Хъодалаты Герсан
Просмотры 475

ЦАРДВИДÆН 

Цардвидæн æрлæууыди нæ дуджы.

Алчидæр æй банкъардта дзæбæх.

Цины къада базмæлыд нæ туджы,

Нал хъæрзы, цæф домбайау, нæ зæхх.

Не ‘хсæвтæ æнцад-æнцойæ ‘рвитæм,

Арæнтæ фыдуаг сыхæгтæй – хызт.

Сусæг-æргом ивгъуыд боны ‘лгъитæм,

Зæрдæ-иу кæй фыдæхæй фæрыст.

Нал кæнæм æмхасæнтæ нæ къухтæм,

Хъуамæ лæг йæ зæрдæйыл хæца.

Бур фиутæ парахат кæд нæ тухæм,

Гъе, уæддæр фæрогдæр ис нæ цард.

Ис нын рухс, нæ цæст нын тар нæ къахы,

Ис нын газ, цы йыл ысфыцæм – ис.

Раг фыдæл цæмæй лæууыд йæ къахыл, –

Уымæй хайджын дард кæстæр фæцис.

Ис нын дон – цæссыгау рæсуг, уазал,

Кæфхъуындар дзы нал кæны фынæй.

Искæй нæ куы фæцæйбырсы й ‘адзал, –

Уымæй йын дæсныдæр дохтыр нæй.

Цух нæ зайæм пумпуси кæрдзынæй,

Уадзæм ма дзы хатт арахъхъ дæр – карз.

Тагъд, мæ лымæн, ды хуым дæр кæрддзынæ,

Науæд сызгæ рагон кусæнгарз.

Халсар, дыргъ, картоф, цъæхыгтæ – басæн,

Уадиссаг сæ ничи кæны хъаст,

Фæлæ сæ фæсхох бæстæй кæй ласæм,

Уый мæм абон худинаг æркаст.

Магазинтæ – хæрх æмæ сæ мидæг

Маргъы ‘хсыр, хæйрæджы цæст дæр ис.

Раст у, мах сыл туджы аргъ кæй фидæм,

Фæлæ уый – æппæтадæмон рис.

Импортон хæдтулгæтæй нæ горæт

Байдзаг, уынгты азмæлæнтæ – нал.

Ныр йæхи куыдфæнды мæгуыр хонæд –

Рацыд размæ зноны пырх Цхинвал.

Æтт, ирон Лæг, ды сæ фæдон – Нартæн,

Уартвидар кæмæн басгуыхт йæ риу,

Раргæвд ма дæ кусæрттæгты нарддæр

Æмæ ракæн цонгæвзарæн зиу!

Афтæ, гъе! Хуыздæр хæзна фыдæлтæй

Нын нæ баззад æмæ йыл хъæцæм.

Ныр куыд цæрынц адæмты фылдæртæ,

Афтæ – мах дæр, агурæм, хæцæм…

Нал ыстæм, æвæгæсæгау, сайраг,

Стыр Уырыс – нæ сæрхъызой, фæрныг.

Гъехх, уæддæр нæ фарстатæн сæ сæйраг

Уал азы нæма æрцыдис лыг:

Раздæрау – дыууæ дихы Ирыстон,

Хъаматау йæ риуы хæхтæ – сагъд.

‘Вдадзы хос нæма зыны йæ рыстæн,

Ничи кæны йе ссарыныл тагъд.

Æмæ уый мæныл æндавы афтæ –

Уадиссаг мын цард нæ кæны ад.

Дзæлгъæды сыгъзæрин рæстæг сафæм,

Фарст æргъæвын кæд нæ хъæуы дард?

Иу хабар нæ зæрдыл рагæй дарæм:

Хъуамæ суой Цæгат ‘мæ Хуссар иу.

Уæд нæ удтæ фервæздзысты тарæй,

Цины рухсæй байдзаг уыдзæн риу.

Æмæ сидын æз дæумæ, мæ лымæн,

Цардивæныл нæй æууæнк, уый зон.

«Абон лæг цы нæ сараза, уымæн

Ахæм рæстæг нал уыдзæни сом».

23–24/VII – 2016

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *