхæссынмæ, рувынмæ æмæ ссивынмæ.

Чызджыты `хсæн Зæрæда хицæн кодта йæ бакастæй,-

Тымбыл цæсгом, рæсугъд зынг цæстытæ,

Мыдгъуыз сæрыхъуынтæ — йæ фидыц.

Зæрæда ныр бацыдис чындзцон чызджы кары,

Цыдысты йæм æппæт кæмттæй курджытæ,

Æмæ æппæты фæстаг хатджытæ æрцыдысты

Урстуалтæй, кадджын мыггаг Басатæй.

Бæрзонд, рæсугъд, æлвæст лæппу,

Сауæрфыг, йæ ном хуыйны Хазби,

Зæрæдаимæ кæрæдзи æнусы бонмæ бауарзтой,

Хасæхъо æрхуыдта æппæт хъæуты адæмы

Æмæ скодта Зæрæдайæн нæртон чындзæхсæв.

Фæлæ æвиппайды нæ бæстæм æрбабырста сауызнаг,

Хазби æмæ Зæрæда дæр знаджы ныхмæ райдыдтой тох кæнын,

Хазби нæртон богалау хæсты быдыры,

Немыцæгты ныхмæ хъæбатырæй тох кодта,

Æмæ сæ мæрдтæм бирæты барвыста,

Зæрæда та Цхинвалы госпиталы

Æхсæвæй-бонæй уæззау цæфтæм зылдис.

Зæрæдайæн уæззау уыдис хæсты дуджы йæ цард,-

Бирæ хатт иу госпиталмæ йæ дзидзидай сывæллоны йемæ хаста.

Фæцис майы мæйы уæлахизæй стыр хæст,

Æмæ Хазби дæр майоры чины хорзæхтимæ æрыздæхтис,

Æмæ сæ царды бонтæ адджынæй æрвитынц,

Дыууæ хъæбатыр фырты, Лев æмæ Батрадзимæ.

Уыдон дæр æркодтой сæхицæн æмкъæйтæ.

Левы æмкъай Чилæхсаты мыггагæй Людмилæ,

Æмæ сын Мад Майрæм радта дыууæ рæсугъд чызджы,

Азау æмæ Залиханы.

Азау дæр йæ амонд сбаста Джиоты лæппуимæ,

Æмæ сæ бæллиц сыххæст ис, райгуырдис сын

Дыууæ хъæбулы, Таймураз æмæ Сослан.

Зæлинæ дæр, Лёвайæн йæ дыккаг чызг,

Ссардта ныр йæ амонд, фæцыдис моймæ Козаты мыггагмæ,

Æмæ йын райгуырдис фырт Анатоли.

Зæрæдайæн йæ кæстæр фырт Батрадз,

Бакастæй рæсугъд у, бæрзонд æмæ цъæх цæст лæппу,

Йæхицæн уый дæр æмкъайаг ссардта,

Нарæг астæу саулагъз Цхуырбаты Луизæйы,

Æмæ сын райгуырдис рæсугъд хъæбул Георгий,

Стæй та чызг Алана.

Хасæхъойæн йæ иннæ хорз фырт Хаджумар

Хæрз гыццылæй хæххон куыстæн базыдта йæ ад,

Нырма уал гом къахæй уæлыгæсæй фæцыдис,

Стæй та фийауæй йæ фосы дзугимæ фæтæнты хæтыдис.

Йæ бакаст уыд базыгджын, рæсугъд лæппу, саухил æмæ цъæхдзæст.

Йæ фыд та-иу ын даргъ æхсæвы фæлмæн хъæлæсæй кодта аргъæуттæ.

Хаджумар цадæг йæ лæджы кары бацыд,

Уый фæстæдæр ныффста кадæг

Йæ фыды номыл «Мæ фыды зæронд», зæгъгæ,

Æмæ дзы афтæ фыссы: «Цы уарзон уарзтæй уарзтай,

Йæ ныффыссын, йæ зæгъын нæу æнцон!

Куыстмæ-иу мæ дæ фæллад уæхскыл хастай,

Хуыдтай-иу мæ дæ бирæ мулк, дæ бон».

Хаджумар æппæт куыстмæ дæр дæсны уыд,

Комбæсты та иу фæдис, йе та зиуы

Никæй уагъта йæ разæй.

Хосгæрдæны иу дыууадæс лæгæн сæ фæстæ,

Алæууыдис æмæ иу сæ хоры куыристау раппæрста,

Иунæгæй-иу аходæнмæ стыр фæтæн ракарста,

Æмæ-иу дзы дæс цъерийы самадта.

Иу ахæмы хæххон зымæджы Хаджумарæн йæ фыды,

Хосласгæйæ йæ галтимæ стыр фæтæны

Æвирхъау зæй коммæ фæласта.

Хаджумар уæд цæстныкъуылдмæ

Стыр комы зæйы уæлæ алæууыд,

Æмæ уайтагъд йæ зæронд фыды æд галтæ

Хид калгæйæ æмæ арæхстджынæй ракъахта!

Куывды, кæннод та-иу чындзæхсæвы Хаджумарæн

Йæ кафт, йæ зардæн кæм уыдис кæрон.

Хаджумар бирæ уарзта йæ фыдæлты æгъдæуттæ,

Æмæ фыссы йе `мдзæвгæйы «Мæ къахдзæфты», зæгъгæ,-

«Æз мæ фыдæлты фæндагæй никуы не здæхын ныр дæр».

Хаджумар уыдис Ирыстоны поэттæн сæ хуыздæртæй иу,

Йæ чингуытæ «Цæхджын хойраг», «Мæ къахдзæфтæ»

Цымыдисæй кæсынц Ирыстоны фæсивæд,

Йе `мдзæвгæ «Зонд, тамако æмæ арахъхъ»

Ирыстоны адæмы `хсæн къухæй-къухмæ цыдис.

Æмæ куы `рбабырста фыдызнаг нæ бæстæм, уæд

Хаджумар дæр райста хæцæнгарз йæ къухмæ

Æмæ фæраст ис стыр хæстæн йæ карзмæ

Дард Беларусы тугкалæн зæххыл,

Немыцаг фашистты дæсгæйттæй йæ пулеметæй цагъта

Мæнæ йе `мдзæвгæйы «Тохы быдыры» куыд фыссы:

«Мæстæлгъæдæй бацыдтæн тохы,

Фыдæхæй риу риуыл æмбæлд,-

Цыма иу ныдзæвдис хох хохыл

Æгас æрдз-иу фестад цæхæр.

Цыма вæййы диссагæй хæсты,

Нæ уæм кæсдзæн диссаг мæ фыст,

Кæйдæр арц фæныхсти мæ фæрсчы

Гæзæмæ æмбæрстон йæ рыст.

Знагæн йæ сау арц мæ фарсæй

Фæхицæн, ныццавтон ыл хи,

Мæ тыхыл æрцыдис мæ мæстæй,

Мæ сырх туг мæ фарсæй мызти.

Уæлæмæ йæ фелвæстон зæххæй,

Æрбахгæдта мæстæй мæ хъуыр,

Æмæ йæ æуыцы сæнт цæлхъæй

Мæ быны æрныгуызтон ныр.»

Стæй уæд йæ цуры Хаджумарæн сармадзаны нæмыг фехæлдис,

Ницыуал базыдта, афтæмæй йæ госпиталмæ къуырмайæ баластой,

Йæ мад æмæ йын йæ фыдмæ фронтæй кады гæххæтт æрырвыстой,

Фыстой, зæгъгæ, бузныг уын, уæ лæппу стыр хъару равдыста,

Бирæ фашистты йæ пулеметæй хæсты быдыры ныццагъта.

Хаджумар сыздæхт йæ райгуырæн бæстæм хæстæй фæстæмæ

Æмæ йе `мдзæвгæйы «Фæстæмæ Кавказмæ»-йы фыста:

«Æсуыттон æз урсæй Кавказы бæрзæндтæ,-

Мæ риумæ зæрин хур ныккаст.

Уæрыккау ныкафыд, уæрыккау мæ зæрдæ,

Æз базырджын фестадтæн раст.

Дæ бон хорз, мæ дуне, мæ уарзон Ирыстон,

Ныккæнон дын адджын хъæбыс.

Кæс-ма, кæс, ызгъоры мæ фæрсты Æрыдон,

Фынк калгæ æхсырау йæ хуыз.

Æхсæв-иу дæу уыдтон мæ фыны Уырысы

О, демæ-иу цардтæн æз дæр.

Фыдтохы цæхæры, зымæджы тымыгъы,

Дæ сæрвæлтау хастон мæ сæр»

Æмæ та райдыдта уæхскуæзæй йæ зæронд фыдимæ кусын. 

Йæ мад æмæ йæ фыд ын загътой, ныр афон у нæ лæппу,

Æркæнай ды дæхицæн амондджын бинойнаг.

Хаджумарæн æрхастой Плиты Андырийы чызг Санеты.

Æмæ фæллæйттæ кæнын райдыдтой сæхицæн.

Сæ бæллиц дæр фехъуыстис хуыцаумæ,

Æмæ сын райгуырдис рæсугъд хъæбултæ:

Ацæмæз, Эрик æмæ Вова.

Хаджумарæн йæ хистæр фырт Ацæмæз

Уыд рæсугъд лæппу, цъæхдзæст æмæ онгджын.

Хохæй ралыгъдысты быдырмæ цардагур, Мæздæгмæ,

Сæхицæн скодтой фæллæйттæ,

Хаджумары сывзæрстой быдыры бригадирæй,

Ацæмæз та уыдис колхозы сæрдары хæдивæг.

Ацæмæз æппæтмæ дæр рæвдз уыдис,

Фæцис ахуыр Мæскуыйы хæлцадон институты,

Æмæ ссис Мæздæджы стыр бæгæныфыцæн заводы директор.

Æмкъайæн æрхаста рæсугъд чызг Бэлæйы,

Æмæ сын райгуырдис фыры хъулы хуызæн лæппу – Хаджумар.

Ацæмæз æмæ Бэла адджынæй хæларæй æрвистой сæ царды бонтæ,

Сæ хъæбулы цинæй æхсæвæй-бонæй æнæзивæгæй куыстой,-

Фæлæ Ацæмæзыл æнæнхъæлæджы уæззау низ сæмбæлд,

Æмæ æвиппайды ацы лунейæ ахицæн ис.

Хаджумарæн йæ дыккаг фырт зæрдæхæлар Эрик,

Нæ фæцардис бирæ, æвзонгæй ахуыссыд йæ сау зынг.

Хаджумарæн йæ кæстæр фырт Вова,

Рæсугъд лæппу, онгджын, арæхстджын у куыстмæ,

Йе `мкъай Светланаимæ скодтой фæллæйттæ

Сæ цин æмæ сæ уарзт у сæ хъæбул Хъазбег.

Хаджумар йæхæдæг ас лæгæй фæзиан,

Ирыстоны поэттæн сæ хуыздæртæй иу фæхъуыдис,

Мæздæджы Винограднийы йæ ингæны уæлхъус

Æгас дзыллæ донау сæ цæсты сыгтæ фæкалдтой.

Йæ ингæны уæлхъус ын бакастысты

Йæ уарзон адæмон поэт Къостайы æмдзæвгæ:

«Фæндараст, фервæздтæ нæ мæтæй,

Хуыцауы мацæмæй уал дом.

Мæртдты дын хай уыдзæн дзæнæтæй,

Уæлæуыл баззайдзæн дæ ном.»

Хасæхъойæн йæ астæуккаг лæппу хуындис Сæрæби.

Бæрзонд, къæсхуыр, æлвæст лæппу,

Йæ сæры хъуынтæ зæлдаджы хуызæн.

Гыццылæй йæ мад æмæ йæ фыдæн фæцис æххуысхъом,

Фыццаг уал гом къахæй уæлыгæсæй фæцыдис,

Стæй та фийауæй йæ фосы дзугтимæ фæтæнты хæтыдис.

Уый фæстæ та йе `фсымæр Хаджумаримæ

Хуымгæнæнты, хосгæрдæнты дæллаг галы куыст кодта.

Йæ фыдæн иу йæ фæстæ суг кæнынмæ уæрыккау згъордта,

Йæ мады бæсты та иу куыроймæ бур къæссаимæ фæраст ис.

Сæрæби-иу сæрды куыста уæхскуæзæй,

Даргъ зымæджы бонты та иу кодта ахуыр,-

Йæ мад æмæ йæ фыды тынг фæндыдис,

Цæмæй Сæрæби горæтмæ ахуыркæнынмæ ацæуа,

Æмæ Сæрæби цингæнгæ хохæй горæтмæ ацыдис.

Ахуыр кодта Цхинвалы техникумы,

Стæй та уæд педагогон институты,

Фæцис институт хорз нысæнттимæ,

Стæй райдыдта кусын бæрнон бынæтты:

Куыста Цхинвалы районы фæскомцæдисы фыццаг секретарæй,

Стæй та Дзауы райком партийы дыккаг секретарæй.

Сæрæби йæ куыст æххæст кодта цæсгомджынæй районы,

Æмæ дзы буц уыдысты Дзауы районы адæм.

Йæ хорз куысты тыххæй Мæскуымæ æрвыст æрцыдис,

Уæлдæр партион скъоламæ, æмæ йæ дыууæ азмæ

Хорз нысæнттимæ каст фæцис.

Уый фæстæ бацыдис ахуыр кæнынмæ Мæскуыйы университетмæ,

Æмæ Мæскуйы университеты рæвдзæй райста

Экономикон зонæдты кандидаты ном.

Сæрæби уый фæстæ райдыдта кусын

Ахуыргæнæгæй Мæскуыйы танкты Æфсæддон Академийы.

Ныртæккæ та æртын азæй фылдæр кусы

Профессорæй Мæскуыйы паддзахадон

Электронон æмæ математикон университеты.

Сæрæби йæхицæн æмкъайæн равзæрста

Уырыссаг саулагъз рæсугъд чызг Галяйы,

Æмæ сæ стыр бæллиц фехъуыстис Хуыцаумæ —

Райгуырдис сын дыууæ уарзон хъæбулы Аллæ æмæ Георгий.

Сæрæбийы чызг Аллæ цæрдæг уыдис гыццылæй,

Архайдта-иу хæдзары, цæмæй кодтаид йæ мады куыстытæ,

Стæй уæд ныллæууыд ахуыры фæндагыл,

Æмæ цæсгомджынæй каст фæцис Мæскуыйы университет,

Ссис ныр чындзцон чызг, йæ бакастæй рæсугъд у,

Асæй у бæрзонд чызг,

Æрттиваг цæстытæ ис ын, мыдхъуыз дзыккутæ.

Йæхицæн æмкъайæн ссардта

Зæрдæхæлар лæппуйы, йæ ном хуыйны Юрии,

Æмæ сын райгуырдис уарзон хъæбул Максим.

Аллæ ныр цалдæр азы цæсгомджынæй кусы

Уæрæсейы ахуырады министрады,-

Хъæппæрисæй тох кæны

Сидзæрæй баззайгæ сывæллæтты бартыл.

Сæрæбийæн йæ лæппу Георги

Бакастæй рæсугъд у, онгджын, сау хил.

Гыццылæй цæрдæг уыд, нæ йын уыд æрынцой,

Цæргæсау æрзылдис Кавказæн йæ хæхтыл.

Георги бафыста цæсгомджынæй йе `фсæддон хæс,

Стæй бацыдис ахуырмæ Мæскуыйы унивæрситетмæ.

Уый фæстæ Георгий ныллæууыд фæллой кæныны фæндагыл,

Йæхицæн æмкъайæн ссардта рæсугъд чызг Ольгæйы,

Æмæ адджынæй æрвитынц сæ бонтæ æнусмæ.

Хасæхъойæн йæ кæстæр чызг Ханиффæ,

Чысылæй рæвдз уыдис æппæт куыстытæм,

Йæ мады бæсты иу дон хæссынмæ ныууадис,

Стæй-иу уæд фосæн сæ бынтæ дæр расæрфта.

Фæззæджы та иу æхсæрмæ йе `мбæлттимæ ацыдис,

Сæрды-иу йæ мадимæ къуымбилтæ æхсадта.

Ссис Ханиффæ чындзцон чызг,

Бакастæй рæсугъд у, бæрзонд æмæ бурдзалыг.

Фыццаг амонд Ханиффæ ссардта Дзæгойты Герсанимæ,

Фæлæ Герсанæн нæ бантыстис фæцæрын.

Æмæ та Ханиффæ йæхицæн къай ссардта Джиоты Сибийы,

Адджын æмæ хæларæй æрвитынц сæ царды бонтæ.

Хасæхъойы сывæллæтты кæстæр Елиоз,

Уымæ гæсгæ-иу æй хуыдтой къæссайы цæгъдæнтæ,

Райгуырдис хæхбæсты мæгуыр хæдзары,

Чысылæй фæстæмæ куыстуарзаг уыдис.

Фæцыдис уæлыгæсæй, стæй та фийауæй,

Йæ фосы дзуджы цæсты гагайау хъахъхъæдта,

Стæй уый дæр йе `фсымæртимæ уæззау куыст райдыдта.

Фæстагмæ Елиоз бацыдис йæ лæджы кары,

Æмæ йæм уайтагъд æрсидтысты æфсадмæ,

Цæмæй рæвдзæй бахъахъхъæна йæ фыды бæстæ.

Фæцис хъæууон хæдзарады институт цæсгомджынæй,

Æмæ æрцыдис фæстæмæ йæ райгуырæн уæзæгмæ.

Ссардта йæхицæн æмкъай Хæдарцаты Людæйы,

Æмæ ныр æрвитынц хæларæй сæ царды бонтæ.

Елиоз кусынмæ тынг дæсны у,

Скодта йæхицæн хæдзæрттæ æмæ фæллæйттæ.

Хъæубæсты йæ уарзынц, кадджын у, нымад у:

Цин уа, йе та зиан — фыццаг уый фæрсынц,

Чындзæхсæв æмæ куывды ирон æгъдæуттæ хорз зоны,

Æмæ адæм фæзæгъынц, зæгъгæ,

Сæ Елиоз йæ фыды фарнæй рахаста.

Елиоз фæндагыл цæугæйæ, цы хъæумæ бахауа,

Уым йæ размæ рацæуынц нæлгоймагæй, усæй,

Æмæ йæ хæдзарæй-хæдзармæ хиуон лæгау хонынц.

Хасæхъойæн йæ кæстæр æфсымæр Борсæ —

Бакастæй бæзæрхыг цыбыр лæг,

Саухил, стыр цæст, бæзджын рихи,

Чысылæй уайтагъд йæ фыд Георгийæн æххуысхъом фæцис,

Нæ кодта Борсæ зивæг уæлыгæсæй æмæ фийауæй цæуынмæ.

Фæстагмæ Борсæ бацыдис йæ лæджы кары,

Æмæ иу йе `фсымæртæ Никъо æмæ Хасæхъоимæ

Дæллаг галау кодта хæхæбæсты уæззау куыст.

Борсæ-иу арæх йæ чысыл сырх бæхыл

Быдырмæ фæраст ис нартхор хæссынмæ,

Кæннод та-иу сывæллæттæн быдырæй дыргътæ хæссынмæ.

Бирæ хатт иу Борсæ йе `фсымæр Хасæхъоимæ

Быдырмæ бур цыхтытæ уæй кæнынмæ ласта

Æмæ-иу быдыры искæй хæдзары

Йæ хистæр æфсымæр Хасæхъойæн йæ уæлийæ æрбадтис,

Æмæ иу Хасæхъойæн загъта:

«Цу ма, лæппу, дæлæ акæс мæ бæхтæм»

Борсæ уыдис тынг рæвдз базар кæнынмæ,

Йæ бæхыл-иу стыр уæргътæ алцæмæй йедзагæй хаста.

Уый фæстæ Борсæ йæ хъаруйы фæрцы

Райдыдта Кутаисы кусын стражникæй,

Йæ уæлæдарæс уыдысты сырх цухъхъа æмæ æхсаргард,

Йæ хистæртæ дзы уыдысты стыр буц йæ куыстæй,

Борсæ-иу æвиппайды фыдгæнджыты æрцахста.

Æмæ йын кадимæ лæвæрттæ æмæ афицеры ном радтой.

Иу рæстæджы Борсæ сæхимæ улæфынмæ æрцыдис,

Æмæ бинонты æрыййæфта æнкъардæй.

«Цы хабар у?», — уæд бафарста бинонты Борсæ,

«Цы дын æй æмбæхсæм, нæ хъæуы хицау Никъа,

Де `фсымæр Хасæхъойы кæйдæр бæсты æрвиты

Турчы тугкалæн хæстмæ».

Борсæ уæд абаста йæ фарсыл æхсаргард

Æмæ абадтис йæ бæхыл,

Бахæццæ Рукъмæ, хъæуы хицау Никъамæ,

Æмæ йæ ракодта хъæуы æхсæн ныхасмæ,

Æмæ йæ адæмы æхсæн æргомæй бафарста:

«Кæй бæсты æрвитыс ме `фсымæр Хасæхъойы хæстмæ?»

Æмæ дын æвиппайды Борсæ Никъайæн йæ рихи ацахста,

Афтæмæй йæ йæ фæдыл сæгъласæгау ракодта.

Уæд Никъайæн йæ рихийы æрдæг Борсæйы къухы аззадис.

Фæстагмæ Борсæ сæхимæ бынтондæр Кутаисæй æрцыдис,

Æмæ йын йе `фсымæр Хасæхъо загъта:

«Афон дын у, ме `фсымæр, бинойнаг æрхæссын».

Уый адыл сæрвыстой хатджытæ Брытъатæм,

Æмæ Борсæйæн æмкъайаг цытимæ

Сланты мыггагæй æрхастой,

Бæрзонд æмæ саулагъз рæсугъд чызг Сланты Сæниаты.

Борсæ æмæ йе `мкъай Сæниат æрывнæлдтой

Фæллæйттæ кæнынмæ,

Сæниат рæвдз уыдис хæххон зын куыстытæм?

Хуымгæнæны, йе тохна, йе ссивынмæ сæрдыгон,

Сæумæцъæхæй иу фестад æмæ иу фæраст ис.

 Борсæ уыд тынг райгонд йе `мкъайы хъаруйæ,

Æмæ иумæ хæларæй æмзæрдæйæ сæ куыстытæ кодтой.

Фæлæ уыд сæ сæйрагдæр бæллиц, цæмæй сын уа хъæбултæ,

Æмæ фехъуыстис сæ бæллиц Стыр Хуыцаумæ —

Борсæ æмæ Сланонæн райгуырдис рæсугъд хъæбултæ,

Сæ нæмттæ хуындысты: Лыгка, Сосе, Дзодздзæ,

Адосия, Хату, Уасдже æмæ Гадзыбе.

Сæниат æмæ Борсæ уарзонæй сæ сывæллæтты

Хъомыл кодтой æхсæвæй-бонæй уæззау хæххон уавæрты.

Борсæ сын куы бæхыл, куы та-иу æккойæ

Быдырæй хаста уæззау нартхоры уæргътæ.

Сæниат та-иу сын сæумæрайсомæй

Се скъуыд дзабыртæ стыр теманæй хуыдта.

Сæ хистæр Лыгка уыд бакастæй

Бæрзонд, æлвæст, бурдзалыг лæппу,

Рæвдз уыдис Лыгка æппæтмæ,-

Уалдзæджы, сæрды æмæ фæззæджы куыстытæм.

Гыццылæй фæцыдис уæлыгæс æмæ фийауæй,

Стæй та-иу йæ фыдимæ сæумæрайосм куыстмæ фæраст ис.

Борсæ æмæ Сæниат Лыгкайæн йæ хъаруйæ буцг уыдысты,

Фæлæ райдыдта Стыр Фыдыбæстон карз хæст,

Нæ бæстæм æвиппайды æрбабырстой немыцаг фашисттæ.

Лыгка дæр загъта йæ мад æмæ йæ фыдæн хæрзбон,

Æмæ фæраст ис йе `мбæлттимæ знаджы ныхмæ хæстмæ,

Цыбыр рæстæгмæ фæцис хорзæй æфсæддон скъола,

Æмæ йын радтой хистæр лейтенанты ном.

Бацыдис йæ къордимæ хæстæн йæ тæмæны,

Æмæ фыдызнаджы хæсты быдыры

Куынæг кодтой æхсæвæй-бонæй.

Лыгка-иу йæ къордимæ, алантау, æрхъула кодта

Знагæн йæ алыварс цæстыныкъуылдмæ,

Æмæ иу сæ дæсгæйттæй куыдзы цагъд ныккодта,

Иннæты та-иу уацары ракодта.

Бирæ уарзтой йæ хистæртæ Лыгкайы йæ хъаруйы тыххæй,

Æмæ йын кадимæ лæвæрд æрцыдис бирæ ордентæ.

Лыгка хæсты стыр хъæбатырдзинад равдыста

Æмæ кадимæ фæстæмæ йæ райгуырæн бæстæм æрцыдис,

Æмæ Мæскуыйы майы мæйы Стыр Уæлахизы парады

Сæрбæрзондæй Сырх Æфсады хуыздæр минæвæрттимæ

Мæскуыйы Кремлы раз Сырх Фæзуаты 

Уæлахизы парады хайад райста.

Лыкга бацыдис йæ лæджы кары

Æмæ йæхицæн æмкъайаг ссардта

Рæсугъд чызг Маруся Хетæгоны.

Дыууæйæ æмзæрдæйæ сæхицæн райдыдтой кусын,

Маруся куыста рухсдзинады хаххыл ахуыргæнæгæй,

Лыгка та райдыдта кусын горæты цур районы милицийы хайады.

Ам дæр та Лыгка йæ куысты равдыста стыр хъару,

Фыдгæнджытæ æмæ-иу къæрныхты æрацахста.

Лыгка æмæ йе `мкъай Маруся цардысты хæларæй,

Уыдис сæ бæллиц, цæмæй сын уа хъæбултæ,

Æмæ сын райгуырдис цыппар рæсугъд хъæбулы,

Номæй та сæ хонынц: Верæ, Толик, Витя æмæ Славик.

Лыгка æмæ йе `мкъай Хетæгон

Цæсты гагуыйау схъомыл кодтой сæ хъæбулты.

Хъæбулты хистæр Верæ — бæрзонд æмæ æлвæст рæсугъд чызг,

Йæ мад æмæ йæ фыдæн ныр цумахъом ссис,

Алцæмæ дæр арæхсы Верæ хæдзары куыстытæй,

Стæй уæд Верæ каст фæцис хæлцадон техникум

Æмæ райдыдта кусын хæлцадон уагдæтты.

Верæ йæхицæн ссардта æмкъайæн рæсугъд лæппу Сашайы.

Æмæ сын райгуырдис дыууæ рæсугъд хъæбулы Виталий æмæ Игорь.

Лыгкайæн йæ хистæр фырт, æфсымæрты хистæр Толик

Арæхсы хæдзары æппæты куыстмæ дæр.

Стæй уæд райдыдта Толик шофырæй кусын,

Адæмы арæхстгай автобусы ласы,

Æмæ дзы йæ мад æмæ адæм сæрыстыр сты.

Толик ныр йæхицæн æркодта рæсугъд бинойнаг,

Æмæ сын райгуырдис рæсугъд хъæбултæ.

Йæ дыккаг фырт Лыгкайæн, Толикы кæстæр Витали,

Гыццылæй фæстæмæ æппæтмæ дæр цæрдæг у,

Йæ мад æмæ иу йæ фыдæн Витали сæ куыстытæ кодта.

Бакастæй у Витали сауцæст æмæ саухил рæсугъд лæг,

Витя æмкъайæн йæхицæн æркодта рæсугъд чызджы Альбинæйы,

Æмæ сын Мад Майрæм радта рæсугъд хъæбултæ.

Витя æмæ йе `мкъай сæ хъæбулты цинæй уæхскуæзæй кусынц,

Витя райдыдта кусын бæрнон бынæтты:

Фæкуыста цæсгомджынæй мæргъты фабрикæйы хицауæй.

Стæй та Цæлыччы cовхозы хицауæй,

Йæ куысты æнтыстытæ хъуыст сты дардыл,

Æмæ совхозы Витя æхсæвæй-бонæй архайы

Скодта стыр фæллæйттæ, æмæ

Совхозы адæм ын буц сты йæ хъæппæрисон куыстæй.

Лыгкайæн йæ кæстæр фыртæн йæ ном хуыйны Славик,

Йæ фыдыл гыццылæй ахуыр уыд, йæ фæстæ-иу тахтис

Æмæ-иу йæ фыдимæ зын куыстытæ кодта.

Сыстыр ис Славик, бакастæй онгджын,

Мыдгъуыз цæсгом, цæхæрцæст.

Хъæппæрисæй архайы ууыл, цæмæй скæна фæллæйттæ.

Бæрзонд хохы, Карцайы комы рауагъта стыр дон,

Æмæ дзы сарæзта егъау кул кæсæгтæн.

Славикæн бирæ ис фæсивæдæй хæлæрттæ,

Æмæ йын аргъ кæнынц йæ хъæппæрисон куыстæн.

Нæ бантыстис Лыгкайæн, йæ сывæллæтты фæндиаг,

Адджынæй арвита йæ царды бонтæ,

Æвзонгæй бахуыссыд йæ сау зынг æнусмæ:

Горæтæй рацæйцыд æмæ йын поезд

Йæ машинæйы æнæнхъæлæджы ныццавта.

Куыдтой йыл иуылдæр, хиуонæй-æттагонæй,

Республикæйы мидæггагон хъуыддæгты министр ын стыр кад скодта,

Йæ хорз куысты тыххæй йын йæ уæлмæрдмæ

Министрады Сырх тырыса æрхаста.

Лыгкайæн йæ кæстæр æфсымæр

Борсайæн йæ дыккаг фырт Сосе

Гыццылæй фæстæмæ цæрдæг уыд æппæтмæ,

Йæ фыд æмæ йæ мадæн æнæзивæгæй æххуыс кодта,

Уæлыгæс æмæ фийауæй фæхæтыдис бирæ.

Бакастæй рæсугъд уыд, саухил æмæ сауцæст лæг.

Сосе дæр йæ мад æмæ йе `фсымæртимæ

Цæгат Ирмæ ралыгъдис,

Æмæ æрцардис Беслæны цур Кантысы,

Йæхицæн ссардта æмкъайæн рæсугъд чызг Лидайы,

Æмæ сын райгуырдис рæсугъд сывæллæттæ:

Аллæ, Розæ æмæ Таня.

Сосейæн йæ куыстæй буц уыдысты хъæуты,

Алкæмæн дæр сарæзта сæ хæдзæртты рухсытæ,

Фæлæ йын нæ бантыст бирæ фæцæрын,

Йæ сау зынг æвзонгæй ахуыссыд Бесланы,

Вагзалы вагон æй ныкъуырдта.

Сосейæн йæ кæстæр æфсымæр, йæ ном хуындис Дзоццæ,

Цæрдæг уыд гыццылæй йæ мад æмæ йæ фыдæн цума кæнынмæ.

Хуымгæнæнты, рувæнты, хосгæрдæнты

Æххуыс кодта йæ фыдæн.

Асæй уыд рæстæмбис тъæпæн лæппу, цъæхцæст.

Дзоццæ сырæзтис æмæ йæ лæджы кары бацыд,

Æмæ хохæй быдырмæ йæ бинонтимæ ралыгъдис.

Стæй уæд Цæгаты дард бæстæм

Хъæды куыст кæнынмæ ацыдис.

Æркодта бинойнаг йæхицæн, уырыссаг рæсугъд чызджы,

Æмæ сын райгуырдис лæппу æмæ чызг.

Дзоццæ уыдис Цæгаты хъæды кусджытæн сæ хуыздæр,

Фæлæ йыл сымбæлдис æнамонд хабар æвзонгæй,

Стыр бæлас ыл рахаудта æмæ йæ йæ быны ныцъцъист кодта.

Йе `фсымæртæ йæ Цæгатæй æрластой Беслæнмæ,

Æмæ йæ кадимæ баныгæдтой йæ фыды фарсмæ.

Борсæйæн иунæг чызг уыд, æфсымæртæн та иунæг хо —

Адосия, чысылæй фæстæмæ æххуыс кодта йæ мадæн,

Хъуг дæр-иу радыгъта йæ мады бæсты,

Кæннод та-иу суадонмæ дон хæссынмæ фæраст ис.

Сæниатæн-иу йемæ хъæдмæ суг хæссынмæ дæр ацыдис.

Бакастæй Адося у сауцæст рæсугъд чызг.

Йæхицæн уарзонæн ссардта Козиты Леуаны,

Æмæ сын райгуырдис рæсугъд хъæбултæ,

Номæй сæ хонынц: Лева, Ленæ, Вале, Фатимæ æмæ Вова.

Леуан æмæ Адосия сæ хъæбулты цинæй сæхи амондджын хонынц.

Адæмæн сæ ис, сæ бæркад нæ хæлæг кæнын,

Афтæмæй Леуан æмæ Адосия хæларæй

Сæ царды бонтæ æрвитынц.

Адосияйæн йæ кæстæр æфсымæр Харитон

Чысылæй фæстæмæ базыдта куысты ад,

Йæ фыд Борсæйæн-иу хуымгæнæнты галты сæрбосæй ласта.

Куы та-иу уæлвæндаджы хъæдæй йæ мадимæ хус сугтæ хаста.

Цæрдæг уыдис хæхбæсты сæрдыгон куыстытæм,

Зымæг-иу миты дæр гомкъахæй лæгæрста.

Хату сыстыр ис йæ мад æмæ йæ фыды фæндиаг,

Асæй уыдис рæстæмбис тымбыл лæппу, мыдгъуыз цæсгом.

Хату дæр йæ бинонтимæ Цæгат Ирмæ ралыгъди,

Йе `фсымæр Лыгкаимæ сæ фосы дзуг быдырмæ ратардтой.

Стæй уæд Хатумæ сырх æфсадмæ фæсидтысты,

Æмæ райста æфсæддон ахуырдзинад.

Райдыдта командирæй службæ кæнын,

Беларусы, горæт Гомелы, æмæ Цæгаты,

Фæстæдæр æй службæ кæнынмæ раивтой Мæскуымæ,

Радтой йын булкъоны ном æмæ ссис

Очаковы æфсæддон хайады хистæр.

Мæскуыйы дæр та Харитон æхсæвæй-бонæй архайдта,

Цæмæй йе `фсæддон хайад фыццаг бынат бацахса,-

Бафтыд йæ къухы, æмæ хорзæхджын æрцыд майданæй.

Харитон йæхицæн æмкъай æркодта,

Бæрзонд æмæ æлвæст сауцæст

Рæсугъд чызг Ходы Ирæйы,

Æмæ сын райгуырдис рæсугъд чызг Аллæ.

Харитон æмæ Ирæйæн сæ хъæбул бирæ цин æрхаста,

Хæлар æмæ адджынæй сæ рухс бонтæ æрвыстой.

Сæ хъæбул Аллæ ссис чынддзон чызг,

Æмæ сбаста йæ амонд рæсугъд лæппу Аликимæ.

Фæлæ мæгуыр Аллæйыл уæззау цæвтæ æрцыдис:

Фыццаг уал амардис йæ уарзон мад Ирæ,

Стæй та уæззау фæрынчыны фæстæ йæ фыд.

Харитоны бирæ уарзтой адæм,

Æмæ йæ стыр кадимæ Мæскуыйы Ирæйы цур бавæрдтой.

Хатуйæн йæ кæстæр Борсæйы фырт Уасдже

Йæ райгуырдæй циндзинад æрхаста йæ мад æмæ йæ фыдæн.

Рæвдз уыд гыццылæй хъæбысæй хæцынмæ,

Йе `мбæлтты-иу арæх афсæрста йæ быны.

Кæннод та-иу зымæджы миты бæгъæмвадæй цыдис.

Уасджы дæр йæ фыдæн æххуысхъом фæцис,

Уалдзæджы-иу хуымгæнæнты Борсæ дзывыр дардта,

Уасдже та-иу галты даргъ уисæй скъæрдта,

Йæ мады бæсты та-иу æгъау сугты къона  хъæдæй æрхаста.

Ралыгъдис Уасджæ дæр йæ мад

Æмæ йæ фыдимæ быдырмæ Кантысмæ.

Бакастæй рæсугъд уыд, тъæпæн æмæ онгджын, цæргæсы цæстытæ.

Уасдже дæсны уыд алыхуызон куыстытæм,

Хорз нысæнттимæ фæцис каст хъæууон хæдзарадон институт,

Бирæ рæстæджы фæкуыста консерваразын заводы,

Ныр та æнтысгæйæ кусы йæ фыдау базарадон хаххыл.

Уасдже æмкъайæн йæхицæн æркодта рæсугъд чызг Розæйы.

Æмæ сын райгуырдис æртæ рæсугъд хъæбулы,

Номæй та сæ хонынц: Альберт, Сослан æмæ Дианæ.

Рацыдысты размæ адæмы рæнхъы,

Альберт кусы бæрнон бынаты, экономикæйы фыдгæнджыты ахсы,

Сослан та кусы цæсгомджынæй таможнийы хайады,

Дианæ та æнтысгæйæ каст фæцис медицинон институт.

Уасдже æмæ Розæ райынц сæ сывæллæтты цинæй,

Адæмæн арæх бæркадджын фынг авæрынц,

Сæ кады ном адæмыл хъуыстгонд у.

Уасдже æмæ Розæ хæларæй æмæ адджынæй

Сæ царды бонтæ æрвитынц.

Уасджейæн йæ кæстæр, Борсæйы фырт Гадзыбе,

Йæ мад æмæ йæ фыдæн уыдис къæссайы цæгъдæнтæ,

Борсæ æмæ Сæниат уæлдай уарзт кодтой сæ кæстæр хъæбулы,

Гадзыбе дæр-иу йæ мад æмæ йæ фыдæн

Сæ фæстæ байрагау згъордта,

Æмæ-иу сæ бæсты рог куыстытæ кодта,

Йæ мадимæ-иу хуымтæм рувынмæ фæраст ис.

Райсомæй раджы та-иу йæ уæрыччыты хизынмæ ратардта.

Гадзыбæ дæр йæ мад æмæ йæ фыдимæ быдырмæ ралыгъдис,

Ахуырмæ рæвдз уыдис, фæцис уал скъола,

Стæй та фæцис хъæууон хæдзарадон институт,

Нымадтой йæ се `хсæн фæсивæд хорзæй,

Æмæ йæ сæвзæрстой сæ къорды хистæрæй,

Ацыдысты Казахстанмæ наутæ сæттынмæ.

Гадзыбе бакастæй у бæзæрхыг,

И сын стыр цæстытæ, асæй – рæстæмбис.

Куыста директорæй Джызæлы консервы заводы,

Стæй та уæд бирæ фæкуыста Даргъкъохы

Æмæ Зилгæйы колхозты сæрдарæй.

Йæ хорз куыстæй-иу адæм уыдысты райгонд,

Гадзыбе æхсæв æмæ бон архайдта ууыл,

Цæмæй Даргъкъох æмæ Зилгæйы колхозтæн сæ бæркад уа бирæ.

Фæстагмæ та Гадзыбе райдыдта кусын,

Беслæны районы фæндæгтæ аразыны хицауæй,

Ацы куысты дæр та Гадзыбе хорзæй равдыста йæ хъару,

Беслæны фæндæгтæ сарæзта рæсугъд æмæ лæгъз.

Гадзыбе йæхицæн æркодта æмкъайаг

Рæсугъд чызг Æлборты Лидæйы,

Æмæ сын Мад Майрæм радта рæсугъд чызг Зайка.

Йæ мад æмæ йæ фыды фæндиаг Зайка,

Фæцис Дзæуæджыхъæуы медицинон институт,

Гадзыбе æмæ Лидæ стыр буц сты сæ хъаруджын чызгæй,

Хæлар æмæ адджынæй Гадзыбе æмæ Лидæ сæ бонтæ æрвитынц.

Хасæхъо æмæ Борсæ, дыууæ уарзон æфсымæры,

Фæцардысты бирæ иумæ хæларæй,

Сæ бирæ сывæллæттæн-иу

Хъæбæр кæрдзын дих кодтой æрдæгыл,

Изæр иу фæскуысты стыр хæдзары,

Рабадтысты куыд хистæрæй кæрæдзи фарсмæ,

Æмæ-иу сæ разы джаджджын бур уæлибыхтæ,

Афтæмæй-иу сæ зарæг бæрзонд хæхтæм хъуыст,-

Йе афтæ æрвыстой сæ царды бонтæ.

Борсæйæн йе `фсымæр, Георгийæн йæ кæстæр фырт Гри,

Йæ бакаст рæсугъд уыдис, æппæтмæ дæр арæхстис,

Цуаны-иу куы ацыд, уæд ын сычъи нæ ирвæзт,

Куывды æмæ иу чындзæхæсæвы лæггад кодта хистæртæн,

Сыхæгтæ æмæ йын комбæстæ буц уыдысты йе `гъдауæй.

Фæлæ мæгуыр Грийæн нæ бантæстис фæцæрын,

Халер ын фескъуыдта йæ царды бонтæ.

Георгийæн уыдис цыппар рæсугъд чызджы, æфсымæрты хотæ,

Сæ хистæры номæй хуыдтой Лиса,

Лæгау уыдис хъаруджын æмæ æгъдауджын.

Йæ мады бæсты æппæт куыстытæ дæр кодта,

Лиса бацыдис чындздзон чызджы кары,

Æмæ йæ амонд ссардта Урсдзуары Дзиццойты мыггагмæ,

Æмæ йын райгуырдис фондз рæсугъд хъæбулы,

Номæй та сæ хуыдтой: Никъа, Уасикъо, Быдзег, Ната æмæ Гоги.

Лисайæн та йæ кæстæр хо хуындис Сахти,

Бакастæй бæрзонд æмæ рæсугъд чызг, хъаруджын.

Сахти йæхицæн æмкъай ссардта Бырытъатæм Сланты мыггагмæ,

Æмæ йын райгуырдис цыппар сывæллоны,

Номæй та хуындысты: Естъа, Григол, Верæ æмæ Зæрæда.

Сахтийæн та йæ кæстæр хойы хуыдтой Сона,

Сона та йæ амонд ссардта Ручъы Плитæм,

Æмæ йын райгуырдис цалдæр хъæбулы.

Сонайæн та йæ кæстæр хо уыдис рæсугъд чызг Катерно,

Цæрдæг уыдис хæдзары æппæт куыстытæм

Йæ мады бæсты-иу куыроймæ ацыдис,

Стæй та-иу уый фæстæ дон хæссынмæ фæраст ис.

Ссис Катерно чындздзон чызг,

Æмæ йæ амонд ссардта Ручъы Плиты мыггагмæ,

Катернойæн райгуырдис фондз рæсугъд хъæбулы,

Сæ нæмттæ хуындысты: Хъазыбæг,

Хазби, Самсон, Фари æмæ Бодо.

Уæдæ фæстагмæ зæгъын хъæуы уый,

Æмæ ацы фыды фыртæн Гиуæрги æмæ Гассионæн,

Сæ уидæгтæ царды уылæнты ацыдысты арф,

Сæ зæнæджы, стæй уыдон зæнæджы,

Нымæц ахызтис сæдæ дыууынæй уæлдæр.

Æмæ ноджыдæр уыцы уидæгтæ цæудзысты,

Цардæн йæ уылæнты арфæй-арфдæр,

Æмæ-иу æрымысдзысты сæ рухс ном

Сæ фыдæлтæн æмæ йæ цинимæ

Дзурдзысты сæ рæзгæ хъæбултæн.

Гобийы фырт Батрадз, Георгийæн йæ кæстæр æфсымæр,

Асæй уыд Батрадз цыбыр лæг æмæ бæзæрхыг,

Йæ бакаст та уыдис саухил æмæ сауцæст,

Батрадз бацыдис йæ лæджы кары,

Æмæ йын æрхастой бинойнаг рæсугъд чызг Абианы.

Батрадз æмæ йе `мкъай хæларæй куыстой иумæ,

Æмæ Хуыцаумæ фехъуыстис сæ бæллиц,

Райгуырдис сын аст хъæбулы: Михел, Марико,

Лезо, Асинет, Ясон, Налыхъ, Кеке…

Михел уыдис гыццылæй фæстæмæ цæрдæг æмæ арæхстджын,

Йæ фыд Батрадзæн раджы ссис æххуысхъом,

Уæлыгæс æмæ фийауæй бирæ фæцыдис гом къахæй,

Йæ фыдимæ-иу рæвдзæй хæххон куыстытæ кодта.

Бакастæй Михел уыдис ныллæг лæг, тымбыл æмæ саулагъз.

Михелæн бинойнаг æрхастой саулагъз чызг Саулохты Магдайы,

Æмæ сын райгуырдис æхсæз рæсугъд хъæбулы,

Номæй та хуындысты: Исмел, Геги, Ципæ, Греса, Пена æмæ Машо.

Михел æмæ Магда сæ сывæллæтты цинæй

Æхсæвæй-бонæй уæхскуæзæй куыстой.

Фæлæ Михелæн нæ бантыст бирæ фæцæрын,

Урсдоны лыгъды рæстæджы халæрæй æррынчын,

Æмæ фæзиан ис æвиппайды, сывæллæттæ та

Баззадысты сæ мады æвджид…

Йæ хистæр фырт Михелæн Исмел

Раджы ссис æххуысхъом йæ мадæн.

Исмел йæ мадимæ Магдаимæ кодта ныр фæллæйттæ.

Исмел уыд къаннæг æмæ саулагъз лæг.

Æркодта йæхицæн æмкъай рæсугъд чызг Джыгкайты Сонайы,

Æмæ райдыдтой æмудæй кусын, фæллæйттæ кæнын.

Уалдзæджы хуымгæнæны, сæрды та

Хосгæрдæны-иу сын нæ уыд æрынцад.

Æмæ сын Хуыцау радта æхсæз рæсугъд хъæбулы,

Номæй та сæ хонынц: Зауыр, Фузæ,

Жора, Лидæ, Мурик æмæ Симæ.

Исмел æмæ Сона сæ сывæллæтты цинæй,

Æхсæвæй-бонæй фыццаг Дзомагъы,

Стæй та Карцайы уæхскуæзæй кустой.

Исмелæн йæ хистæр фырт Зауыр

Гыццылæй фæстæмæ куыстуарзаг уыдис,

Фыццаг уал уæлыгæсæй фæхæтыд, стæй та фыййауæй.

Бакастæй та уыдис къаннæг лæппу, бæзæрхыг.

Зауыр уыдис хæларзæрдæ, бирæ уарзта æмгæртты.

Æмкъайæн Зауыр æрхаста рæсугъд чызджы,

Æмæ сын райгуырдис дзæбæх хъæбултæ.

Фæлæ Зауырæн нæ бантыстис бирæ фæцæрын:

Сымбæлдис ыл æвирхъау `намонд хабар —

Машинæ йæ ныццавта…

Зауырæн йæ кæстæр хо Фузæ уыд арæхстджын,

Йæ мады бæсты иу сæумæрайсом куыстытæ акодта.

Ссис Фузæ чындздзон чызг æмæ смой кодта,

Æмæ йын райгуырдис рæсугъд хъæбултæ.

Исмелы фырт, Фузæйæн йæ кæстæр æфсымæр Жора,

Раджы ссис æххуысхъом йæ мад æмæ йæ фыдæн.

Стæй уæд кусын райдыдта Жора,

Йæхицæн æмкъайæн æрхаста рæсугхд чызгджы,

Æмæ сын райгуырдис цалдæр сывæллоны.

Исмелы чызг, Жорайæн йæ кæстæр хо Лидæ,

У хъаруджын, гыццылæй фæстæмæ куыстуарзаг,

Йæ мады бæсты-иу кæрдзын дæр ракодта,

Стæй та-иу изæрæй дон хæссынмæ атахт,

Бакастæй та уыд рæсугъд чызг, сауцæст æмæ саулагъз.

Йæхицæн æмкъайаг ссардта Дыгъуызты Хаджумары,

Æмæ сын райгуырдис дыууæ хъæбулы — Гамлет æмæ Ирæ.

Хаджумар æмæ Лидæ сæ сывæллæтты цинæй

Æхсæвæй-бонæй æмзæрдæйæ кустой,

Лидæйы æфсымæр, Исмелæн йæ кæстæр фырт Мурик,

Рæвдз уыдис æппæтмæ дæр, Исмелæн æххуыс кодта рагæй.

Æркодта йæхицæн бинойнаг рæсугъд чызг Тедеты Тоняйы,

Æмæ сын райгуырдис æртæ сывæллоны:

Азæмæт, Аслан æмæ Зауыр.

Фæлæ Мурик сæ цинæй нæ бафсæстис,

Зæрдæйы уæззау низæй ацыдис цардæй.

Исмелæн йæ кæстæр чызг, Мурикы хо Симæ,

Гыццылæй фæстæмæ хæдзары куыстытæм дæсны уыд.

Йæ мады бæсты иу хъуццытæн сæ бынтæ дæр расæрфта.

Симæ бацыд чындздзон чызджы кары,

Æмæ сбаста йæ амонд рæсугъд лæппу Сидыкъаты Таймуразимæ.

Райгуырдис сын чызг Лариса.

Исмелæн йæ кæстæр æфсымæр Михелы фырт Геги,

Гыццылæй фæстæмæ куысты ад базыдта,

Фыццаг уал Дзомагъы, стæй та Зынцъары.

Уæлыгæс æмæ фыййауæй  Геги дæр фæцыдис.

Геги бацыдис йæ лæджы кары,

Бакастæй уыд рæсугъд лæг, саухил.

Йæ мад æй арвыста горæтмæ ахуырмæ,

Æмæ рæвдзæй йæ мады фæндиаг фæцис каст институт.

Геги райдыдта кусын  ахуыргæнæгæй,

Стæй та уæд Дзауы райкомы дыккаг секретарæй.

Геги йæ куыст æххæст кодта цæсгомджынæй,

Æмæ йæ куыстæй бузныг уыдысты

Дзауы районы фæллойгæнджытæ.

Геги йæ амонд сбаста Казиты рæсугъд чызгимæ Тамаримæ,

Æмæ сын Мад Майрæм балæвар кодта хъæбултæ: Дуня æмæ Сосланы.

Дуня гыццылæй фæстæмæ йæ мад æмæ йæ фыдæн фæцыс æххуысхъом,

Ахуыр кæнынмæ рæвдз уыдис, йæ мад æмæ йæ фыды фæндиаг,

Æмæ фæцис Тбилисы медицинон институт хорз нысæнттыл.

Йæ амонд сбаста  гуырдзиаг лæппуимæ,

Æмæ сын райгуырдис рæсугъд хъæбултæ Маня æмæ Экъа.

Дуняйы æфсымæр Гегийæн йæ лæппу Сослан

Гыццылæй фæстæмæ дæсны у æппæт куыстытæм.

Сослан баззад гыццылæй йæ фыды æвджид,

Йæ мад Казион æвзонгæй уæззау низæй фæзиан.

Сослан ахуыр кæнынмæ бацыдис æмæ фæцис каст институт,

Ныртæккæ кусы хъæууонхæдзарадон институты.

Сослан бинойнаг æркодта рæсугъд чызг Аллайы Коликаты.

Æмæ сын райгуырдис дыууæ хъæбулы Жорик æмæ Дато.

Геги та дыккаг кайæн æркодта гуырдзиаг сылгоймаг Зинæйы.

Æмæ сын райгуырдис уæйыг фырт  Батрадз.

Батрадз бакастæй рæсугъд у, бæрзонд æмæ онгджын,

Арæстады куыстытæм арæхсы хорз,

Буц дзы сты иууылдæр, хионæй æдтагонæй.

Бинойнагæн æркодта рæсугъд чызг Таняйы,

Æмæ сын райгуырдис сывæллæттæ,

Номæй сæ хонынц Маринæ, Георги, Иринæ.

Батрадз æмæ йе `мкъай сæ хъæбулты цинæй фæрнæй кусынц.

Гегийæн йæ кæстæр хо, Михелы чызг Ципæ,

Гыццылæй фæстæмæ хъаруджын у куысты.

Ципæ æппæт куыстытæ дæр кодта йæ мады бæсты,

Уæлвæндагæй-иу æргъомæй хус сугтæ хаста,

Хосгæрдæны та-иу æнæзивæгæй хос æссывта.

Ципæ уыдис бакастæй фидар чызг, сау дзыккуджын,

Ысмой кодта рæсугъд лæг Гæджиты Герасæй,

Фæлæ сын цæрын нæ бантыст,

Герас уайтагъд фæрынчын æмæ амард.

Ципæйæн  йæ кæстæр æфсымæр Михелы фырт Греса,

Цæрдæг уыдис гыццылæй фæстæмæ,

Уæлыгæс æмæ фийауæй Дзомагъы къуылдымтыл фæцыдис.

Æнæзивæг уыд Греса хъæубæсты,

Æмгæрттимæ-иу хæларæй фæхъазыд.

Бакастæй та уыд рæсугъд æмæ базыгджын.

Фæлæ йын нæ бантыст бирæ фæцæрын,

Æрмæст ма Греса йæ номыл ныууагъта хæдзары цур иу бæлас,

Æмæ-иу æй хъæуы сывæллæттæ хуыдтой Гресайы бæлас.

Йе `мгар Хаджумар та йыл ныффыста æмдзæвгæ:

«О, мæнæ мæ разы дæ садзгæ бæлас,

Æппæт дæр æрлæууыд мæ зæрдыл:

Дæ уарзæгой зæрдæ, дæ сабыр æнгас,

Знонау куы хъазынц мæ цæсты.

Нæ хохы фыйауæй нæ хуыссæн уыд иу,

Нæ фос иу куы хызтам хæццæйæ.

Куы-иу уыд нæ сыхы чындзæхæсæв гъе зиу, —

Сæ цума сын кодтам къæзгæйæ.

Дæу сау мæлæт айста — æнусон æлдар,

Ды мемæ кæддæрау нæ хъазыс,

Мæ чысыл æфсымæр, мæ хæлар æмгар,

Знонау мæ цæстытыл уайыс.

Дæ садзгæ бæласмæ сæркъулæй кæсын,

Дæ хуыз мын æрдавы мæ размæ.

Мæ судзгæ цæсты сыгæй мæ рустæ æхсын

Мæнæй дæ нæ байсдзысты азтæ».

Гресаты кæстæр хо, Михелы чызг Пена,

Гыццылæй фæстæмæ æппæтмæ дæр арæхстис,

Йæ мады бæсты-иу дон хæссынмæ дæр фæраст ис.

Стæй та-иу къуымбилт  æхсынмæ дæр фæкастис,

Пена бацыдис чындздзон чызджы кары,

Æмæ йæхицæн æмкъай ссардта,

Пена æмæ йе `мкъайæн райгуырдис хъæбултæ,

Номæй та сæ хонынц: Чермен æмæ Аничка.

Чермен фæцис йæ фыдæн æххуысхъом,

Стæй уый дæр бацыдис йæ лæджы кары,

Бакастæй ныллæг, фæлæ бæзæрхыг, тымбылцæсгом.

Бинойнаг æркодта, æмæ сын райгуырдис

Дыууæ сывæллоны: Петя æмæ Мери.

Черменæн йæ кæстæр хо Пенайы чызг Аничкæ,

Хъаруйæ æххæст у, кусынмæ арæхсы.

Чындздзон чызджы кары бацыдис, смой кодта,

Æмæ йын райгуырдис лæппу Муравик.

Михелæн йæ кæстæр хо, Батрадзы чызг Марикъа

Арæхстис хæххон куыстытæм,

Æххуыс кодта сæрдæй-зымæгæй йæ мад æмæ йæ фыдæн.

Бакастæй уыд тъæпæн ус, йæ цæсгом та сырхцъар.

Марикъа моймæ ацыдис Плитæм,

Йæ лæг та уыд Хуысинæ,

Æмæ сын Хуыцау балæвар кодта рæсугъд хъæбултæ,

Номæй та сæ хуыдтой: Сардо æмæ Левтыр,

Хозæмæт, Лези, Уæлицæ æмæ Софран.

Хуысинæ æмæ Марикъо сæ схъомыл кодтой дзæбæхæй,

Æрмæст сæ фырт Левтыр

Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй нал æрыздæхт,-

Йæ уд радта æвзонгæй йæ райгуырæн бæстæйы сæрыл.

Батрадзæн йæ дыккаг чызг, Марикъойæн йæ хо Лезо

Гыццылæй фæстæмæ æппæтмæ дæр тырныдта.

Йæ мады разæй-иу куыстмæ æнæзивæгæй фæраст ис,

Лезо ссис чындздзон чызг, ысмой кодта Ручъы хъæуы Плитæм,

Æмæ сын Майрæм Мад радта фондз хъæбулы,

Номæй та сæ хонынц: Ефим, Къоста, Никъала,Оля æмæ Шамил.

Æмæ сæ мад æмæ сæ фыдæн уыдон дæр æххуыс кодтой сæ куысты.

Батрадзы чызг Лезийæн йæ кæстæр хо Асинет

Хæххон куыстмæ чысылæй фæстæмæ рæвдз уыдис,

Йæ мады бæсты-иу куыроймæ дæр æнæзивæгæй цыдис…

Асинет чындздзон чыздджы кары бацыдис,

Æмæ йæ амонд ссардта Ручъы хъæуы Плиты Гиноимæ.

Æмæ Хуыцаумæ фехъуыстис сæ бæллиц,

Райгуырдис сын авд хъæбулы: Дзоццæ, Леви, Петя,

Гызи, Заре, Лези æмæ Бела.

Сæ сывæллæтты цинæй Гино æмæ Асинет

Хæххон бæсты æхсæвæй-бонæй кусыныл архайдтой.

Сæ сывæллæттæ иууылдæр рацыдысты хъаруджын,

Хъæубæсты æмæ сæ комбæсты адæм уыдысты стыр буц.

Дзоццæ æмæ Петя адæмæн бирæ лæггад кодтой,

Фæлæ сын нæ бантыст бирæ фæцæрын,-

Уæззау низæй фæрынчын сты æмæ амардысты.

Асинетæн йæ кæстæр æфсымæр Налыхъ

Цæрдæг уыдис хæххон уæззау куыстытæм,

Хуым кæнын æмæ  иу хоскæрдыны рæстæджы

Æххуыс кодта йæ фыдæн.

Налыхъ бацыд усгур лæджы кары

Æмæ бинойнаг æркодта йæхицæн,

Æмæ сын райгуырдис лæппу Фили.

Фæлæ Налыхъæн йе `мкъайæн,

Нæ бантыст бирæ фæцæрын,

Æмæ сæ хъæбул Фили баззадис сидзæрæй.

Бакастæй Фили уыд астæуккаг саухил лæппу.

Фили дæр ацыдис Стыр Фыдыбæстон хæстмæ,

Фæлæ фæстæмæ нал æрыздæхт хæстæй.

Налыхъы кæстæр æфсымæр, Батрадзы лæппу Ясон

Ацыдис фæсарæнмæ, Туркмæ,

Æмæ нал æрцыд фæстæмæ йæ бæстæм.

Батрадзы æппæты кæстæр чызг Къекъе

Гыццылæй фæстæмæ арæхстис æппæт куыстытæм.

Стæй смой кодта, æмæ йын райгуырдис хъæбултæ.

Батрадзы æфсымæр Гобийы цыппæрæм фырт Бега,

Асæй уыдис рæстæмбис, бæзæрхыг лæг,

Бакастæй та бурхил, уыдис ын стыр цæстытæ.

Æрхаста йæхицæн бинойнаг, рæсугъд чызджы,

Æмæ сын райгуырдис фондз рæсугъд хъæбулы,

Номæй та хуындысты: Харитон, Антон,

Куыцыкк, Аника æмæ Дарикъо.

Бега æмæ йе `мкъай цин кодтой сæ сывæллæттыл.

Бегайæн йæ хистæр фырт Харитон

Гыццылæй фæстæмæ йæ фыды фæндиаг

Дæсны уыд куыстытæм.

Фыццаг уал уæлыгæс цыдис Харитон.

Стæй та фыййауы лæдзæг райста йæ къухмæ.

Æмæ-иу йæ фосы дзуг бæрзонд фæтæнтæм тардта.

Харитон ныр стыр у, йæ фыдимæ

Хуым дæр кæны æмæ хос дæр кæрды,

Бакастæй та рæстæмбис, бæзæрхыг лæг, бурдзалыг.

Хъæубæсты, комбæсты Харитон уыд кадджын,

Хорз арæхстис хæдзары æмæ чъырыны къултæ амайынмæ.

Харитон бацыдис усгуры кары,

Æмæ æмкъайæн æркодта Плионы.

Харитон æмæ йе `мкъай æмзæрдæйæ

Иумæ фæллæйттæ кæнынц, æмæ ныр

Сæ сæйрагдæр  бæллиц фехъуыстис хуыцаумæ,-

Райгуырдис сын æхсæз рæсугъд хъæбулы,

Сæ нæмттæ хуыйнынц: Хъæрæсе, Къола,

Иван, Ладе, Гадзыбе æмæ Фаризæт.

Харитон æмæ йе `мкъай стыр буц

Уыдысты сæ сывæллæтты рæзтæй,

Æмæ æхсæвæй-бонæй æнæзивæгæй куыстой.

Куыд хистæрæй, уайтагъд сæ мад

Æмæ сæ фыдæн цумахъом фесты.

Харитонæн йæ хистæр фырт Хъæрæсе

Чысылæй фæстæмæ рæвдз уыдис æппæт куыстытæм.

Йæ фыдæн-иу йемæ Хъæрæсе сæрбосæй фæцыдис галтыл.

Уæлыгæс æмæ фыййау дæр бирæ фæцыдис.

Хуымгæрдæнты æмæ хосгæрдæнты дæр

Æнæзивæгæй æххуыс кодта йæ фыдæн.

Бакастæй уыдис Хъæрæсе рæстæмбис,

И сын худгæ цæсгом, стыр цæстытæ.

Бацыдис Хъæрæсе усгур лæджы кары,

Æмæ йын æрхастой бинойнаг Захъхъайæ,

Бехъанты мыккагæй, йæ ном – Гатинæ,

Æмæ сын райгуырдис рæсугъд чызджытæ,

Номæй та сæ хонынц Раиса, Шура,

Тамара, Маня æмæ Оля.

Хъæрæсе æмæ Гатинæ

Сæ сывæллæтты цинæй скодтой фæллæйттæ.

Хъæрæсе тынг рæвдз уыдис алыгъуызон куыстытæм,

Хуымгæнæны-иу йæ фарсыл бур къæсса бабаста,

Æмæ-иу афтæмæй хъæбæрхор тыдта.

Хосгæрдæнты та-иу Хъæрæсе ссивынмæ рæвдз уыдис,

Æмæ-иу бæрзонд фæтæнтæй  хосы улæнтæ æфтауцмæ æппæрста.

Хъæрæсейæн йæ чызджытæ куыд хистæрæй æххуысхъом баисты.

Йæ хистæр чызг Раисæ хъаруджын уыд лæппуйау,

Йæ мады бæсты-иу хъуццытæ дæр радыхта,

Бинонтæн дæр-иу æхсæвæрмæ кæрдзын ракодта,

Сыхæгтæн дæр-иу бирæ хатт сæ куыстытæ бакодта.

Раисæ бацыдис чындздзон чызджы кары,

Бакастæй рæсугъд уыд, уыдис ын

Сау цæстытæ æмæ сау дзыккутæ.

Ысмой кодта Плиты Газаккæй,

Æмæ сын райгуырдис æртæ рæсугъд хъæбулы:

Æхсар, Эммæ æмæ Зоя.

Раисæ ахуыр кæнынмæ рæвдз уыдис,

Æмæ фæцис каст медицинон техникум.

Раисæ цæсгомджынæй æххæст кодта йæ хæстæ.

Йæ кæстæр хо Раисæйæн Шурæ

Хъаруджын уыд æппæтмæ дæр,

Хъæубæстæ уый дæр Раисæйау уарзтой.

Шурæ бацыдис чындздзон чызджы кары,

Æмæ смой кодта, райгуырдис ын хъæбултæ.

Шурæйæн йæ кæстæр хо, Хъæрæсейы чызг Тамарæ,

Йæ хотау уый дæр алцæмæ дæр арæхстис,

Тамарæ йæхицæн æмкъай ссардта дзæбæх лæппуйы,

Æмæ сын райгуырдис рæсугъд хъæбултæ.

Тамарæйæн йæ кæстæр хо, хъаруджын Маня,

Æмæ Хъæрæсейæн йæ кæстæр чызг  Оля,

Сæ амонд ссардтой, райгуырдис сын сывæллæттæ.

Харитонæн йæ лæппу, Хъæрæсейы  кæстæр æфсымæр Къола,

Чысылæй фæстæмæ цæрдæг уыдис хæдзарон куыстытæм,

Уæлыгæс, стæй та фыййау цыдис æнæзивæгæй.

Йæ фыд Харитон-иу куы амадта хæдзары систæ,

Уæд иу æм Къола та лæвæрдта дуртæ.

Хуымгæнæнты æмæ иу хосгæрдæнты

Йæ фыдимæ фæраст ис куыстмæ.

Бакастæй та уыдис базыгджын,

Бæрзонд æмæ сау цæст лæппу.

Къола дæр бацыдис усгур лæджы кары,

Æмæ йæхицæн æмкъай æрхаста

Рæсугъд саулагъз чызг Хъониатæй, Плиты Нидзæйы.

Æмæ сын райгуырдис рæсугъд хъæбултæ,

Номæй та сæ хонынц Уырызмæг æмæ Дудар.

Фæлæ Къола гыццылæй йæ сывæллæтты сæ мадимæ ныууагъта,

Æмæ ацыдис Стыр Фыдыбæстыйон хæстмæ,

Знаджы ныхмæ хъæбатырæй тох кæнын райдыдта.

Хæсты быдыры Къола иукъорд немыцаджы уацары ракодта,

Йæ хъæбатыр тохы тыххæй хорзæхджын æрцыдис майдантæй.

Хæст фæцис æмæ Къола фæстæмæ Ирыстонмæ æрцыдис,

Райдыдта кусын Ручъы сельсоветы сæрдарæй,

Йæ хорз куыстæй йын адæм стыр буц уыдысты.

Дыккаг хатт та Къола бинойнаг æркодта Плиты  Майсурæты,

Райгуырдис сын æртæ хъæбулы: Таймураз, Ленæ æмæ Заирæ.

Харитоны фырт Къолайы кæстæр æфсымæр Иван,

Йæ мад æмæ йæ фыдæн чысылæй фæстæмæ æххуысхъом фæцис,

Фыццаг уал уæлыгæсæй фæцыдис, стæй та

Фыййауы лæдзæг райста йæ къухмæ.

Цæрдæг уыд Иван йæ фыды фæндиаг æппæт куыстытæм,

Бакастæй уыд Иван бæзæрхыг, базыгджын лæг, цъæхдзæст.

Бацыдис Иван дæр усгур лæджы кары,

Æмæ йæхицæн ссардта æмкъайæн Багаты Женяйы,

Сæ бæллиц фехъуыстис хуыцаумæ хорзæй,

Райгуырдис сын фондз хъæбулы:

Светæ, Ленæ, Луизæ, Славик æмæ Гульнарæ.

Иван æмæ Женя сæ сывæллæтты цинæй

Æхсæвæй-бонæй сæ куыст нæ уагътой.

Иван ахуыргæнæгæй уал райдыдта кусын,

Стæй та йæ Цъинагары колхозы сæрдарæй равзæрстой,

Иван уым бирæ азты цæсгомджынæй фæкуыста.

Æмæ Цъинагары колхоз Хуссары фыццаг бынат бацахста.

Иван уыдис зондджын лæг, æмæ йæ хорз куысты тыххæй

Депутатæй сывзæрстой СССР-ы Уæлдæр Советмæ.

Иванæн йæ сывæллæттæ тынг хъаруджын рацыдысты.

Йæ хистæр чызг Светæ лæппуйы хуызæн

Æххуыс кодта йæ мад æмæ йæ фыдæн.

Света у бакастæй бæрзонд æмæ рæсугъд чызг,

Сау стыр цæстытимæ.

Æнтысгæйæ фæцис Мæскуыйы экономикон институт.

Иваны чызг, Светæйы кæстæр хо Ленæ,

Тынг æнæзивæг у, йæ мады бæсты-иу алы куыст дæр кодта.

Бакастæй уындджын у, нарæгастæу, бæрзонд чызг.

Ленæ ахуыр кæнынмæ рæвдз уыдис,

Каст фæцис медицинон институт,

Смой кодта Наниты Левæй,

Æмæ сын райгуырдис рæсугъд хъæбултæ

Маринæ æмæ Алыксандр.

Ленæйæн йæ кæстæр хо Луиза дæр

Хъаруджын у, йæ хотау, æппæт куыстыты.

Луизæ смойм кодта Тедеты мыггагмæ.

Иванæн йæ иунæг фырт Славик,

Хотæн сæ уарзон æфсымæр.

Алцæмæ дæр дæсны у, хорз арæхсы базарады куыстмæ,

Йæ фыдау у хæларзæрдæ æмæ раст лæг.

Иванæн йæ кæстæр чызг, хоты кæстæр Гульнарæ,

Хъаруджын у хæдзары куыстытæм,

Йæ мад Женя бузныг уыд йæ куыстæй,

Йæхицæн рæсугъд æмкъай ссардта, мыггагæй Санахчян,

Æмæ хæларæй æрвитынц сæ царды бонтæ иумæ,

Сæ сывæллæттимæ Алеся æмæ Давидимæ.

Иван æмæ Женя нæ бафсæстысты сæ сывæллæтты цинæй,

Нæ сын бантыст бирæ иумæ фæцæрын,

Иван уæззау фæрынчын æмæ ацыдис цардæй.

Адæм Иваны сæфтыл фæхъынцъым кодтой,

Æмæ йæ Згъудеры Цхинвалы стыр кадимæ бавæрдтой.

Иваны кæстæр æфсымæр , Харитоны лæппу  Ладе дæр

Йе `фсымæрау, фæцыдис уæлыгæс æмæ фийауæй,

Стæй та фæззагон æмæ зымæджы куыстытæ йæ фыдимæ кодта.

Ладе уыдис бакастæй ныллæг æмæ бæзæрхыг,

Уыдис ын стыр цæстытæ, ахуыр кæнынмæ дæр рæвдз уыдис.

Ахуыр кодта Ростовы, куыста бæрнон бынæтты.

Цæсгомджынæй куыста Знауыры районы милицийы хистæрæй.

Стæй та куыста областы паддзахадон æдасдзинады комитеты.

Ладейæ буц уыдысты йæ хистæртæ иууылдæр

Йæ хъæппæрисон куысты тыххæй,

Æмæ хорзæхджын æрцыдис орден æмæ майданæй.

Ладе йæхицæн æмкъайæн æркодта Къатойы,

Æмæ сын райгуырдис рæсугъд хъæбултæ,

Номæй та сæ хонынц: Феликс, Сæлимæт,

Дзерассæ, Зоя æмæ Ларисæ.

Ладе æмæ Къато сæ сывæллæтты цинæй,

Æхсæвæй-бонæй фæллæйттæ кодтой.

Хистæр фырт Феликс куы сыстыр, уæд ацыдис Ленинградмæ.

Ладейы хистæр чызг, Феликсы хо Сæлимæт,

Йæ мады бæсты-иу `нæзивæгæй бакодта куыстытæ.

Хъыгагæн, уый æрыгонæй амард.

Ладейы чызг хæларзæрдæ Сæлимæты хо Дзерасса

Уырысмæ ацыдис, уым æвзонгæй фæзиан.

Ладейæн йе `ннæ чызг Зоя, æххуыс кодта йæ мадæн,

Стæй смой кодта Джанвеладзейæ,

Æмæ сын райгуырдис рæсугъд хъæбултæ,

Мадинæ, Тамази æмæ Светæ.

Ладейæн йæ кæстæр чызг Лариса,

Гыццылæй фæстæмæ уыдис куыстуарзаг,

Йæ мад æмæ йæ фыдæн бирæ лæггад фæкодта,

Уæлдайдæр та йæ фыдæн йæ рынчыны бонты рæстæджы.

Ларисæ ахуыр кæнынмæ дæр рæвдз у, фæцис каст институт,

Бакастæй у рæсугъд чызг, и сын рæсугъд цæстытæ.

Смой кодта Басишвилийæ, æмæ сын Мад Майрæм

Балæвар кодта хъæбултæ, Бэла æмæ Бадри.

Лариса йе `мкъаимæ иумæ хæларæй  сæ царды бонтæ æрвитынц.

Ладейæн йæ кæстæр æфсымæр, Харитоны лæппу Гадзыбе,

Æвзонгæй амардис, нæ йын бантыст цæрын.

Æфсымæрты кæстæр хо Харитоны иунæг чызг Фаризæт,

Хъаруджын уыд æппæт куыстытæм гыццылæй фæстæмæ,

Бакастæй рæсугъд уыд, чызгджы кары бацыд, смой кодта,

Æмæ сын райгуырдис дыууæ рæсугъд хъæбулы.

Харитонæн йæ кæстæр æфсымæр Бегайы лæппу Антон,

Хæдзарон куыстытæм гыццылæй фæстæмæ рæвдз уыдис.

Антон иу хуымгæнæнты æмæ хосгæрдæнты

Харитонимæ уæхскуæзæй куыста.

Антон ссис усгур, йæ лæджы кары бацыдис,

Æмæ йæхицæн æмкъай æркодта Бутуйы,

Райгуырдис сын дыууæ чызджы: Дзена æмæ Дзека.

Хистæр чызг Дзена дæр хъаруджын уыдис куысынмæ,

Стæй уæд Дзена смой кодта.

Дзенайы хо, Антоны кæстæр чызг Дзека

Смой кодта, йæ лæг уыдис Бæгъиатæй,

Æмæ сын райгуырдис сывæллæттæ.

Бегайæн йæ кæстæр фырт, Антоны æфсымæр Куыцыкк дæр

Чысылæй фæстæмæ куысты ад базыдта хæхбæсты,

Фæцыдис уæлыгæс, стæй та фыййауæй хъæубæсты.

Бакастæй уыд æлвæст лæг, милгъуыз сæрыхъуынтимæ.

Куыцыкк дæр бацыдис усгур лæджы кары,

Æмæ йын æрхастой бинойнагæн рæсугъд чызджы,

Æмæ сын райгуырдис цыппар хъæбулы,

Номæй та сæ хонынц: Шакро, Цъицъа, Аминæт æмæ Мартæ.

Куыцыкк æмæ йæ бинойнаг  сæ сывæллæтты цинæй

Æхсæвæй-бонæй æмзæрдæйæ кусынц.

Сæ хистæр фырт Шакро сын фæцис æххуысхъом,

Æнæзивæгæй-иу йæ фыдимæ хуым кæнынмæ фæраст ис.

Шакро уыд бакастæй рæсугъд лæг, мыдгъуыз цæсгом.

Бинойнаг ын æрхастой рæсугъд чызг,

Æмæ сын райгуырдис æртæ сахъ хъæбулы,

Номæй та сæ хонынц: Савели, Таймер æмæ Амырхан.

Шакройы хистæр фырт сахъ лæппу Савели,

Арæзтадон куыстытæм рæвдз уыдис йæ фыды фæндиаг.

Бакастæй та уыдис зæрдæмæдзæугæ,

Саулагъз, уыдис ын худгæ цæстытæ.

Йæхицæн æмкъайæн æркодта рæсугъд чызджы,

Æмæ сын райгуырдис æртæ хъæбулы.

Шакройы лæппу, Савелийы æфсымæр Таймер,

Цæрдæг уыд гыццылæй фæстæмæ куыстмæ,

Йæ фыды бæсты-иу `нæзивæгæй кодта хæдзарон куыстытæ,

Стæй йын æрхастой бинойнаг, рæсугъд чызджы,

Æмæ сын райгуырдис цалдæр сывæллæттæ.

Шакройæн йе `ртыккаг фырт, Таймеры æфсымæр Амырха,.

Нæ кодта зивæг хæдзарон куыстытæм,

Шакро æмæ дзы йæ мад буц уыдысты

Хъаруджын кæй уыдис, уый тыххæй.

Амырхан дæр йæхицæн æрхаста бинойнаг,

Æмæ сын райгуырдис рæсугъд хъæбултæ.

Шакройæн йæ кæстæр æфсымæр Куыцыккы лæппу Цъицъа

Рæвдз уыдис æппæты куыстытæм хæхбæсты.

Цъицъа дæр æрхаста йæхицæн бинойнаг

Æмæ сын райгуырдис рæсугъд хъæбултæ

Цъицъайæн йæ кæстæр хо, Куыцыккы чызг Аминæт,

Бакастæй рæсугъд чызг, даргъ дзыккутæ æмæ рæсугъд цæстытæ,

Смой кодта рæсугъд лæппуйæ, æмæ сын рацыдис

Адæмы рæгъы рæсугъд хъæбултæ.

Аминæтæн йæ кæстæр хо, Куыцыккы чызг Мартæ

Сæрæн уыд гыццылæй фæстæмæ хæдзары зылдтытæм.

Бакастæй уыд рæсугъд чызг, смой кодта Мæздæггаг лæппуйæ,

Æмæ сын райгуырдис рæсугъд хъæбултæ.

Бегайы чызг, Харитон æмæ Куыцыккы хо Аника,

Æнæзивæг уыд гыццылæй фæстæмæ йæ мады цуматæм.

Бакастæй уыдис рæсугъд чызг, мыдгъуыз сæрыхъуынтæ.

Аника йæхицæн рæсугъд лæппу ссардта,

Хуыдтой йæ Леуан, Ручъы Плитæй,

Æмæ сын райгуырдис фондз  саг гуырды æмæ иу чызг,

Номæй та сæ хуыдтой: Александр, Христофор,

Лади, Садуллæ, Исмел æмæ Лизæ.

Леуан æмæ Аника стыр буц уыдысты сæ рæсугъд хъæбултæй,

Æхсæвæй-бонæй, сæ сывæллæтты цинæй нæ зыдтой æрынцой,

Æмæ хъæубæсты,комбæсты хъаруджын уыдысты.

Сæ лæппу Христофор цæсгомджынæй куыста,

Областы милицийы уголовон хайады хистæрæй.

Бегайæн йæ кæстæр чызг, Аникайы хо Дарико,

Сæрæн уыд уый дæр йæ хойау.

Дарико дæр ссис чындздзон чызг йæ мады фæндиаг.

Йæ амонд сбаста рæсугъд лæппуимæ Ручъы Плитæй,

Æмæ сын райгуырдис æхсæз рæсугъд хъæбулы:

Степка, Филипп, Асиат, Гзи, Лезо æмæ Машо.

Дарико æмæ йе `мкай сæ сывæллæтты цинæй

Æмзæрдæйæ кодтой сæхицæн фæллæйттæ.

Сæ фырттæ Степко æмæ Филипп,

Æппæт куыстытæм дæр рæвдз уыдысты чысылæй фæстæмæ.

Филип цæсгомджынæй службæ кодта Æфсæдды рæнхъыты,

Æмæ йын радтой булкъоны чин.

Уæдæ Бегайæн йæ сывæллæтты сывæллæтты

Сывæллæттæн сæ нымæц сæдæйæ ахызтис,

Фыды номæй-иу сæ хъæубæсты хуыдтой Сезитæ.

Хъæубæсты æмæ комбæсты Бегайæн

Йæ кæстæртæ нымад уыдысты хорзыл.

Бахъуыды сахаты-иу, чындзæхсæв уыдаид, йе та зиан,

Лæггад-иу кодтой цæсгомджынæй, кæронмæ,

Æмæ сæ комбæсты адæм стыр бузныг уыдысты.

Бегайæн йæ кæстæр æфсымæр, Гобийы фырт Дохцыхъо

Гыццылæй фæстæмæ бирæ фæцыд уæлыгæс æмæ фийауæй.

Дохцыхъо уыд бакастæй рæсугъд лæг,

Уыдис ын цъæх цæстытæ, мыдгъуыз цæсгом, бæзæрхыг лæг.

Дохцыхъо дæсны уыдис, йе `фсымæртау, æппæт куыстытæм дæр:

Хорз арæзта дзоныгътæ, æфсондзтæ æмæ дзыбыртæ.

Гоби æмæ Залихан буц уыдысты сæ лæппу Дохцыхъойæ,

Æмæ йын бинойнаг æрхастой Найраг рæсугъд чызг Дзапарты Нанайы.

Сæ бæллиц фехъуыстис хуыцаумæ,-

Райгуырдис сын фондз рæсугъд хъæбулы,

Номæй та сæ хуыдтой: Гæбила, Федыр,

Уардис, Лада æмæ Цъæхчызг.

Дохцыхъо æмæ Дзапарон сæ сывæллæтты

Цинæй кодтой фæллæйттæ.

Сæ хистæр фырт Гæбила ,

Йæ мад æмæ йæ фыдæн цумахъом ссис.

Нырма уал уæлыгæсæй, стæй та фийауæй æнæзивæгæй фæцыдис.

Стæй уæд йæ фыдимæ хуымгæнæнты,

Æмæ хосгæрдæнты галы куыст фæкодта.

Гæбила бацыдис усгур лæджы кармæ,

Бакастæй уыд рæсугъд лæг,

Бæрзонд æмæ бæзæрхыг, уыдис ын цъæх цæстытæ.

Гæбила йæхицæн æмкъайæнты ссардта

Дзомагъ Джыгкайты Белæйы,

Æмæ сын Мад Майрæм радта авд рæсугъд хъæбулы,

Номæй та сæ хонынц: Валодя, Хазби,

Бæбу, Æхсар, Мурат, Асиат æмæ Заирæ.

Гæбила æмæ Белæ сæ сывæллæтты цинæй фæллæйттæ скодтой.

Гæбила дæр йæ фыдау дæсны уыд æппæт хæххон куыстытæм.

Хъæубæсты æмæ-иу ын комбæсты

Хъуыстой йæ зæнджын ныхасмæ.

Уымæ гæсгæ Гæбилайы сæвзæрстой

Æмхъæлæсæй колхозы сæрдарæй.

Гæбила уыд адæмы æхсæн хъаруджын.

Дыууынæм азты Ирыстонмæ `рбабырстой гуырдзиаг лæгмартæ,

Æмæ Ирыстоны бирæ хъæу басыгътой.

Гæбила уæд райста йæ къухмæ хæцæнгарз,

Æмæ æрбадтис Габотæм, комæн йæ нарæджы.

Æмæ гуырдзыйы лæгмарты

Иугай-дыгай донмæ æвзылдта.

Хæххон лидзæг адæм Гæбилайæ стыр бузныг уыдысты.

Гæбила æмæ Белæйæн сæ хистæр фырт

Валодя æвзонгæй фæзиан,

Æмæ сæ зæрдæ фæрыстис сæ хъæбулы зианæй.

Гæбилайæн йæ дыккаг фырт Хазби,

Гыццылæй фæстæмæ цæрдæг уыд æппæт куыстытæм.

Уæлыгæсæй, стæй та фыйауæй фæцыдис æнæзивæг.

Хуымгæнæнты æмæ хосгæрдæнты

Йæ фыдимæ уæззау куыст кодта.

Хазбийæн йæ бакаст рæсугъд уыд,-

Бæрзонд æмæ æлвæст лæппу.

Хазби уыдис хæлар зæрдæ

Æмæ йæ хъæубæстæ иууылдæр уарзтой.

Фæлæ Хазбийæн нæ бантыст бирæ фæцæрын:

Райдыдта Стыр Фыдыбæстион хæст.

Æмæ Хазбимæ дæр æрсидтысты фронтмæ.

Хазби хъæбатырæй тох кодта

Мæскуыйы бахъахъхъæныныл немыцы ныхмæ,

Æмæ немыцæгтæй бирæты сугъты цагъд ныккодта,-

Фæлæ Хазби, мæгуыр, æвзонгæй

Йæхæдæг дæр карз тохы фæмард ис.

Хазбийæн йæ кæстæр æфсымæр Гæбилайы фырт Бæбу

Гыццылæй фæстæмæ куыстуарзаг лæппу уыд.

Уæлыгæс æмæ фыййауæй фæцыдис æнæзивæгæй,

Стæй уæд йæ фыдæн æххуыс кодта

Хуымгæнæ æмæ хосгæрдæн куыстыты.

Бакастæй уыд Бæбу сауцæст лæппу.

Бæбу бацыдис усгур лæджы кары,

Æмæ йæ фыд Гæбила ралыгъдис йæ бинонтимæ хохы Карцамæ.

Бæбуйæн уым æрхастой бинойнаг Хестанты Ленæйы.

Æмæ сын райгуырдис рæсугъд хъæбултæ:

Рита, Олег æмæ Руслан,

Æмæ йе `мкъаимæ хæларæй кодтой фæллæйттæ.

Фæлæ Бæбуйæн нæ бантыст бирæ фæцæрын,-

Æнæнхъæлæджы æвиппайды амард.

Бæбуйæн йæ кæстæр æфсымæр Гæбилайы фырт Æхсар,

Гыццылæй фæстæмæ йæ мад æмæ йæ фыдæн цумахъом фæцис.

Æхсар дæр йе `фсымæр Бæбуйау уæлыгæс æмæ фыйауæй фæцыдис.

Стæй та-иу уалдзæджы хуымгæнæнты

Къобор галты сæрбосæй хуымгæнæнты йæ фæстæ ласта.

Æхсар дæр йæ мад æмæ йæ фыдимæ,

Цардагур алыгъдис Цæгат Ирмæ.

Æхсар дæр бацыдис йæ лæджы кары,

Фæцис каст базарадон техникум,

Стæй та Плехановы номыл институт.

Ссардта йæхицæн æмкъайæн

Рæсугъд чызг Саламты Аллайы.

Æхсар хæларæй йе `мкъаимæ райдыдта горæты кусын,

Нырма уал хæрæндоны, стæй та заводы.

Æмæ йе `мкъаимæ сæ бæллиц фехъуыстис Хуыцаумæ,

Райгуырд сын хъæбултæ, хонынц сæ

Индирæ, Хъазбег, Фатимæ.

Ныртæккæ Æхсар æмæ йæ бинойнаг

Зæрдæрухсæй сæ сывæллæтты цинæй аразынц фæллæйттæ.

Æхсары æфсымæр Гæбилайæн йæ кæстæр фырт Мурат,

Гыццылæй фæстæмæ цæрдæг лæппу рацыдис,

Мурат дæр уæлыгæсæй фæцыдис,

Арæхстис æппæт хæххон куыстытæм дæр.

Гæбила æмæ Бела сæ фырттæй уыдысты зæрдæрухс,

Мурат дæр йæ мад æмæ йæ фыдимæ,

Цардагур рацыд Цæгат Ирмæ, Карцамæ,

Ныллæууыд ахуыры фæндагыл,

Æмæ горæты фæцис æнтысгæйæ

Дзæуæджыхъæуы финансон тæхникум,

Уый фæстæ та Паддзахадон университет.

Бацыдис йæ лæджы кары, бакастæй рæсугъд,

Зондæй та йæ фыдæй нæ лæууы фæстæдæр.

Мурат у уæздан æмæ хæларзæрдæ, адæм æй уарзынц,

Цæсгомджынæй фæкуыста Цæгат Иры

Паддзахадон фæдзæхстады  управленийы.

Мурат дæр йæхицæн æмкъай æркодта,

Рæсугъд чызг Мурашаты Риммæйы,

Æмæ сæ бæллиц фехъуыстис Хуыцаумæ —

Райгуырдис сын рæсугъд хъæбултæ:

Марат, Аслан æмæ Алан.

Мурат æмæ йе `мкъай хæларæй

Сæ сывæллæтты цинæй æмзæрдæйæ кусынц,

Æмæ буц сты Дзугаты мыггаг сæ рæсугъд цардæй.

Гæбилайæн йæ дыккаг бинойнаг Гугкаты Вединкæ у,

Райгуырдис сын дыууæ хъæбулы – Залинæ æмæ Знаур.

Æфсымæртæн сæ хотæ Асиат æмæ Заирæ

Гыццылæй фæстæмæ рæвдз уыдысты кусынмæ,

Сæ мады бæсты-иу хъуццытæ радыгътой,

Стæй та-иу куыроймæ ацыдысты.

Белæ буц уыдис йæ чызджы хъаруйæ,

Хъæубæсты дæр æй уарзтой йæ хъаруйы фæрцы.

Асиат дæр рацыд йæ мад æмæ йæ фыдимæ

Цардагур Цæгаты Карцайы хъæумæ.

Асиат у бакастæй рæсугъд чызг,

Нарæгастæу, ис ын цъæх цæстытæ.

Бацыдис чындздзон чызджы кары,

Æмæ смой кодта Къостайы хъæуккаг Хетæгкаты Хазбийæ,

Райгуырдис сын рæсугъд хъæбултæ.

Асиат æмæ йе `мкъай сæ сывæллæтты цинæй фæллæйттæ кодтой.

Фæлæ Асиаты æмкъай бирæ нæ фæцард.

Гæбилайæн æмæ Гугкианæн сæ чызг Залинæ

Моймæ фæцыдис Томайтæм.

Гæбилайæн йæ кæстæр æфсымæр, Дохцыхъойы фырт Федыр,

Чысылæй фæстæмæ йæ фыды фæндиаг куыстуарзаг уыдис.

Фыццаг уал фæцыдис уæлыгæсæй,

Стæй та уæд райста йæ къухмæ фыйауы лæдзæг.

Федыр арæхстджын уыдис æппæты куыстытæм,

Йæ мад æмæ йæ фыдæн, Дохцыхъо

Æмæ Нанайæн æххуыс, арæхстис

Дзоныгътæ, æфсондзтæ аразынмæ.

Ссис Федыр усгур лæг, бакастæй уыд астæуккаг,

Базыгджын, сау цæстытæ æмæ рихитæ.

Хъæубæсты æмæ комбæсты фæсивæдæй

Æгъдау æмæ хъаруйæ фæстæ нæ лæууыд.

Федыр бауарзта Æрхыбылы Плитæй рæсугъд чызг Уардойы.

Фæлæ йæ уарзон йæ къухты нæ бафтыд, Берозтæ йæ аскъæфтой.

Бæргæ ма-иу Федыр къуыригæйтты хъæды сæ разы фæбадтис.

Стæй Федырæн æмкъайаг æрхастой,

Дзомагъы Джыгкайты Сачинойы чызг Гатушайы.

Гатуша уыдис рæсугъд, нарæгастæу, стырцæст бæрзонд чызг,

Куыстмæ та уыдис Гатуша цæрдæг æмæ `нæзивæг.

Гатуша хъæубæсты устыты хсæн хицæн кодта æгъдауæй,

Федыр дæр стыр буц уыдис йе `мкъай Гатушайæ.

Æмæ сæ куывд фехъуыстис Хуыцаумæ,-

Райгуырдис сын æхсæз рæсугъд хъæбулы,

Номæй та сæ хонынц: Герас, Никъала,

Хъазыбег, Сослан, Феня æмæ Жора.

Федыр æмæ Гатуша сæ сывæллæтты цинæй

Хæхбæсты хуымгæнæн уыдаид, гъе хосгæрдæн,

Нæ рынцойæ куыстой.

Федырæй рæсугъд дæр цъери

Ничи амадта хъæубæсты.

Ныр сæ хъæбултæ куыд хистæрæй цумахъом фесты.

Федырæн йæ хистæр фырт Герас,

Райдыдта уæрыччыты æрдузты хизын.

Герас уыдис æнæзивæг, фыййау æмæ

Хъомгæсæй дæр бирæ фæцыдис.

Уалдзæг та-иу хуымгæнæнты

Æмæ хосгæрдæнты йæ фыдимæ бакуыста.

Уæззау уыдис адæмæн сæ куыст хæхбæсты,

Æмæ Федыр дæр йæ бинонтимæ

Цардагур алыгъдис Цæгат Ирмæ, Карцамæ.

Герас бацыдис усгур лæппуйы кары,

Фæцис æнтысгæйæ мидæггагон хъуыддæгты уæлдæр скъола,

Æмæ райдыдта кусын бæрнон бынæтты.

Куыста цæсгомджынæй Елхоты районы милицийы хистæрæй,

Хицауад ын йæ хорз куысты тыххæй радтой хорзæхтæ.

Бакастæй Герас у рæсугъд лæппу, онгджын, бæзæрхыг.

Герас ракуырдта рæсугъд чызджы,

Æмæ сын райгуырдис рæсугъд хъæбултæ,

Герас æмæ йе `мкъай сæ сывæллæтты цинæй

Хæлар æмæ æмзæрдæйæ кусынц,

Æмæ сæ бузныг сты мыггаг æмæ хиуæттæ.

Герасы кæстæр æфсымæр, Федыры фырт Никъала,

Гыццылæй фæстæмæ æмхиц уыдис куыстмæ.

Йе `фсымæрау уый дæр уæлыгæсæй фæцыдис,

Стæй та хызта сæ фосы дзугтæ,

Никъала дæр йæ фыдау арæхстджын уыд куыстмæ,

Федыр æмæ Гатуша зæрдæрухс уыдысты сæ фыртæй.

Никъала дæр йæ фыд æмæ йæ мадимæ,

Цардагур Цæгат Ирмæ Карцамæ алыгъдис,

Бацыдис усгур лæппуйы кары,

Бакастæй рæсугъд у, бæрзонд, æлвæст, сау цæстытæ,

Адæмы хсæн у уæздан æмæ æгъдауджын,

Зарынæй йыл ничи кæны уæлахиз.

Никъала дæр ракуырдта рæсугъд чызджы,

Æмæ сын райгуырдис рæсугъд хъæбултæ.

Никъала фæцис ахуыр æмæ кусы

Горæты хæдзарадон магазины хистæрæй.

Никъала æмæ йе `мкъай сæ сывæллæтты цинæй,

Æмзæрдæ æмæ хæларæй æхсæвæй бонæй кусынц.

Фæлæ нæ бантыст йе `мкъайæн бирæ фæцæрын,

Никъала баззадис йæ сывæллæттимæ иунæгæй.

Никъалайæн йæ хъару æмæ æгъдауæй буц сты мыггаг.

Никъалайæн йæ кæстæр æфсымæр, Федыры фырт Хъазбег,

Йæ мад æмæ йæ фыдæн цумахъом ссис.

Хъазбег уыдис зæрдæхæлар бакастæй, рæхснæг талабæласау,

Фæлæ Хъазбегæн нæ бантыст бирæ фæцæрын,

Æвзонгæй йæ уæззау низ бабын кодта.

Федырæн йæ кæстæр фырт Сосланбег,

Чысылæй фæстæмæ уыд сабыр æмæ куыстуарзаг,

Сосланбег дæр ралыгъдис йæ мад æмæ йæ фыдимæ,

Цардагур Цæгат Ирмæ, Карцамæ,

Æмæ дзы бæстонæй æрбынат кодта.

Сосланбег дæр бацыдис йæ лæджы кары,

Бакастæй рæсугъд у, бæрзонд æмæ æлвæст лæг,

Сосланбег у зæндджын æмæ æгъдауджын хъæубæсты `хсæн,

Æмæ йæ Карцайы сæвзæрстой æмхъæлæсæй хъæуы хицауæй.

Сосланбег æркодта йæхицæн бинойнагæн рæсугъд чызджы,

Æмæ сæ бæллиц фехъуыстис Хуыцаумæ,

Райгуырдис сын цалдæр хъæбултæ,

Сосланбег æмæ йе `мкъай æмзæрдæйæ

Кусынц сæ сывæллæтты цинæй.

Сосланбегæн йæ рæсугъд цардæй буц сты йæ мыггаг.

Федырæн йæ кæсдæр фырт Жора дæр

Кусаг уыдис æмæ Уырысмæ ацыдис.

Æфсымæртæн сæ кæстæр хо, Федыры чызг Феня,

Гыццылæй фæстæмæ цæрдæг уыдис хæдзарон куыстытæм,

Бакастæй у Феня нарæгастæу, бæрзонд чызг,

Феня смой кодта, фæлæ йе `мкъай бирæ нæ фæцард.

Феня у хъаруджын æмæ æгъдауджын сылгоймаг,

Дзугаты чызджытæн сæ хуыздæртæй иу.

Дохцыхъойæн æмæ Дзапаронæн уыдис æртæ рæсугъд чызджы,

Гæбила æмæ Федыры хотæ: Уардис, Лада æмæ Цъæхчызг.

Хъаруджын уыдысты хæххон куыстыты.

Уалдзæджы рувæнты, хуымгæнæнтæ æмæ

Ссивынты никæй уагътой сæ разæй,

Дохцыхъо æмæ Нана сæ уыдысты стыр буц.

Ныр бацыдысты чызджытæ чындздзон чызджы кары.

Хистæр чызг Уардис йæ амонд ссардта Челиаты,

Æмæ йын райгуырдис рæсугъд хъæбултæ:

Ефим, Къола, Серги, Садулла æмæ Иликъо.

Цъæхчызг та ацыдис моймæ Къахетмæ,

Æмæ йын райгуырдис хорз хъæбултæ.

Лада дæр йæ амонд ссардта.

Гæбилаты фыды номæй хуыдтой Ахотæ.

Гобийæн йæ кæстæр фырт Хосро,

Цæрдæг уыдис æмæ арæхстджын æппæтмæ дæр,

Уæлыгæс æмæ фыййауæй дæр бирæ фæцыдис,

Цæсгомæй уыд мыдгъуыз, йæ сау цæстытæ цæхæр калдтой,

Цæргæсау-иу бæрзонд хæхтыл æрзылдис цуаны,

Нæ йын ирвæзт хохы цъуппыл сычъи æмæ дзæбидыр.

Куы-иу ацыдис сæумæрайсом цуаны Хосро,

Уæд-иу бинонтæ йе `рцыдмæ сцæттæ кодтой агтæ.

Хосро дæр усгур лæджы кары бацыдис,

Æмæ ракуырдта рæсугъд чызджы,

Хосро йе `мкъаимæ райдыдта кусын,

Стæй уæд сæ бæллиц фехъуыстис Хуыцаумæ,

Райгуырдис сын рæсугъд хъæбултæ Иуанæ æмæ Алексии,-

Æххуысхъом фесты сæ мад æмæ сæ фыдæн.

Иуане æмæ Алекси сæ мад æмæ сæ фыдимæ,

Хæххон бæсты дæллаг галау фæкуыстой.

Иуанейæн райгуырдис рæсугъд хъæбул Тимофей,

Тимофей дæр æппæт куыстытæм рæвдз уыдис.

Йæ фыдимæ-иу хуым кæнынмæ æмæ хос кæрдынмæ фæраст ис,

Тимофей дæр усгур лæджы кары бацыдис,

Æмæ йæхицæн ссардта рæсугъд æмкъай.

Тимофей æмæ йæ бинойнаг зæрдæбынæй

Фæллой кæнын сæхицæн райдыдтой,

Æмæ сæ бæллиц сæххæст ис, райгуырдис сын рæсугъд хъæбултæ.

Зауыр йæ фыдæн цумахъом фæцис,

Йæ фыд æмæ дзы йæ мад сæрыстыр уыдысты.

Зауыр у бакастæй рæсугъд лæг,

Онгджын æмæ бæзæрхыг, йæ цæсгом та саулагъз.

Зауыр дæр йæхицæн æркодта

Бинойнагæн рæсугъд чызджы,

Æмæ сын райгуырдис хъæбултæ.

Хосройæн йæ кæстæр фырт Алыкси,

Уыдис куыстуарзаг, йе `фсымæр Иуанеимæ-иу,

Хуымгæнæнты æмæ хосгæрдæнты

Æз лæгдæрæй ерысæй фæкуыстой.

Алекси дæр усгур лæджы кары бацыдис,

Æмæ æркодта йæхицæн бинойнаг,

Æмзæрдæйæ сæхицæн райдыдтой кусын Къахеты.,

Æмæ сын райгуырдис сывæллæттæ.

Гобийы дыууæ чызджы, æфсымæрты хотæ, Лело æмæ Зекал,

Чысылæй фæстæмæ артау рæвдз уыдысты куыстмæ,-

Рувынмæ, донхæссынмæ, æссивынмæ,

Никæй уагътой хъæубæсты сæ разæй.

Æфсымæртæ стыр бузныг уыдысты сæ хъаруджын хотæй.

Лело æмæ Зекалæн сæ хорз ном хъуыст уыдис дардыл.

Æмæ сæ амонд ссардтой: Зекал – Плитæм, Къæзуат хъæуы

Йæхицæн æмкъайæн сæвзæрста Бедзейы,

Æмæ сын райгуырдис сахъ фырттæ:

Никъо, Негор, Габе, Сачион æмæ Буду;

Лело та моймæ ацыдис Саджджын къуырфмæ

Æмæ йын райгуырдис рæсугъд сывæллæттæ –

Пацо, Гариго, Зурап, Гиго æмæ Лезинкæ.

Заза уыдис Гобийы фырттæн сæ кæсдæр.

Заза йæ фыдимæ чысылæй фæстмæ,

Зымæгæй, уалдзæгæй, сæрдæй, фæззæгæй галы куыст кодта,

Дзугаты къуылдымыл æнæзивæгæй,

Бонæй-бонмæ, азæй-азмæ егъаудæр кодта,

Æмæ бацыдис йæ лæджы кары,

Дæсны уыд хуым кæнынмæ,

Хос кæрдынмæ, гъе та хос ласынмæ,

Нырдæр ма йын йæ хуымтæ фæхонынц «Зазайы хуымтæ».

Бакастæй та уыдис æлвæст æмæ саулагъз,

Цухъхъа, куырæт æмæ хъама уыдысты йæ фидыц.

Йæ дзырдæн ын аргъ кодтой хъæубæсты, комбæсты,

Йæ фыд Беса æмæ йæ мад дзы зæрдæрухс уыдысты,

Æмæ йын бинойнаг æрхастой Туалгомæй рæсугъд чызг Сидейы.

Сидеимæ æмдыхæй фæллæйттæ скодтой,

Æрмæстдæр сæ куывд æмæ сæ бæллицц уыд Хуыцаумæ,

Цæмæй сын райгуыра рæсугъд хъæбултæ,

Æмæ сын фыццаг хъæбул райгуырдис,-

Йæ ном та йын схуыдтой Иуане,

Стæй та сын райгуырдис дыккаг хъæбул,

Æмæ йæ схуыдтой Беса, фæлæ йын нæ бантыст фæцæрын,

Æмæ дзæнæтмæ афардæг чысылæй.

Заза баззадис йæ фыртимæ – Иуанеимæ.

Заза уæд загъта йæ фыртæн:

«Хæхбæсты зынцæрæн у дарддæр», —

Æмæ иу райсом йæ хъал бæхыл сбадтис,

Æмæ быдырмæ ацыдис зæххагур.

Фыццаг уал бахаудта Джеры хъæумæ,

Æмæ йæ зæрдæмæ фæцыдис æрцæрынмæ.

Стæй уæд ралыгъдис Дзомагъæй

Йæ фырт æмæ йе’ мкъайимæ Джеры хъæумæ.

Джеры хъæуы та Заза райдыдта фæллæйттæ кæнын,

Иуане дæр бацыдис йæ лæджы кары,

Куыст уарзта, дæсны уыд æппæты куыстытæм.

Иуане уыд бакастæй бæрзонд æмæ рæсугъд лæг,

Æмкъай йын æрхастой Джераг чызг Æлборты Зæринæйы.

Заза уым, Джеры, кадджынæй зæронды бонмæ фæцарди,

Стæй уæд йæ адзал æрцыдис æмæ афардæг дзæнæтмæ.

Йæ фырт Иуане йын стыр хист скодта,

Æрцыдысты Зазайæн йæ райгуырæн хъæуæй

Дзугатæ лæгæвзæрстæй зианмæ,

Афтæ ма бирæ адæм æрцыдысты Джеры комæй.

Зазайы кадимæ бавæрдтой Джеры хъæуы уæлмæрдты.

Иуане хисты адæмæн стыр æгъдау скодта,

Семæ сын фæндаггæгтæн хисты хæйттæ нывæртта,

Йæ фыд Зазайæн та сарæзта дойнаг дурæй рæсугъд цырт.

Стæй уæд Иуане йе ‘мкъайимæ сфæнд кодта

Джеры хъæуæй фæлидзын быдырмæ.

Æмæ алыгъдис Тыфылисы цур Диди Лилойы хъæумæ.

Диди Лилойы дæр та Иуане райдыдта кусын уæхскуæзæй,

Сæйрагдæр йæ куыст уыд сæнæфсир скæнын,

Æмæ сæн аразыны хъуыддаг.

Йе ‘мкъайимæ сæ бæллиц уыдис Хуыцаумæ,

Цæмæй сын радтаид хъæбултæ,

Æмæ сын райгуырдис дыууæ рæсугъд хъæбулы –

Хистæры схуыдтой Бесо, кæсдæры та – Георгий.

Бесо æмæ Георгий гыццылæй фæстæмæ

Æххуыс кодтой сæ фыдæн.

Бесо уыд саулагъз цыбыр лæг,

Георгий та уыдис æлвæст æмæ бæрзонд лæг.

Бесойы амыдта дзабыр хуыйын Миша.

Бесойæн йæ кæсдæр æфсымæр Георгий

Сарæзта йæхицæн хæрæндон,

Æмæ дзы адæмæн зæрдиагæй

Цæхджын хойраг лæвæртта.

Фæлæ Георгийæн нæ бантыстис фæцæрын:

Фыдгæнджытæ йæ амардтой, ахуыссыд йе ‘взонг уд.

Бесо бирæ фæмаст кодта йе ‘фсымæры мардыл,

Æмæ Диди Лиломæ ацыдис куыстагур.

Уый фæстæ та Бесо бацыдис кусынмæ

Тыфылисы Адельхановы фабрикæмæ.

Стæй Бесо рацыдис Гурмæ,

Бакодта йæхицæн Гуры дзабырхуыйæн.

Йæ дзабырхуыйæнмæ райста цалдæр лæджы

Æмæ Бесойæн йæ куыст цыди тынг хорз, пайда дзы кодта.

Æмкъайæн æрхаста æхсæрдæсæм аздзыд Геладзе Кекейы.

Бесо æмæ Кеке кæрæдзиимæ адджынæй цардысты.

Æмæ сæ фæндыдис, цæмæй сын уа хъæбултæ.

Сæ фыццаг сывæллон Михаил амардис гыццылæй.

Дыккаг сывæллоны та схуыдтой Георгий, — уый дæр амардис.

Бесо æмæ Кекейæн се ‘ртыккаг сывæллон Йосеф (Сосо)

Райдыдта рæзын, фæлæ гыццылæй мæллæг уыд,

Арæх-иу кодта рынчынтæ, уæлдайдæр та – фадынæгæй.

Бесо ‘мæ Кеке Гуры сæ царды бонтæ ‘рвыстой,

Хъомыл кодтой сæ фырты Сосойы.

Иосеф (Сосо) райдыдта ахуыр кæнын

Гуры дины скъолайы фыццаг къласы.

Сосо ахуыркæнынмæ уыдис рæвдз,

Бирæ уарзта алыгъуызон чингуытæ кæсын,

Æмæ Гуры динон скъола иста хорз нысæнттæ.

Фæлæ Иосеф йе ‘мбæлттимæ абаргæйæ мæгуырдæр уыдис,

Æмæ йæ дины скъолайæ рахицæн кодтой,

Фæлæ цалдæр рæстæджы фæстæ-иу райстой фæстæмæ.

Дины скъолайы дæс ахуыргæнинæгимæ сарæзта къорд,

Иосеф сын уагъта къухæй фыст журнал.

Дины скъола куы фæцис Иосеф,

Уæд ныллæууыдис революцион фæндагыл.

Фараст хатты æрцыдис ахст,

Бадтис Бако æмæ Тыфылисы ахæстæтты

Æмæ цалдæр хатт та лидзгæ ракодта.

Уый фæстæ Иосеф баиу ис Уæрæсейы революционертимæ,

Базонгæ ис Ленинимæ, æмæ активон хайад иста

Октябры революцийы фæуæлахизы хъуыддаджы.

Афтæ-ма активон хайад иста Мидхæсты.

Иосефы фæсномыгæй схуыдтой Сталин.

Сталин – уый нысан кæны, æмæ у дойнаг дурау фидар.

Ленин куы фæзиан ис, уæд Сталин бахызтис йæ бынатмæ,

Æмæ райдыдта къухдариуæг кæнын

Коммунистон партийыл æмæ Советон Хицауадыл.

Сталины къухдариуæгады руаджы

Советон Цæдис бацахста дунейы стыр бынат.

Сталины къухдариуæгады руаджы

Советон Цæдис фæуæлахиз Стыр Фыдыбæстон хæсты.

Сталинæн йæ фыццаг бинойнаг уыдис

Гуырдзиаг чызг Екатерина, Сванидзе,

Æмæ сын райгуырдис лæппу, схуыдтой йæ Яков.

Сталины фырт Яков йæхи хорзæй равдыста

Стыр Фыдыбæстæйы хæсты,

Фæлæ уацары бахаудта немыцмæ, æмæ уым фæмардис.

Сталинæн та йæ дыккаг бинойнаг уыдис

Уырыссаг чызг Аллилуева,

Æмæ сын райгуырдис чызг æмæ лæппу,

Номæй та сæ схуыдтой Васили æмæ Светланæ.

Васили дæр Фыдыбæстæйы хæсты

Йæхи равдыста хорзæй, ссис уæлдæфон тыхты инæлар.

Сталин фæзиан ис марты, 1953 азы.

Йæ мардмæ ‘рцыдысты ‘ппæт дунейы

Равзаргæдæр лæгтæ, æмæ йæ фыццаг бавæрдтой

Ленины фарсмæ, стæй уый фæстæ

Ныгæд æрцыдис Кремлы Мавзолейы цур.

Йæ ном дунейы адæмты ‘хсæн баззайдзæн æнусмæ.

Мæ кадæг фæдæн ныр Дзугаты мыггагыл,

Фæлæ ирон адæммæ ис бирæ намысджын мыггæгтæ.

Кæцытæ равзæрдысты иууылдæр иу бæласы уидагæй.

Ирон мыггæгты равзæрды истори у дæргъвæтин.

Цалдæр сæдæ азмæ ахизынц мыггæгты райгуырæн бонтæ.

Зынгæ ахуыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй,

Ирон адæмы истори нымæц у цалдæр мин аз.

Стыр Хуыцау нын амонд радтæд,

Æмæ  ирон адæмы мыггæгтæ цæрой æмæ фылдæр кæной.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *