Просмотры 110
Кæдмæ уыдзæн дыууæ дихы Ирыстон?
Кæдмæ цæрæм æгомыгæй, куырмæй?!
Æнæ иудзинад не стæм мах нымады,
Æнæ кæрæдзи махæн сомбон нæй!
Нæхицæй цæуы хорз дæр æмæ ʹвзæр дæр,
Нæхицæн мах цæуылнæ кæнæм аргъ?
Нæ хъысмæтыл цæмæннæ дзурæм иумæ?
Кæд базмæлдзæн нæ иудзинады цалх?
Галуанты Людæ