Просмотры 923
Джыгкайты Шамил
Джыгкайты Шамил.

Хур боны арвы гæрахау, Ирыстоныл сæмбæлд уæззау цæф — ирон дзырдаивад, нывæфтыд литературæ æмæ литературæзонадыл тугдзых лæгмары къухæй æрцыдис стыр зиан. 2011-æм азы зæрдæвæрæны мæйы 26-æм бон не ‘хсæнæй 71-аздзыдæй фæхъуыд ирон адæмы ныфс, Ирыстоны астæуцæджындзтæй иу — зынгæ ирон поэт, прозаик, драматург, критик æмæ литературæиртасæг, дæсгай зынгæ чингуыты автор Джыккайты Шамил. 
Джыккайты Федры фырт Шамил райгуырд 1940-æм азы æртхъирæны мæйы 25-æм бон Хуссар Ирыстоны Дзомагъы. 1952-æм азы фæззæджы йæ ныййарджытæ алыгъдысты Цæгат Ирыстоны Камбилеевкæйы хъæумæ æмæ астæуккаг скъола каст фæцис уым  1958-æм азы. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультеты æмæ йæ каст фæцис æнтысгæйæ. Куыста Цæгат Ирыстоны радиойы редакторæй. 65-68-æм азты ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны зонад-иртасæн институты аспирантурæйы. 1970-æм азы бахъахъхъæдта кандидатон диссертаци æмæ уæдæй фæстæмæ куыста фыццаг Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты, стæй университеты ирон филологийы кафедрæйы; ссис профессор; дæсгай азты уыд ирон литературæйы, стæй та ирон литературон сфæлдыстады кафедрæйы сæргълæууæг æмæ ирон филологийы деканаты декан.
Шамил æвзонг фæсивæдæн æрмæст лекцитæ нæ каст ирон литературæйæ, фæлæ æппынæдзух уыдис сæ уарзон хъомылгæнæг, зондамонæг æмæ хистæр æмбал. Алы хатт дæр æм цыдысты зондджын уынаффæ, царды раст фæндаг дзы базоныны тыххæй.
Уæддæр Шамил, цыфæнды куысты ма лæууыдаид, алы ран дæр сæйраджы-сæйраг уыдис поэт æмæ уыцы стыр ном хаста æлвæст æхсаргарды хуызæнæй, дæлæмæ йæ никуы ницæмæй æруагъта, кæд фыдадæймæгты къухæй йæ адзал ссардта, уæддæр.
Джыккайты Шамил ирон поэзимæ куы æрбацыд, 62-æм азы йе ‘мдзæвгæтæ æвзонг авторты чиныг «Бонвæрнон»-ы куы ныммыхуыр сты, уæд нырма студент уыд, фæлæ поэзиуарзджыты цæстæнгас аздæхта йæхимæ. Йæ бæрзонд романтикон хъæлæс уайтагъд анæрыд æмæ йын иу чиныгæй иннæмæ кодта тыхджынæй-тыхджындæр. Уæлдайдæр, 1964-æм азы йæ фыццаг поэтикон æмбырдгонд «Æфсарм» рухс куы федта, уæд хæлæггæнджытæй дарддæр ничи уал дызæрдыг кодта, нæ поэзимæ кæй æрбацыд стыр курдиатджын фыссæг. Йæ чиныг «Цæф сæгуыты маст»-ы тыххæй йыл кæд уыцы хæлæггæнджытæ бирæ цъыф фæкалдтой, уæддæр ын сæ бон ницы баци. Уый ирон поэзийы уыдис ног фæзынгæ стъалыйы хуызæн. Æмæ йæ поэтикон æмбырдгæндтæй кæцы нæ уыдис ахæм: «Амраны зæрдæ», «Сагъадахъ», «Æхсæвы æртытæ», «Саст дзæнгæрæг», «Намыс».
Шамил æппынæдзух куыста йæ поэтикон дæсныйадыл. Ирон æмæ йын дунеон поэзийы хуыздæр минæвæртты сфæлдыстад уыдис литературон скъола æмæ сæ æппынæдзух фылдæр кодта йæ зонынæдтæ.  
Поэт тырныдта йæ уацмысты хъайтарты удыхъæд вазыгджын историон æмæ психологон уавæрты æвдисынмæ æмæ уый йæ къухы æфтгæ дæр кодта. Уыцы хъуыддаг уæлдай ирддæрæй разынд йæ монолог «Дауыт Сосланы хъынцъым», йæ кадджытæ «Мад», «Нывгæнæджы мæлæт», «Намыс», «Иры стыр хъарæг», пьесæтæ «Хъодыгонд зæд», «Цомахъ» æмæ æндæр уацмысты. Уымæн ссис адæмон поэт æмæ паддзахадон премийы лауреат.
Джыккайы-фырты хъæздыг бынты ирдæй зыны, кæй уыдис Ирыстоны сæрыл хъæбатыр тохгæнæг, йæхицæн кæй никуы лæвæрдта æнцой, кæд-иу бирæ хæттыты йæ удæн уыдис тас æмæ-иу сау лæты аххосæй тæрхондæтты йæ рæстдзинад бæлвырд кæныны сæр бахъуыд, уæддæр. Джыккайты Шамил уыд поэт æмæ акодта поэты мард. Нырмæ кæд не ‘хсæн цард, уæд ныр ссис сыгъдæг уд æмæ йæ адæм, йæ Ирыстоны хъахъхъæндзæн уæларвæй.

Рухсаг у.                      

Республикæ Хуссар Ирыстоны
Фысджыты цæдис.

РОКСАЛАН
ХУЫЗДÆР  БОН  НÆ  УЫДИС
     Джыккайты Шамилæн

Æрцæудзæн, мæ кæстæр, рæстæг,
Тæрсдзысты дæ ‘рвад уа, хæстæг…
       Хуыздæр бон нæ уыдис мæныл дæр.
Рæстдзинад чи агуры ‘дзух,
Фæисынц нæм ууыл сæ къух…
       Хуыздæр бон нæ уыдис мæныл дæр.
       Зын вæййы мæлын дæр.

Ныззилдзæн дæ хæнт сæрмæ арв,
Зæхх хаудзæн дæ къæхты бын арф…
       Хуыздæр бон нæ уыдис мæныл дæр.
Дæ цæфтыл дыууæ къухæй хæц,
Дæ ристыл уыргхæлдæй дæр хъæц…
       Хуыздæр бон нæ уыдис мæныл дæр.
       Зын вæййы мæлын дæр.

Дæ къæсы дæм нал хаудзæн бар:
«Истори сындзæхгæдæй дар!..»
       Хуыздæр бон нæ уыдис мæныл дæр.
Дæ хъæстæ дын мардзæн дæ уд,
Дæхиуыл, дам, мидбылты худ…
       Хуыздæр бон нæ уыдис мæныл дæр.
       Зын вæййы мæлын дæр.

Ныббогъ кæны йе ‘взагыл стур,
Ды, дам ыл ныффæлдах цъæх дур…
       Хуыздæр бон нæ уыдис мæныл дæр.
Æвзиддзæн дæм уæлбылæй тъуз:
«Дæхи къухæй де стæг нырдуз!..»
       Хуыздæр бон нæ уыдис мæныл дæр.
       Зын вæййы мæлын дæр.

Нæ уадзай кæд цъыфмæ дæ сæр,
Æвзиддзæн дæм ахсты къæсæр…
       Хуыздæр бон нæ уыдис мæныл дæр.
Хæрдзæнис дæ нацийы сыст,
Уæддæр та-иу, фениксау, сыст…
       Хуыздæр бон нæ уыдис мæныл дæр.
       Зын вæййы мæлын дæр.

Кæд разынай ахæм æцæг,
Нæ дæм хаудзæн цардæй ыстæг…
       Хуыздæр бон нæ уыдис мæныл дæр.
Уæддæр-иу æхцонæй нырриз,
Дæхи дæр дæ сыкъатыл сис,
       Кæн ахуыр мæныл –
       Лæг зоны мæлын!   

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *